Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 СӔР

Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?

Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Йегъовӕйы адӕм йӕ Паддзахады хъуыддагӕн ӕхцайӕ куыд ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн

1, 2. а) Библииртасджытӕ сӕ хъуыддагӕн ӕхца кӕм ссарынц, уый тыххӕй ӕфсымӕр Расселл иу сауджынӕн цы загъта? ӕ) Ацы сӕры цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

 ИУХАТТ ӕфсымӕр Чарлз Расселлы иу аргъуаны сауджын бафарста, зӕгъгӕ, дам, Библииртасджытӕ сӕ хъуыддагӕн ӕхца кӕм ссарынц.

 – Мах адӕмӕй ӕхца никуы фембырд кӕнӕм,– загъта йын ӕфсымӕр Расселл.

 – Уӕдӕ уӕм кӕцӕй цӕуы ӕхца? – бафарста йӕ сауджын.

 – Кӕцӕй, уый дын куы зӕгъон, уӕд дӕ уырнгӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн,– загъта йын Расселл.– Адӕм не ’мбырдтӕм куы ’рбацӕуынц, уӕд сын сӕ фындзы бынмӕ тӕбӕгъ ничи бадары, цӕмӕй дзы мысайнаг ныппарой. Фӕлӕ йӕ сӕхӕдӕг фӕуынынц, цавӕрдӕр хӕрдзтӕ кӕнын нӕ кӕй фӕхъӕуы. Ӕмӕ ахъуыды кӕнынц: «Ацы зал дарынӕн ӕхца куыннӕ хъӕуы... Мӕ бон куыд у ацы хъуыддагӕн иу гыццыл мысайнаг раттын?»

 Сауджын ӕфсымӕр Расселлы ныхӕстыл нӕ баууӕндыд.

 – Ӕз дын ӕцӕг зӕгъын,– загъта йын Расселл.– Афтӕ мӕ фӕфӕрсынц, мӕ бон, дам, куыд у ацы хъуыддагӕн иу гыццыл мысайнаг раттын. Адӕймаг арфӕдзинадӕй хайджын куы вӕййы ӕмӕ йӕ йӕ къух куы фӕамоны, уӕд ӕй фӕфӕнды Хицауы хъуыддагӕн исты раттын. Ӕмӕ йӕ йӕ къух куы нӕ амона, уӕд та дзы мысайнаг куыд хъуамӕ домӕм? a

2 Ӕфсымӕр Расселл мӕнгӕй ницы загъта. Хуыцауы адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр раст динӕн ӕххуыс кӕнынц сӕ барвӕндон мысайнӕгтӕй. Ацы сӕры ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕмӕ, нӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕм уыцы хъуыддаг куыд аразынц, уымӕ. Абон Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы, ууыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид ахӕм фарстайыл: «Мӕнӕн та мӕ бон куыд у Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын?»

«Йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы, уыдон Йегъовӕйӕн мысайнаг ӕрбахӕссӕнт»

3, 4. а) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл цавӕр хъуыддаджы ӕууӕнды? ӕ) Израилӕгтӕ цатыр саразынӕн куыд баххуыс кодтой?

3 Йегъовӕ ӕууӕнды йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл. Уый зоны, фадат сын куы уа, уӕд мысайнаг зӕрдиагӕй кӕй дӕтдзысты. Ӕркӕсӕм, рагон израилӕгты царды чи ’рцыд, дыууӕ ахӕм хабармӕ.

4 Йегъовӕ Хуыцау израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй сарӕзтаиккой, кӕм ын куывтаиккой, ахӕм цатыр. Уыцы цатыр ӕмӕ дзы цы дзауматӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон саразынӕн бирӕ фӕрӕзтӕ хъуыди. Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй адӕмӕн фехъусын кодтаид, сӕ бон кӕй у уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын. Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы, уыдон Йегъовӕйӕн мысайнагӕн ӕрбахӕссӕнт сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы» (Рац. 35:5). Цымӕ, уый размӕ «цагъартау алы куыст [кӕмӕн] кӕнын кодтой ӕмӕ... сӕ туг [кӕмӕн] цъырдтой», уыцы адӕм Моисейы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты? (Рац. 1:14). Цы сӕм уыд, уымӕй ницы бавгъау кодтой ӕмӕ мысайнагӕн зӕрдиагӕй хастой сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дзауматӕ – уыдӕттӕн сӕ фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, райстой, кӕй дӕлбар уыдысты, уыцы египетӕгтӕй (Рац. 12:35, 36). Израилӕгтӕ, цас хъуыди, уымӕй бирӕ фылдӕр ӕрбахастой. Ӕмӕ сын уӕд загътой, цӕмӕй мацыуал хастаиккой (Рац. 36:4–7).

5. Давид израилӕгтӕн куы бамбарын кодта, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у мысайнаг ӕрбахӕссын, уӕд куыд бакодтой?

5 Уыцы хабарӕй иу-475 азы куы рацыд, уӕд паддзах Давид «йӕхи сызгъӕринӕй ӕмӕ йӕхи ӕвзистӕй» радта кувӕндон саразынӕн. Уыцы кувӕндон уыди, зӕххыл ӕцӕг Хуыцауӕн кӕм куывтой, уыцы галуантӕй фыццаг. Стӕй Давид иннӕ израилӕгтӕн дӕр бамбарын кодта, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у мысайнаг ӕрбахӕссын. Давид сӕ бафарста: «Мыййаг ма искӕй фӕнды абон Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссын?» Ӕмӕ адӕм Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ зӕрдиагӕй хӕссын райдыдтой (1 Аз. 29:3–9). Давид ӕмбӕрста, уыцы лӕвӕрттӕ ӕцӕгӕй кӕмӕй сты, уый, ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ загъта: «Алцыдӕр дӕуӕй цӕуы, ӕмӕ дӕ къухӕй цы райстам, уый дын дӕттӕм» (1 Аз. 29:14).

6. Абон Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?

6 Нӕдӕр Моисейы, нӕдӕр Давиды адӕмӕй мысайнаг домын нӕ бахъуыди. Алчидӕр лӕвӕрдта барвӕндонӕй. Абон та хабар куыд у? Мах ӕмбарӕм, Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕй хъӕуы. Бирӕ фӕрӕзтӕ хъӕуы Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыр кӕнынӕн ӕмӕ парахат кӕнынӕн, залтӕ ӕмӕ филиалтӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн, стӕй не ’фсымӕртӕн ӕмӕ нӕ хотӕн бӕллӕхты рӕстӕг ӕххуыс кӕнынӕн дӕр. Уӕдӕ ӕвзӕры ахсджиаг фарстатӕ: ӕппӕт уыдӕттӕн ӕхца кӕм вӕййы? Паддзах Чырыстийы адӕмӕй мысайнӕгтӕ домын фӕхъӕуы?

«Мах лӕгъстӕ никуы никӕмӕн кӕндзыстӕм ӕмӕ ӕххуыс никуы никӕмӕй агурдзыстӕм»

7, 8. Йегъовӕйы адӕм иннӕтӕй ӕхца цӕуылнӕ курынц?

7 Ӕфсымӕр Расселлы ӕмӕ йе ’мбӕлтты нӕ бафӕндыд, цӕмӕй ӕхца амал кодтаиккой, чырыстон аргъуантӕ куыд кӕнынц, афтӕ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дыккаг номыры мыхуыргонд ӕрцыд Расселлы статья, «„Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ дӕ хъӕуы?», зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы фыст уыд: «Мах уырны, „Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ мыхуыр кӕныны хъуыддагӕн ЙЕГЪОВӔ кӕй арфӕ кӕны. Уымӕ гӕсгӕ мах лӕгъстӕ никуы никӕмӕн кӕндзыстӕм ӕмӕ ӕххуыс никуы никӕмӕй агурдзыстӕм. Афтӕ Чи зӕгъы, „ӕвзист дӕр мӕн у, ӕмӕ сызгъӕрин дӕр“, зӕгъгӕ, уый нын куы нал ӕххуыс кӕна, уӕд бамбардзыстӕм, ацы журнал мыхуыры уадзын кӕй нал хъӕуы» (Аг. 2:7–9). Уӕдӕй рацыд 130 азӕй фылдӕр, ӕмӕ ныронг дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕнӕкъуылымпыйӕ мыхуыры цӕуы ӕмӕ йӕ чи мыхуыр кӕны, уыцы организаци дӕр фидар къахдзӕфтӕй размӕ цӕуы!

8 Йегъовӕйы адӕм ӕхца никӕмӕй курынц. Зӕгъӕм, ӕмбырдты адӕмыл тӕбӕгъимӕ нӕ разилынц, цӕмӕй дзы алчидӕр йӕ мысайнаг сӕвӕра, ӕмӕ писмотӕ дӕр никӕмӕ фервитынц, цӕмӕй сын ӕхцайӕ баххуыс кӕной. Стӕй исты уӕй кӕныны фӕрцы дӕр ӕхца нӕ амал кӕнынц. Уыдон хӕст сты, кӕддӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы хъуыды уыд, ууыл: «Мах Хицауы хъуыддагӕн ӕхца курын растыл никуы нымадтам, кӕд бирӕтӕ афтӕ кӕнынц, уӕддӕр... Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ Хицауы номӕй искӕмӕн лӕгъстӕ кӕнай ӕмӕ ӕхца афтӕмӕй амал кӕнай, уый йӕ цӕсты у ӕгад хъуыддаг ӕмӕ йӕ ахӕм мысайнаг хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны. Стӕй нӕдӕр, уыцы ӕхца чи дӕтты, уымӕн арфӕ кӕндзӕн, нӕдӕр, цы куыстыл хардз цӕуынц, уымӕн» b.

«Алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ»

9, 10. Мысайнӕгтӕ дӕттынмӕ нӕ чи разӕнгард кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕй иу цавӕр у?

9 Абон Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи ис, уыдонӕн дзурын нӕ хъӕуы, цӕмӕй мысайнаг дӕттой. Мах Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн не ’хца ӕмӕ нӕ исбон не ’вгъау кӕнӕм. Цы нӕм ис, уый афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн фӕдӕттӕм? Ӕркӕсӕм, уымӕ нӕ чи разӕнгард кӕны, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ.

10 Фыццаг хъуыддаг уый у, ӕмӕ мах мысайнӕгтӕ дӕттӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын «ӕхсызгон цы у, уый аразын» нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй (1 Иоан. 3:22). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕны, мысайнаг ын зӕрдиагӕй чи дӕтты, уыцы лӕггадгӕнджытӕй. Ӕркӕсӕм, чырыстӕттӕ мысайнаг куыд хъуамӕ дӕттой, уый тыххӕй апостол Павел цы загъта, уымӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 9:7.) Ӕцӕг чырыстӕттӕ мысайнӕгтӕ ӕвӕндонӕй нӕ фӕдӕттынц. Уыдонӕй алчидӕр мысайнаг уый тыххӕй дӕтты, ӕмӕ йӕхӕдӕг «йӕхицӕн... загъта» афтӕ c. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг ахъуыды кӕны, ӕххуыс кӕм хъӕуы ӕмӕ йӕ бон цӕмӕй у фӕкӕсын, ууыл, ӕмӕ йӕ бафӕнды мысайнаг раттын. Йегъовӕ ахӕм адӕймагӕн тынг аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы». Ӕндӕр тӕлмацы та ацы ныхӕстӕ афтӕ сты: «Хуыцау уарзы, дӕттын чи уарзы, уыцы адӕмы».

Нӕ кӕстӕртӕ дӕр уарзынц мысайнӕгтӕ дӕттын (Мозамбик)

11. Цы нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый дӕттӕм?

11 Дыккаг хъуыддаг уый у, ӕмӕ мысайнӕгтӕ дӕтгӕйӕ ӕвдисӕм, Йегъовӕ нӕ цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны, уыдоны тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм. Ӕркӕсӕм-ма Моисейы закъонӕй иу уагӕвӕрдмӕ – уыцы уагӕвӕрд адӕймагӕн ӕххуыс кодта йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн. (Бакӕс Дыккаг закъон 16:16, 17.) Израилы-иу алы аз дӕр цы ӕртӕ бӕрӕгбоны кодтой, уырдӕм-иу алы нӕлгоймаг дӕр хъуамӕ ӕрбахастаид лӕвар, «Йегъовӕ йын куыд раарфӕ кодтаид, уымӕ гӕсгӕ». Уӕдӕ-иу бӕрӕгбонмӕ ацӕуыны размӕ алы адӕймаг дӕр хъуамӕ ахъуыды кодтаид, Хуыцау ын куыд раарфӕ кодта, ууыл. Ӕмӕ-иу хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ ныккастаид, цӕмӕй-иу аскъуыддзаг кодтаид, цы йӕм ис, уымӕй ӕппӕты хуыздӕр лӕвар цы уыдзӕн. Раст афтӕ мах дӕр, Йегъовӕ нын цас хъуыддӕгты арфӕ кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын балӕвар кӕнын. Йегъовӕ Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ цы лӕвӕрттӕ раттӕм,– уыимӕ нӕ мысайнӕгтӕ дӕр,– уыдонӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм (2 Кор. 8:12–15).

12, 13. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ барвӕндон мысайнӕгтӕ дӕтгӕйӕ мах ӕвдисӕм, Паддзах Йесо Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый? Мысайнаг чи цас ратты?

12 Ӕртыккаг хъуыддаг та уый у, ӕмӕ барвӕндон мысайнӕгтӕ дӕтгӕйӕ ӕвдисӕм, Паддзах Йесо Чырыстийы кӕй уарзӕм. Ома куыд? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо йӕ зӕххон царды фӕстаг изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уый. (Бакӕс Иоанны 14:23.) «Чи мӕ уарзы,– загъта Йесо,– уый мын мӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн». Йесойы «ныхӕстӕм» хауы, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр фехъусын кӕнын кӕй бафӕдзӕхста, уый дӕр (Матф. 24:14; 28:19, 20). Ӕмӕ мах ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй уыцы «ныхас» ӕххӕст кӕнӕм – хъусын кӕныны хъуыддагӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕ не ’вгъау кӕнӕм. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахады Паддзахы кӕй уарзӕм, уый.

13 Уӕдӕ, Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды уыцы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын. Мысайнаг чи цас ратты? Уый алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны. Алы адӕймаг дӕр дӕтты, йӕ къух цас амоны, уыйбӕрц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ хъӕздыг не сты ӕмӕ сӕ бон бирӕ дӕттын нӕу (Матф. 19:23, 24; Иак. 2:5). Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт аргъ кӕнынц, адӕймаг зӕрдиагӕй цы мысайнаг ратты, уымӕн, цыфӕнды гыццыл ма уа, уӕддӕр. Ӕмӕ уыцы чырыстӕттӕн уый ныфсы хос куыннӕ у (Мар. 12:41–44).

Ӕхца нӕм кӕцӕй цӕуы?

14. Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ литературӕ куыд лӕвӕрдтой?

14 Бирӕ азты дӕргъы-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ дӕтгӕйӕ адӕмӕй истой мысайнаг дӕр. Уыцы мысайнаг-иу гыццыл йеддӕмӕ кӕй нӕ уыд, уый фӕрцы суанг мӕгуыр адӕмӕн дӕр сӕ бон уыди литературӕ исын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд-иу адӕймаджы нӕ литературӕ кӕсын фӕндыд, фӕлӕ-иу мысайнаг раттын йӕ къух нӕ амыдта, уӕд-иу ын ӕй хъусынгӕнджытӕ лӕвар радтой. Хъусынгӕнджытӕн сӕ сӕйраг нысан уыд, цӕмӕй-иу литературӕ радтаиккой, чи йӕ бакастаид ӕмӕ дзы йӕхицӕн пайда чи райстаид, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн.

15, 16. а) Нӕ литературӕ куыд парахат кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы Разамонӕг совет 1990 азы цавӕр ивындзинӕдтӕ кӕнын райдыдта? ӕ) Барвӕндон мысайнаг куыд ис раттӕн? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Нӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц?».)

15 1990 азы Разамонӕг совет, литературӕ куыд парахат кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы ивындзинӕдтӕ кӕнын райдыдта. Уыцы азӕй фӕстӕмӕ Иугонд Штатты хъусынгӕнджытӕ адӕмӕн нал дзырдтой, литературӕйы тыххӕй мысайнаг цас хъӕуы раттын, уый. Филиал уыцы бӕстӕйы ӕмбырдтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр цы писмо арвыста, уым фыст уыди: «Хъусынгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр нӕ журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр литературӕ куы исой, уӕд сын ничи дзурдзӕн, цӕмӕй уый тыххӕй бӕлвырд цасдӕр ӕхца бафидой кӕнӕ мысайнаг раттой. [...] Ӕгас зӕххыл дӕр цы ахуырадон куыст кӕнӕм, уымӕн баххуыс кӕнын кӕйдӕриддӕр фӕнда, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн мысайнаг раттын. Фӕлӕ мысайнаг раттой ӕви нӕ, уӕддӕр сӕ бон уыдзӕн литературӕ райсын». Уыцы ивындзинады фӕрцы ноджы тынгдӕр рабӕрӕг, нӕ куыст ӕрмӕстдӕр барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы кӕй цӕуы ӕмӕ нӕ нысан кӕй у, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы базонынӕн ӕххуыс кӕнӕм – рабӕрӕг, «Хуыцауы ныхас уӕйгӕнджытӕ [кӕй] не стӕм» (2 Кор. 2:17). Цасдӕры фӕстӕ уыцы ивындзинадмӕ гӕсгӕ архайын райдыдтой ӕгас дунейы дӕр.

16 Барвӕндон мысайнаг куыд ис раттӕн? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залты вӕййы, цӕсты чи нӕ хауы, ахӕм асыччытӕ. Алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ йӕ мысайнаг уым ныппара кӕнӕ та йӕ арвита Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕй сӕ иумӕ. Мысайнӕгтӕ дӕттӕн куыд ис, уый фӕдыл «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» алы аз дӕр вӕййы сӕрмагонд статья.

Ӕхца цӕуыл хардз кӕнӕм?

17–19. Бамбарын кӕн, барвӕндон мысайнӕгтӕ куыд хардз цӕуынц: а) ӕппӕтдунеон хъуыддагыл, ӕ) Паддзахады залтӕ аразыныл ӕмӕ б) ӕмбырды хъуыддӕгтыл.

17 Ӕппӕтдунеон хъуыддаг. Ацы хъуыддагӕн цы ӕхцатӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдон хардз цӕуынц, хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕппӕт дунейы дӕр цы куыст кӕнӕм, ууыл. Зӕгъӕм, уыцы ӕхца цӕуы литературӕ мыхуыр кӕнынӕн, филиалтӕ аразынӕн ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕнынӕн, стӕй ма, нӕ организацийы цы алыхуызон скъолатӕ ис, уыдон уадзыныл дӕр. Уыцы ӕхцатӕ ма хардз цӕуынц миссионертӕ, цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕрмагонд пионертӕн ӕххуыс кӕныныл. Ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ раттӕм, уыдоны руаджы ма нӕ организаци баххуыс кӕны, нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн дӕр d.

18 Паддзахады залтӕ аразын. Ацы хъуыддагӕн цы ӕхцатӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдонӕй нӕ организаци рахицӕн кӕны, цӕмӕй баххуыс кӕна, Паддзахады зал саразын кӕнӕ реконструкци скӕнын кӕй фӕхъӕуы, уыцы ӕмбырдтӕн. Уый фӕстӕ цы мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдоны фӕрцы организацийӕн йӕ бон вӕййы ноджыдӕр ма ӕндӕр ӕмбырдтӕн баххуыс кӕнын e.

19 Ӕмбырды хъуыддӕгтӕ. Ацы хъуыддагӕн цы ӕхцатӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдоны фӕрцы ӕмбырдӕн йӕ бон вӕййы Паддзахады залмӕ зилын. Хатт ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уынаффӕ рахӕссынц, цӕмӕй, ӕмбырды цы ӕхца ис, уымӕй дӕр иуцасдӕр ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн арвитой. Уыцы уынаффӕйы тыххӕй ӕмбырды фехъусын кӕнынц, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон уа схъӕлӕс кӕнын. Ӕмӕ хъусынгӕнджытӕн сӕ фылдӕр разы куы вӕййынц, уӕд уыцы ӕхца сӕ бӕстӕйы филиалмӕ арвитынц. Ӕмбырды ӕхцайӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕр алы мӕй дӕр бацӕттӕ кӕны ӕхцайы хыгъд, ӕмӕ йӕ стӕй ӕмбырды бакӕсынц.

20. Дӕ бон куыд у, «хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уымӕй» Йегъовӕйӕн кад хӕссын?

20 Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд цӕуа, уый тыххӕй бирӕ фыдӕбон кӕнын хъӕуы. Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, «хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый» Йегъовӕйӕн дӕттын ӕмӕ йын афтӕмӕй кад хӕссын (Ӕмб. 3:9, 10). «Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уымӕ» хауынц нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ миниуджытӕ, стӕй, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр стӕм ӕмӕ цы базыдтам, уый дӕр. Ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы архайгӕйӕ уыдӕттӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм. Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, «хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уымӕ» нӕ мысайнӕгтӕ дӕр кӕй хауынц. Цӕй уӕдӕ-иу мысайнаг раттӕм, нӕ къух нӕ куы амона, уӕд ӕмӕ нӕ бон цас уа, уыйбӕрц. Афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм ӕмӕ, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм.

a 1915 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 218, 219 фӕрстӕ (англ.).

b 1899 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 201 фарс (англ.).

c Иу ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй, дзырдбаст «йӕхицӕн... загъта»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, «уый амоны, адӕймаг рагацау цыдӕр кӕй аскъуыддзаг кодта, уымӕ». Уый ма загъта: «Адӕймаг, нӕ фӕхъавы, афтӕмӕй лӕвар куы ракӕны, уӕд дӕр ын уый циндзинад ӕрхӕссы. Фӕлӕ уӕддӕр хуыздӕр уыдзӕн, уыцы хъуыддагыл-иу рагацау куы ахъуыды кӕна, стӕй лӕвӕрттӕ ӕдзухдӕр куы дӕтта» (1 Кор. 16:2).

d Бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн куыд баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 20-ӕм сӕрӕй.

e Паддзахады залтӕ куыд фӕаразӕм, уый тыххӕй бӕстондӕр дзырд цӕуы 19-ӕм сӕры.