Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 СӔР

Тох кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕм

Тох кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕм

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куыд тох кӕнынц, цӕмӕй сӕ регистраци скӕной ӕмӕ сӕ бон уа сӕ цард Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ аразын, ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы Чырысти куыд ӕххуыс кӕны

1, 2. а) Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрибарӕй лӕггад кӕныныл тох кӕнын цӕмӕн бахъӕуы?

 ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ дӕлбар цӕрӕгыл нымад дӕ? Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕ, уӕд уый афтӕ у. Фӕлӕ, йӕ дӕлбар кӕй дӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Нӕдӕр паспортӕй, нӕдӕр ӕндӕр документӕй. Уый бӕрӕг у, Йегъовӕ Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уымӕй. Ӕмӕ нӕ лӕггадмӕ та, цӕуыл ӕууӕндӕм, ӕрмӕст уый нӕ хауы. Уымӕ хауы, цы аразӕм, уый дӕр, ома Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый. Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр, зӕгъӕм, нӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнӕм ӕмӕ ма суанг, нӕхи куыд ӕмӕ цавӕр хостӕй дзӕбӕх кӕндзыстӕм, уымӕй дӕр.

2 Фӕлӕ хатт ацы дунейы ницӕмӕ фӕдарынц, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй стӕм ӕмӕ нӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уый. Иуӕй-иу хицауӕдтӕ нӕ фӕхъыгдарынц Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын кӕнӕ фӕархайынц, цӕмӕй нын нӕ организаци бынтондӕр сӕхгӕной. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты тӕрхондӕтты тох кӕнын бахъӕуы, сӕ Паддзах Йесо Чырыстийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрыны бар сын кӕй ис, ууыл. Фӕлӕ нӕм уый диссаг нӕ кӕсы. Йегъовӕйы адӕмы-иу раджы заманты дӕр арӕх бахъуыди тох кӕнын, цӕмӕй йын сӕрибарӕй лӕггад кодтаиккой.

3. Есфиры рӕстӕджы Хуыцауы адӕмы цӕуыл хъуыди тох кӕнын?

3 Зӕгъӕм, Есфиры рӕстӕджы Хуыцауы адӕмы бахъуыди сӕ цард бахъахъхъӕныныл тох кӕнын. Персы паддзахады дыккаг лӕг, ӕнаккаг Аман, паддзах Ахашверошӕн бауынаффӕ кодта, цӕмӕй, йӕ дӕлбар бӕстӕты цыдӕриддӕр дзуттӕгтӕ цард, уыдоны ныццагътаид. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, дам, «сӕ закъӕттӕ иннӕ адӕмты закъӕтты хуызӕн не сты» (Есф. 3:8, 9, 13). Цымӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныууагъта? Есфир ӕмӕ Мардохей Персы паддзахӕй ӕххуыс куы ракуырдтой, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы бахъахъхъӕдтаид, уӕд сын Йегъовӕ раарфӕ кодта (Есф. 9:20–22).

4. Ацы сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Цы зӕгъӕн ис абон та? 14-ӕм сӕрӕй базыдтам, иуӕй-иу хатт хицӕуттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц. Ацы сӕры аныхас кӕндзыстӕм, иуӕй-иу хицауӕдтӕ нӕ куыд фӕхъыгдарынц Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын, ууыл. Ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ: 1) ис нын бар, цӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ организацийыл нымад уӕм ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, куыд нӕ фӕнды, афтӕ; 2) ис нын бар, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, дохтыртӕ нӕ куыд дзӕбӕх кӕндзысты, уый ӕмӕ 3) ныййарджытӕн ис бар, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ хъомыл кӕной. Мах базондзыстӕм, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ бартыл хъӕбатырӕй куыд тох кӕнынц ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд арфӕ кӕны, уый тыххӕй.

Тох кӕнӕм нӕ бартӕ закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕныныл

5. Регистрацийы фӕрцы нӕ бон цы вӕййы аразын?

5 Цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ зӕххон хицауӕдты регистраци хъӕуы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Фӕлӕ нын уый фӕрцы ӕнцондӕр вӕййы нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтӕ аразын, зӕгъӕм, Паддзахады залты ӕмӕ Конгрессты залты сӕрибарӕй ӕмбырд кӕнын, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыр кӕнын ӕмӕ йӕ иу бӕстӕйӕ иннӕмӕ ӕрвитын, стӕй хорз хабар адӕмӕн ӕнӕкъуылымпыйӕ хъусын кӕнын. Бирӕ бӕстӕты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ис регистраци ӕмӕ сӕ бон у, регистраци ма ноджыдӕр цы динтӕн ис, уыдонау сӕрибарӕй архайын. Фӕлӕ нӕ регистраци куы нӕ фӕкӕнынц кӕнӕ нын нӕ бартӕ байсынмӕ куы фӕхъавынц, уӕд та куыд бакӕнӕм?

6. 1940-ӕм азты райдианы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Австралийы цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?

6 Австрали. Хӕстмӕ кӕй нӕ цӕуӕм, уый тыххӕй нын 1940-ӕм азты райдианы Австралийы инӕлар-губернатор нӕ дин банымадта сӕ бӕстӕйӕн «тӕссаг» диныл. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕхгӕдтой. Нал дӕр сын иумӕ ӕмбырд кӕныны бар уыди, нал дӕр – хъусын кӕныны бар. Уымӕй уӕлдай ма, Вефилы цыдӕриддӕр куыст цыди, уый дӕр ӕрлӕууын кодтой, нӕ Паддзахады залтӕ та нын байстой. Адӕймагмӕ нӕ литературӕ уыдаид, уый бар дӕр нӕ уыд. Австралийы не ’фсымӕртӕ цалдӕр азы сӕ куыст кодтой сусӕгӕй. Ӕппынфӕстаг сын 1943 азы 14 июны Австралийы Сӕйраг тӕрхондон ногӕй сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар радта.

7, 8. Уӕрӕсейы не ’фсымӕртӕ бирӕ азты дӕргъы куыд тох кодтой, Хуыцауӕн сын сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар кӕй ис, ууыл?

7 Уӕрӕсе. Советон хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ азты дӕргъы сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар нӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ сӕ кӕдӕй-уӕдӕй 1991 азы регистраци скодтой. Советон Цӕдис куы нал уыди, уӕд сын регистраци скодтой Уӕрӕсейы Федерацийы дӕр – уый уыди 1992 азы. Фӕлӕ, цыбыр рӕстӕгмӕ тынг бирӕ адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй систы, уый уынгӕйӕ не знӕгтӕ мӕстӕй фыхтысты. Уӕлдайдӕр сӕхицӕн ӕнцой нал ардтой, Уырыссаг православон аргъуанимӕ баст чи уыд, уыдон. 1995 азӕй 1998 азмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фондз хатты хъаст бахастой, фыдгӕнджытӕ сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ прокурор иу хатт дӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ не ссардта, аххосджын кӕй сты, уымӕн. Ӕмӕ уӕд 1998 азы не знӕгтӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй не ’фсымӕртыл хъаст бахӕссой адӕмы номӕй – милицӕйы номӕй нӕ, фӕлӕ. Райдианы тӕрхондон уынаффӕ рахаста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ аххосджын не сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ не знӕгтӕ уыцы уынаффӕимӕ не сразы сты, ӕмӕ 2001 азы майы тӕрхондоны фыццаг уынаффӕ ивд ӕрцыд. Хъуыддаг ногӕй ӕвзарын райдыдтой уыцы аз октябры. Ӕмӕ 2004 азы тӕрхондон уынаффӕ рахаста, зӕгъгӕ, Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты регистраци йӕ тыхы нал ис, ӕмӕ ӕхгӕд ӕрцыдысты.

8 Ӕмӕ уӕд не ’фсымӕрты фӕдыл зилын райдыдтой. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:12.) Ӕфхӕрдтой сӕ ӕмӕ-иу сӕм къухӕй дӕр бавнӕлдтой. Сӕ литературӕ-иу сын байстой. Тынг зын сын уыди фембӕлдтӕн бынӕттӕ баххуырсын ӕмӕ Паддзахады залтӕ аразын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕнцон нӕ уыди ахӕм уавӕрты лӕггад кӕнын. 2001 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъаст балӕвӕрдтой Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ. 2004 азы та уыцы хъуыддагмӕ ноджы фылдӕр ӕрмӕг бафтыдтой. 2010 азы Европӕйы тӕрхондон уынаффӕ рахаста. Тӕрхонгӕнджытӕ бӕлвырдӕй федтой, Уӕрӕсейы ӕндӕр динтӕн кӕй нӕ быхсынц ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уый тыххӕй кӕй сӕхгӕдтой. Ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ, нӕ бон нӕу, цӕмӕй Уӕрӕсейы тӕрхондӕтты уынаффӕтимӕ сразы уӕм, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ аххосджын кӕй сты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Европӕйы тӕрхондон ма ноджыдӕр загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уый тыххӕй кӕй сӕхгӕдтой, цӕмӕй сын байсой, закъонмӕ гӕсгӕ сын цы бартӕ ис, уыдон. Афтӕмӕй уыцы тӕрхондон бахъахъхъӕдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартӕ, ома сын уый бар кӕй ис, цӕмӕй хӕст уой, цавӕр диныл сӕ фӕнды, ууыл. Кӕд Уӕрӕсейы хицӕуттӕй алчи Европӕйы тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ райдыдта архайын, уӕддӕр ахӕм уӕлахизты фӕрцы уыцы бӕстӕйы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыд.

Титос Мануссакис (кӕс 9 абзац)

9–11. а) Грецийы Йегъовӕйы адӕм куыд тох кодтой, иумӕ ӕмбырд кӕныны бар сын кӕй ис, ууыл? ӕ) Уыцы тохы сӕ къухы цы бафтыд?

9 Греци. 1983 азы ӕфсымӕр Титос Мануссакис Криты сакъадахыл горӕт Ираклионы иу уат баххуырста, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты гыццыл къорд уым ӕмбырд кодтаид (Дзут. 10:24, 25). Фӕлӕ сыл уый тыххӕй иу цасдӕры фӕстӕ православон сауджын пъӕлицӕмӕ бахъаст кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, дам, сӕ ахуырӕдтӕ православон аргъуаны ахуырӕдтӕй тынг хицӕн кӕнынц. Уыйадыл Титос Мануссакисы ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕртӕ ӕфсымӕры фыдракӕнды фӕаххосджын кодтой. Фӕивар сӕ кодтой, стӕй сын дыууӕ мӕйы радтой. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ, Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уыцы уынаффӕимӕ не сразы сты, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстой, афтӕмӕй сын сӕ бартӕ кӕй ныссӕстой, ома сын Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар кӕй ис, уый. Ӕмӕ хъаст балӕвӕрдтой бӕстӕйы иу тӕрхондонмӕ, стӕй – иннӕмӕ, ӕмӕ фӕстагмӕ та – Европӕйы тӕрхондонмӕ.

10 Ӕппынфӕстаг 1996 азы Европӕйы тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уымӕй Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ арвы цӕфау фесты. Тӕрхондон загъта, зӕгъгӕ, «Грецийы закъӕттӕм гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрибарӕй схонӕн ис „зындгонд дин“». Стӕй ма загъта, Грецийы тӕрхондӕтты цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон, «хъаст чи балӕвӕрдта, уыдонӕн уый бар кӕй нӕ дӕттынц, цӕмӕй сӕ дины хабӕрттӕ сӕрибарӕй кӕной». Европӕйы тӕрхондон ма ноджыдӕр загъта, Грецийы хицауадӕн уый бар кӕй нӕй, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, «адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕ уырнындзинад куыд ӕвдисы, уый закъонмӕ гӕсгӕ раст у ӕви нӕ». Уыйадыл, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ уымӕй размӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон ивд ӕрцыдысты. Ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ бон уыди Йегъовӕйӕн дарддӕр сӕрибарӕй лӕггад кӕнын.

11 Цымӕ уый фӕстӕ Грецийы не ’фсымӕрты нал хъыгдардтой? Хъыгагӕн, уый зӕгъӕн нӕй. 2012 азы ма ахӕм хъуыддаджы фӕдыл уынаффӕ рахастой горӕт Кассандрейӕйы дӕр. Уыцы хъуыддагыл не ’фсымӕртӕ тох кодтой 12 азы. Ацы хатт хицӕутты нӕ ныхмӕ скодта православон епископ. Паддзахадон совет – Грецийы уӕлдӕр административон тӕрхондон – Хуыцауы адӕмы фарс рахӕцыд. Тӕрхондон бацамыдта, Грецийы Конституцимӕ гӕсгӕ алы адӕймагӕн дӕр уый бар кӕй ис, цӕмӕй, цы динмӕ гӕсгӕ йӕ фӕнды, уыцы динмӕ гӕсгӕ цӕра. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй афтӕ кӕй фӕзӕгъынц, ӕмӕ, дам, зындгонд дин не сты, уый раст нӕу. Тӕрхондон загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ ахуырӕдтӕ никӕмӕй ӕмбӕхсынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ дин у зындгонд дин». Ныр Кассандрейӕйы гыццыл ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цин кӕнынц, сӕхи Паддзахады залы сӕ бон иумӕ ӕмбырд кӕнын кӕй у, ууыл.

12, 13. а) Францийы Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ куыд архайдтой «закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ» саразыныл? ӕ) Хъуыддаг цӕуыл ахицӕн?

12 Франци. Хуыцауы адӕмы знӕгтӕй иуӕй-иутӕ фӕархайынц «закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ» саразыныл. (Бакӕс Псалом 94:20.) Зӕгъӕм, 1990-ӕм азты ӕмбисы Францийы хъалонты службӕтӕ сфӕнд кодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Ассоциацийы (Association Les Témoins de Jéhovah) бухгалтерийӕн ревизи скӕнын. Уыцы ассоциаци у, Францийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты номӕй чи архайы, уыцы юридикон оргӕнтӕй сӕ иу. Уыцы ревизийӕн йӕ ӕцӕг нысан цы уыд, уый бӕрӕг у финансты министры ныхӕстӕй: «Ацы ревизийы фӕрцы нӕ ныфс ис, ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ ӕхгӕд ӕрцӕудзысты кӕнӕ... [сӕ] фыдгӕнджытыл банымайдзысты. Ӕмӕ уӕд ассоциацийы архайд ныкъкъуылымпы уыдзӕн кӕнӕ та нӕ бӕстӕйы сӕ бон ӕппындӕр ницыуал уыдзӕн аразын». Кӕд ревизийы рӕстӕджы ницы ссардтой, уӕддӕр Францийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Ассоциацийӕ тынг стыр хъалон ӕрдомдтой. Сӕ фӕнд сӕ къухы куы бафтыдаид, уӕд не ’фсымӕрты бахъуыдаид филиал сӕхгӕнын ӕмӕ агъуыстытӕ ауӕй кӕнын, цӕмӕй уыцы хъалон бафыстаиккой. Хуыцауы адӕм тынг зын уавӕры бахаудысты, фӕлӕ сӕ къухтӕ не ’руагътой. Уыдон тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнын райдыдтой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг, 2005 азы, хъаст балӕвӕрдтой Европӕйы тӕрхондонмӕ.

13 2011 азы 30 июны Европӕйы тӕрхондон уынаффӕ рахаста. Тӕрхонгӕнджытӕ загътой, зӕгъгӕ, алы адӕймагӕн дӕр ис уый бар, цӕмӕй, цавӕр диныл ӕй фӕнды, уыцы диныл хӕст уа. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хицауад хъуамӕ йӕхимӕ уыцы хӕс ма иса, ӕмӕ скъуыддзаг кӕна, адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕ уырнындзинад куыд ӕвдисы, уый закъонмӕ гӕсгӕ раст у ӕви нӕ. Хицауадӕн афтӕ бакӕнын йӕ бон у ӕрмӕстдӕр уӕлдай тӕссаг уавӕрты. Дарддӕр тӕрхондон загъта: «Хъалон фидын сӕ куы бахъуыдаид, уӕд бирӕ фӕкъаддӕр уыдаид, сӕ хъуыддагӕн сӕ цы ӕхца хъӕуы, уый, ӕмӕ уыцы диныл хӕст адӕмӕн сӕ бон нал уыдаид сӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ сӕрибарӕй кӕнын». Гъемӕ Европӕйы тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл рахӕцыдысты! Францийы хицауад ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Ассоциацийӕн фӕстӕмӕ проценттимӕ бафыста, сӕ мысайнӕгтыл сын цы хъалон сӕвӕрдта, уый. Стӕй ма сын Европӕйы тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ фӕстӕмӕ радтой филиалы агъуыстытӕ дӕр. Уыцы хабӕрттӕ стыр циндзинад ӕрхастой Йегъовӕйы адӕмӕн.

Алы бон дӕр кув, ӕнаххосӕй кӕмӕн тӕрхон кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты тыххӕй

14. Дӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныныл тох кӕнын?

14 Есфир ӕмӕ Мардохейау Йегъовӕйы адӕм абон дӕр тох кӕнынц, цӕмӕй сӕ бон уа, Йегъовӕ сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ лӕггад кӕнын (Есф. 4:13–16). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у уыцы тохы архайын? Куыннӕ. Алы бон дӕр кув, ӕнаххосӕй кӕмӕн тӕрхон кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты тыххӕй. Зын уавӕрты чи ис ӕмӕ ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонӕн нӕ куывдтытӕ стыр ӕххуыс сты. (Бакӕс Иаковы 5:16.) Цымӕ Йегъовӕ ахӕм куывдтытӕ хъусы? Ӕнӕмӕнг! Уый бӕрӕг у, тӕрхондӕтты нӕ къухы цы уӕлахизтӕ бафты, уымӕй (Дзут. 13:18, 19).

Нӕхӕдӕг ӕвзарӕм, куыд нӕ дзӕбӕх кӕндзысты, уый

15. Хуыцауы адӕм туг уадзынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

15 Нӕ чиныджы 11-ӕм сӕры дзырдтам, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи ис, уыдон, Библийы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ тугӕй сӕхи кӕй хизынц, кӕд абон бирӕтӕ афтӕ нӕ кӕнынц, уӕддӕр (Райд. 9:5, 6; Лев. 17:11; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29). Нӕ буары туг кӕй нӕ уадзӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сдзӕбӕх уӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй нын нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ хиуӕттӕн дӕр хос кӕной ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй, ӕрмӕст, Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ чи нӕу, ахӕмтӕй. Бирӕ бӕстӕты уӕлдӕр тӕрхондӕттӕ разы сты, алы адӕймагӕн дӕр кӕй ис бар, цӕмӕй архайа, йе ’фсарм ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ хос кӕныны мадзӕлттӕй кӕцыдӕртыл сразы уа, кӕцыдӕртыл та – нӕ. Фӕлӕ иуӕй-иу бӕстӕты Хуыцауы адӕм ацы хъуыддаджы ӕмбӕлынц стыр зындзинӕдтыл. Ӕркӕсӕм цалдӕр хабармӕ.

16, 17. а) Японийы иу хойыл рынчындоны сайдӕй куыд рацыдысты? ӕ) Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕн дзуапп куыд радта?

16 Япони. Мисае Такедӕйӕн, 63-аздзыд хойӕн, хъуыди уӕззау операци скӕнын. Уыцы иузӕрдион хойы Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ дохтырӕн загъта, зӕгъгӕ мын туг ма бауадзут. Фӕлӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ базыдта, операцийы рӕстӕг ын туг кӕй бауагътой. Хо Мисае зӕрдӕдзӕф куыннӕ фӕци. Уыцы хабар афтӕ банымадта, цыма йын тыхми бакодтой ӕмӕ йыл сайдӕй рацыдысты. Гъемӕ 1993 азы июны дохтыртыл ӕмӕ рынчындоныл тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта. Мисае кӕд сабыр ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг уыд, уӕддӕр уыди фидар уырнындзинады хицау. Тӕрхоны бон зал адӕмӕй уыди йедзаг, ӕмӕ уыйбӕрц адӕмы раз сахатӕй фылдӕр ныфсджынӕй дзырдта, кӕд йе уӕнгты хъару нал уыди, уӕддӕр. Мисае тӕрхоны раз фӕстаг хатт куы ’рлӕууыд, уымӕй иу мӕйы фӕстӕ фӕзиан. Афтӕ хъӕбатыр кӕй уыд ӕмӕ ахӕм фидар уырнындзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй дзы сӕрыстыр не стӕм? Хо Мисае загъта, ӕдзухдӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын уыцы тохы раарфӕ кодтаид. Ӕмӕ йӕ фидарӕй зыдта, йӕ куывдтытӕн ын дзуапп кӕй ратдзӕн. Цымӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ ӕцӕгдӕр фехъуыста?

17 Хо Мисае куы амард, уымӕй ӕртӕ азы фӕстӕ Японийы Сӕйраг тӕрхондон йӕ сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, дохтыртӕн йӕ фӕндон кӕй бамбарын кодта, фӕлӕ йын уӕддӕр туг кӕй бауагътой, уый раст нӕ уыд. 2000 азы 29 февралы тӕрхондон уынаффӕ рахаста. Фыст дзы уыди, зӕгъгӕ, адӕймагӕн бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты уынаффӕ рахӕссын йӕхи бар куыд у, афтӕ ахӕм уавӕрты дӕр «йӕхи бар у, цы равзардзӕн, уый». Хо Мисае Такедӕ йӕ бартыл хъӕбатырӕй кӕй тох кодта, уый фӕрцы, абон Японийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дохтырты ӕххуыс куы бахъӕуы, уӕд нал фӕтӕрсынц, тыххӕй сын туг кӕй бауадздзысты, уымӕй.

Пабло Альбарасини (кӕс 18–20 абзацтӕ)

18–20. а) Аргентинӕйы апелляцион тӕрхондон туг уадзыны фӕдыл цавӕр уынаффӕ рахаста? ӕ) Нӕ Паддзахы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

18 Аргентинӕ. Иуӕй-иу хатт адӕймаг вӕййы тыхст уавӕры ӕмӕ йӕ бон нӕ вӕййы дохтыртӕн, куыд ын хъуамӕ хос кӕной, уый бамбарын кӕнын. Уӕдӕ, йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи бакодта, уыдонӕн сӕ бон куыд у ахӕм уавӕрмӕ сӕхи бацӕттӕ кӕнын? Нӕ туджы гӕххӕтт немӕ куы хӕссӕм, уӕд уый нӕ бӕсты дзурдзӕн. Раст ахӕм хабар ӕрцыд не ’фсымӕр Пабло Альбарасинийыл 2012 азы майы. Къӕрныхтӕ цыдӕртӕ давтой, ӕмӕ уый дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы уым фӕци. Уыдон ӕй цалдӕр ӕхсты фӕкодтой. Паблойы рынчындонмӕ куы баластой, уӕд ницы ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд, туг уадзыны тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый дохтыртӕн бамбарын кӕнын. Фӕлӕ йемӕ уыди туджы гӕххӕтт – юридикон тых кӕмӕн ис, ахӕм документ. Куы йӕ байдзаг кодта, уымӕй цыппар азӕй фылдӕр рацыд. Пабло тынг уӕззау уавӕры уыд, стӕй дохтыртӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ йын туг куы нӕ бауадзой, уӕд амӕлдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр рынчындоны кусджытӕ сразы сты, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй архайдзысты, ууыл. Фӕлӕ Паблойӕн йӕ фыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыд, ӕмӕ уый тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта. Ӕмӕ тӕрхондон уынаффӕ рахаста, цӕмӕй йын йӕ фыртӕн туг бауадзой.

19 Паблойӕн йӕ бинойнаджы номӕй чи архайдта, уыцы адвокат уайтагъд хъаст балӕвӕрдта апелляцион тӕрхондонмӕ. Цалдӕр сахатмӕ уыцы тӕрхондон дӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕ аивта ӕмӕ загъта, рынчынӕн йӕхи куыд фӕнды, ома йӕ хъуыды документы куыд бамбарын кодта, уый сӕрты ахизӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ уӕд Паблойы фыд хъаст балӕвӕрдта Аргентинӕйы Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Фӕлӕ Сӕйраг тӕрхондон ницы ӕфсон ссардта, «цӕмӕй фӕдызӕрдыг уыдаид, [Пабло йӕ документы афтӕ кӕй ныффыста, зӕгъгӕ мын туг ма бауадзут], уый йӕхи зондӕй кӕй ныффыста, йӕхи фӕнд кӕй уыд ӕмӕ, цы фыссы, уый кӕй ӕмбӕрста». Тӕрхондон загъта: «Алы стыр адӕймагӕн дӕр йӕ бон у рагацау ныффыссын, куыд ын хъуамӕ хос кӕной, уый тыххӕй, ӕмӕ йын ис уый бар, цӕмӕй хос кӕныны мадзӕлттӕй кӕцыдӕртыл сразы уа, кӕцыдӕртыл та – нӕ... Ӕмӕ йӕ чи дзӕбӕх кӕндзӕн, уыцы дохтыр хъуамӕ уыцы амындтӕм гӕсгӕ архайа».

Дохтыртӕн дӕ фӕндон туджы гӕххӕтты ныффыстай?

20 Ӕфсымӕр Паблойӕн йӕ цӕфтӕ сдзӕбӕх сты ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд. Йӕ бинойнагимӕ тынг цин кӕнынц, туджы гӕххӕтт рагацау кӕй байдзаг кодта, ууыл. Уый уыди хуымӕтӕг, фӕлӕ тынг ахсджиаг хъуыддаг. Афтӕмӕй Пабло равдыста, Паддзах Йесо Чырыстийы коммӕ кӕй кӕсы. Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй ӕмӕ дӕ бинонтӕй та? Сымах дӕр уыцы ахсджиаг хъуыддаг сарӕзтат?

Эйприл Кадорет (кӕс 21–24 абзацтӕ)

21–24. а) Канадӕйы Сӕйраг тӕрхондон цавӕр ахсджиаг уынаффӕ рахаста? ӕ) Эйприлы хабар Йегъовӕйы ӕрыгон лӕггадгӕнджыты цӕмӕ разӕнгард кӕны?

21 Канадӕ. Фылдӕр хатт тӕрхондӕтты разы вӕййынц, ныййарджытӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕной, сӕ сывӕллонӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн хос кӕнын. Иуӕй-иу хатт тӕрхондӕтты ахӕм уынаффӕ дӕр рахӕссынц, зӕгъгӕ, 16 азы кӕуыл нӕма цӕуы, фӕлӕ уынаффӕ хӕссынхъом чи у, суанг ахӕм сывӕллоны хъуыдыйӕн дӕр хъуамӕ аргъ кӕной ӕмӕ йын йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ хос кӕной. Ахӕм хабар ӕрцыд нӕ хо Эйприл Кадоретыл. 14-аздзыдӕй рынчындонмӕ бахауд, уымӕн ӕмӕ йӕ хуылфмӕ туг фӕцыд. Уымӕй цалдӕр мӕйы размӕ байдзаг кодта туджы гӕххӕтт. Уым бӕлвырд фыст уыд, мӕлӕтӕй дӕр ын куы уа тӕссаг, уӕд дӕр ын туг кӕй хъуамӕ ма бауадзой. Фӕлӕ дохтыр Эйприлы фӕндоны сӕрты ахызт, ӕмӕ тӕрхондоны уынаффӕйы фӕрцы чызгӕн тыххӕй туг бауагътой. Фӕстӕдӕр Эйприл уыцы хабар абарста, сылгоймагӕн тыхми куыд бакӕнынц, уыимӕ.

22 Эйприл ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтой. Дыууӕ азы дӕргъы тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кодтой. Ӕмӕ йын ӕппынфӕстаг йӕ хъуыддагмӕ ӕркаст Канадӕйы Сӕйраг тӕрхондон. Кӕд, Эйприл цы закъоны ныхмӕ дзырдта, уый тӕрхондон Конституцимӕ гӕсгӕ растыл банымадта, уӕддӕр аскъуыддзаг кодта, тӕрхондӕтты цы ӕхцатӕ бахардз кодта, уыдон ын фӕстӕмӕ кӕй бафиддзысты. Стӕй Сӕйраг тӕрхондон рахӕцыд Эйприлы сӕрыл ӕмӕ, 16 азы кӕуыл нӕма цӕуы, фӕлӕ уынаффӕ хӕссынхъом чи у, ахӕм сывӕллӕтты сӕрыл дӕр, зӕгъгӕ сын ис уый бар, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, куыд сын хос кӕндзысты, уый. Сӕйраг тӕрхондоны уынаффӕйы фыст уыд: «16 азы кӕуыл нӕма цӕуы, уыцы ӕрыгӕтты дохтырты ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд сын хъуамӕ бар дӕттой, цӕмӕй равдисой, хос кӕныны мадзӕлтты тыххӕй сын сӕхи хъуыды кӕй ис ӕмӕ, цы аразынц, уый кӕй ӕмбарынц».

23 Ацы хъуыддагӕн стыр нысаниуӕг ис, уымӕн ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон йӕ хъус ӕрдардта, 16 азы кӕуыл нӕма цӕуы, фӕлӕ уынаффӕ хӕссынхъом чи у, уыцы сывӕллӕттӕн закъонмӕ гӕсгӕ цы бартӕ ис, уымӕ. Уӕды онг Канадӕйы тӕрхондӕттӕн сӕ бон уыди, 16 азы кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм сывӕллоны бӕсты аскъуыддзаг кӕнын, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕ хуыздӕр цавӕр мадзӕлттӕй уыдзӕн дзӕбӕх кӕнын, уый. Фӕлӕ Эйприлы хъуыддаджы фӕстӕ тӕрхондӕттӕн уый бар нал ис, цӕмӕй, 16 азы кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм сывӕллоны бӕсты аскъуыддзаг кӕной, куыд ын хос кӕндзысты, уый. Фыццаг уал ын хъуамӕ фадат радтой, цӕмӕй равдиса, ӕмбарынхъом ӕмӕ уынаффӕ хӕссынхъом кӕй у.

«Тынг амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн дӕр гыццыл цыдӕр мӕ бон уыди саразын, цӕмӕй Хуыцауы ном скадджын уыдаид ӕмӕ, Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у, уый сбӕлвырд уыдаид»

24 Цымӕ уыцы хъуыддаг уый аргъ уыди, цӕмӕй йыл ӕртӕ азы тох кодтаиккой? Эйприлы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыди. Ныр лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ йӕ йе ’нӕниздзинад дӕр нӕ хъыгдары. Эйприл ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Тынг амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн дӕр гыццыл цыдӕр мӕ бон уыди саразын, цӕмӕй Хуыцауы ном скадджын уыдаид ӕмӕ, Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у, уый сбӕлвырд уыдаид». Эйприлы хабар нӕ кӕстӕртӕн цӕуыл дзурӕг у? Сымахӕн дӕр уӕ бон у рӕстдзинады сӕрыл хъӕбатырӕй тох кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй равдисын, ӕцӕгдӕр Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй стут (Матф. 21:16).

Нӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнӕм Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ

25, 26. Лӕг ӕмӕ ус куы ахицӕн вӕййынц, уӕд иуӕй-иу хатт цавӕр фарста фӕзыны?

25 Йегъовӕ ныййарджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕной йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ (Дык. з. 6:6–8; Еф. 6:4). Ныййарӕджы хӕс ӕнӕуи дӕр ӕнцон хӕс нӕу. Фӕлӕ фыд ӕмӕ мад куы ахицӕн вӕййынц, уӕд та ноджы зындӕр вӕййы уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын. Сывӕллӕтты куыд хъӕуы хъомыл кӕнын, уымӕ ныййарджытӕ арӕх алыхуызон цӕстӕй фӕкӕсынц. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи у, уыцы ныййарӕг ӕй зоны, йӕ сывӕллоны Библимӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ хъомыл кӕна. Фӕлӕ, Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уый та йемӕ разы нӕ вӕййы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи у, уымӕй хъуамӕ иу хъуыддаг рох ма уа: кӕд лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн ничиуал сты, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕр ничиуал сты.

26 Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уый, гӕнӕн ис, тӕрхондонмӕ курдиат бадӕтта, цӕмӕй йын сывӕллоны (кӕнӕ сывӕллӕтты) йемӕ ныууадзой, ӕмӕ йын йӕхӕдӕг амона, цӕуыл ӕууӕнда ӕмӕ цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст уа, уый. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сывӕллон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин куыд амоны, афтӕ куы схъомыл уа, уӕд ын уый тынг тӕссаг у. Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, уӕд гуырӕнбонтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕттӕ дӕр нӕ кӕндзысты. Стӕй, дам, ӕй дохтырты ӕххуыс куы бахъӕуа, уӕд ын туг нӕ бауадздзысты, ӕмӕ амӕлдзӕн. Фӕлӕ абон тӕрхондӕттӕн сӕ фылдӕры, мады кӕнӕ фыды дин сывӕллонӕн тӕссаг у ӕви нӕ, уый нӕ февзарынц. Уыдон фӕархайынц, сывӕллонӕн ӕцӕгдӕр хуыздӕр цы уыдзӕн, уый сбӕлвырд кӕныныл. Ӕркӕсӕм цалдӕр хабармӕ.

27, 28. Огайойы Сӕйраг тӕрхондон цавӕр уынаффӕ рахаста?

27 Иугонд Штаттӕ. 1992 азы Огайойы Сӕйраг тӕрхондоны ӕвзӕрст цыди иу хъуыддаг: Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕ уыд, иу ахӕм фыд дзырдта, зӕгъгӕ, дам, мын мӕ гыццыл лӕппуйы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин куыд амоны, афтӕ куы хъомыл кӕной, уӕд ын уый зиан йеддӕмӕ ницы ӕрхӕсдзӕн. Дӕлдӕр тӕрхондон сразы, цӕмӕй сывӕллон фыдимӕ баззадаид. Сывӕллоны мадӕн, Дженнифер Патерӕн, бар радтой, цӕмӕй-иу йӕ лӕппуйы абӕрӕг кодтаид. Фӕлӕ йын уый бар нӕ уыд, ӕмӕ «йӕ сывӕллонӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уыдӕттӕй исты амыдтаид». Дӕлдӕр тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый алыхуызӕтты уыди бамбарӕн. Зӕгъӕм, афтӕ дӕр ӕй уыди бамбарӕн, ӕмӕ нӕ хо Дженниферӕн уый бар нӕй, цӕмӕй йӕ фырт Боббиимӕ ныхас кӕна Библийыл кӕнӕ дзы уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Ахъуыды-ма кӕн, Дженниферӕн куыд зын уыдаид! Йӕ сӕрӕн ницыуал зыдта. Фӕлӕ, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй уыцы уавӕры сахуыр Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уый загъта: «Йегъовӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уыди». Йӕ адвокат хъаст балӕвӕрдта Огайойы Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодта Йегъовӕйы организаци дӕр.

28 Сӕйраг тӕрхондон дӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕимӕ не сразы ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «ныййарджытӕн уый бар ис, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной ӕмӕ сын амоной, сӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайынц, уый». Уымӕй уӕлдай ма тӕрхондон загъта, зӕгъгӕ, кӕд бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ уыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый сывӕллонӕн йе ’нӕниздзинадыл ӕмӕ йӕ зондыл ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕзынд, уымӕн, уӕд тӕрхондонӕн уый бар нӕ уыди, цӕмӕй ныййарӕгӕн йӕ дины тыххӕй йӕ бартӕ байстаид, ӕмӕ йӕ бон мауал уыдаид дарддӕр йӕ сывӕллоны хъомыл кӕнын. Сӕйраг тӕрхондон не ссардта бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин сывӕллоны ӕнӕниздзинадӕн зиан кӕй хӕссы, уымӕн.

Бирӕ тӕрхондӕтты уынаффӕ рахӕссынц, цӕмӕй сывӕллон баззайа чырыстон ныййарӕгимӕ

29–31. а) Данийы нӕ хойӕн йӕ чызджы цӕмӕн байстой? ӕ) Уыцы хъуыддаджы фӕдыл Данийы Сӕйраг тӕрхондон цавӕр уынаффӕ рахаста?

29 Дани. Ахӕм хъуыддаджы тох кӕнын бахъуыд нӕ хо Анитӕ Хансены дӕр. Йӕ лӕгимӕ куы ахицӕн сты, уый фӕстӕ лӕг тӕрхондонмӕ курдиат балӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ авдаздзыд чызг Амандӕйы уый хъомыл кодтаид. Уый размӕ, 2000 азы, окруджы тӕрхондон уыцы бар радта нӕ хо Анитӕйӕн. Фӕлӕ Амандӕйы фыд уӕлдӕр тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта, ӕмӕ уым окруджы тӕрхондоны уынаффӕ аивтой ӕмӕ Амандӕйы хъомыл кӕныны бар фыдӕн радтой. Уӕлдӕр тӕрхондон аскъуыддзаг кодта, зӕгъгӕ, ныййарджытӕ сӕ динты тыххӕй цардмӕ алыхуызон цӕстӕй кӕй кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ фыд хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, сывӕллон цавӕр диныл хӕст уыдзӕн, уый. Иудзырдӕй, нӕ хо Анитӕйӕн йӕ чызджы байстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй уыди, уый тыххӕй.

30 Уыцы уӕззау фӕлварӕны рӕстӕг Анитӕ хатт ахӕм тыхст уыди, ӕмӕ-иу цӕй тыххӕй куывтаид, уый дӕр нал зыдта. «Фӕлӕ-иу мын ахӕм рӕстӕг стыр удӕнцой ӕрхаста, Ромӕгтӕм 8-ӕм сӕры 26 ӕмӕ 27 стихты цы фыст ис, уый,– загъта Анитӕ.– Фидарӕй йӕ зыдтон, цы зӕгъын мӕ фӕндыд, уый Йегъовӕ кӕй ӕмбӕрста. Йегъовӕ мӕм йӕ цӕст дардта ӕмӕ ӕдзухдӕр уыди мӕ фарсмӕ». (Бакӕс Псалом 32:8; Исайы 41:10.)

31 Нӕ хо Анитӕ хъаст балӕвӕрдта Данийы Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Тӕрхондоны уынаффӕйы фыст уыд: «Сывӕллон ныййарджытӕй кӕимӕ баззайдзӕн, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ кӕсын хъӕуы, алы хицӕн уавӕры дӕр сывӕллонӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, уымӕ». Уымӕй уӕлдай ма тӕрхондон загъта, зӕгъгӕ, сывӕллон фыдимӕ баззайдзӕн ӕви мадимӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ ӕркӕсын хъӕуы, ныййарджытӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарынц, уӕд сӕ алчидӕр куыд фӕархайы, уымӕ – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ куыд хъуыды кӕнынц», уымӕ нӕ, фӕлӕ. Сӕйраг тӕрхондон сразы, Анитӕ ныййарӕджы хӕстӕ хорз кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл ӕмӕ йын ногӕй бар радта, цӕмӕй Амандӕ йемӕ баззадаид. Анитӕйы цинӕн кӕрон нал уыд!

32. Европӕйы тӕрхондон чырыстон ныййарджыты бартӕ куыд бахъахъхъӕдта?

32 Европӕйы алы бӕстӕтӕ. Иуӕй-иу уавӕрты, сывӕллон ныййарджытӕй кӕимӕ баззайдзӕн, уыцы хъуыддаг бӕстӕйы уӕлдӕр тӕрхондоныл дӕр нӕ ахицӕн вӕййы. Ахӕм фарстатӕ ӕвзӕрст фӕцӕуынц Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондоны дӕр. Европӕйы тӕрхондон дыууӕ ахӕм хъуыддаджы ӕвзаргӕйӕ загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи уыд, уыцы ныййарджытӕм сӕхи бӕстӕйы тӕрхондӕтты раст цӕстӕй нӕ ракастысты ӕрмӕстдӕр сӕ дины тыххӕй. Европӕйы тӕрхондон уый банымадта ӕфхӕрдыл ӕмӕ аскъуыддзаг кодта, зӕгъгӕ, «адӕймаг цы диныл хӕст у, уый тыххӕй йӕ хъулон кӕнай, уый раст нӕу». Европӕйы тӕрхондон кӕй бартӕ бахъахъхъӕдта, иу ахӕм хо загъта, йе ’ккойӕ уӕззау уаргъ кӕй ахауд. Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз ӕдзухдӕр ууыл архайдтон, цӕмӕй мӕ сывӕллӕттӕн, ӕппӕтӕй хуыздӕр цы у, уый раттаин – Библимӕ гӕсгӕ сӕ хъомыл кодтон. Ӕмӕ мӕн та фӕаххосджын кодтой, дӕ сывӕллӕтты, дам, сафыс. Уый мын зын куыннӕ хъуамӕ уыдаид».

33. Чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон куыд у, Филиппӕгтӕм 4:5 стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ архайын?

33 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон ныййарӕг хъуамӕ ахӕм уавӕрты ӕмбаргӕйӕ архайа. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:5.) Хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара: уымӕн куыд ис бар, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхас амона, афтӕ, Ӕвдисӕн чи нӕу, уыцы ныййарӕгӕн дӕр ис бар, цӕмӕй уый дӕр йӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕна (кӕд ӕй фӕнды, уӕд). Фӕлӕ чырыстон ныййарӕг йӕ хӕсмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

34. Неемийы заман дзуттӕгтӕ куыд тох кодтой, уымӕй чырыстон ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

34 Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм Неемийы заман. Дзуттӕгтӕ фыдӕбон кодтой, цӕмӕй Иерусалимы къултӕ сцалцӕг кодтаиккой ӕмӕ сӕ ногӕй самадтаиккой. Уыдон ӕй ӕмбӕрстой, афтӕмӕй сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ бинонты дӕр кӕй бахъахъхъӕндзысты, знаджы цӕстӕй сӕм чи каст, уыцы адӕмтӕй. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Нееми разӕнгард кодта: «Уе ’фсымӕрты, уӕ фыртты, уӕ чызджыты ӕмӕ уӕ устыты сӕрыл, стӕй уӕ хӕдзӕртты сӕрыл тох кӕнут» (Неем. 4:14). Уыцы тохы дзуттӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъарутыл ма ауӕрстаиккой. Афтӕ абон дӕр чырыстон ныййарджытӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты рӕстдзинады фӕндагыл сӕвӕрой. Зонынц ӕй, се ’мбӕлттӕ сӕ скъолайы дӕр ӕмӕ уынджы дӕр арӕх ӕвзӕрдзинадыл кӕй фӕахуыр кӕнынц. Телевизор ӕмӕ Интернеты уылты та алы ӕвзӕрдзинад бахъуызы хӕдзармӕ дӕр. Зынаргъ ныййарджытӕ, рох уӕ макуы уӕд: уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты хъуамӕ ахӕм уавӕрты хъомыл кӕнат, цӕмӕй Хуыцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕной, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ уӕ хъарутыл ма ауӕрдат.

Йегъовӕ алкӕддӕр уыдзӕн йӕ адӕмы фарсмӕ!

35, 36. а) Тӕрхондӕтты нӕ бартыл кӕй тох кӕнӕм, уый нын цы пайда ӕрхаста? ӕ) Дарддӕр дӕр цы араздзынӕ?

35 Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы адӕм ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнынц, цӕмӕй йын сӕрибарӕй лӕггад кӕной, ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕцӕгӕйдӕр арфӕ кӕны. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн тӕрхондӕтты арӕх вӕййы диссаджы фадат, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй радзурынӕн, ӕмӕ уый фӕрцы ноджыдӕр бирӕтӕ фехъусынц хорз хабар (Ром. 1:8). Уымӕй уӕлдай, тӕрхондӕтты нӕ къухы цы уӕлахизтӕ бафтыд, уыдоны фӕрцы ӕрмӕст Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартӕ нӕ цӕуынц хъахъхъӕд, фӕлӕ ма иннӕ адӕмы бартӕ дӕр. Фӕлӕ махӕн нӕ нысан ацы цардӕвӕрд фӕивын нӕу. Стӕй, раст кӕй стӕм, ӕрмӕст уый сбӕлвырд кӕныныл дӕр нӕ архайӕм. Мах тӕрхондӕтты нӕ бартыл сӕйраджыдӕр уый тыххӕй тох кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕнӕм, ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ цӕуа. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:7.)

36 Тӕрхондӕтты цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ тох кӕнынц, уыдон нын сӕ фидар уырнындзинадӕй сты фӕзминаг. Цӕй уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, дарддӕр дӕр нын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нын хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн! (Ис. 54:17).