Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 СӔР

Арӕзтады хъуыддаг кад хӕссы Йегъовӕйӕн

Арӕзтады хъуыддаг кад хӕссы Йегъовӕйӕн

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр цы агъуыстытӕ аразӕм, уыдон стыр ӕххуыс сты, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа

1, 2. а) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ раджы замантӕй фӕстӕмӕ цавӕр бынӕттӕ аразынц? ӕ) Йегъовӕйӕн ӕппӕты зынаргъдӕр цы у?

 ЙЕГЪОВӔЙЫ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ раджы замантӕй фӕстӕмӕ аразынц, йӕ номӕн кад чи хӕссы, ахӕм агъуыстытӕ. Зӕгъӕм, цатыр арӕзт куы цыди, уӕд израилӕгтӕ зӕрдиагӕй архайдтой ӕмӕ йӕ саразынӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ рӕдауӕй хастой (Рац. 35:30–35; 36:1, 4–7).

2 Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕйӕн кад цы хӕссы? Йӕ кувӕн бынат цы ӕрмӕджытӕй арӕзт вӕййы, уыдон? (Матф. 23:16, 17). Йегъовӕйӕн ӕппӕты зынаргъдӕр у ӕмӕ йын сӕйраджыдӕр кад хӕссы, йӕ адӕм ын кӕй лӕггад кӕнынц, уый. Ӕхсызгон ын у, йӕ хъуыддаджы ӕнӕзивӕгӕй кӕй архайынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕты зынг кӕй судзы (Рац. 35:21; Мар. 12:41–44; 1 Тим. 6:17–19). Афтӕ кӕй у, уый зонын нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕймаджы къухӕй конд агъуыстытӕ абон сты, райсом – нал. Зӕгъӕм, цатырӕн ӕмӕ кувӕндонӕн абон сӕ кой дӕр нал ис. Ӕмӕ кӕд уыцы кувӕн бынӕттӕ нал сты, уӕддӕр Йегъовӕйӕ никуы ферох уыдзӕн, арӕзт куы цыдысты, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цы рӕдаудзинад равдыстой ӕмӕ куыд фыдӕбон кодтой, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58; Дзуттӕгтӕм 6:10.)

3. Ацы сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ абон дӕр аразынц, сӕ Хуыцауӕн кӕм кувой, ахӕм бынӕттӕ. Ӕмӕ нын нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы разамындӕй ацы хъуыддаджы цас бантыст, уый ӕцӕгдӕр диссаг у! Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны (Пс. 127:1). Ацы сӕры цыбыртӕй аныхас кӕндзыстӕм, уыцы куыст куыд кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн кад куыд хӕссы, ууыл. Стӕй ма базондзыстӕм, арӕзтады хъуыддаджы чи архайы, уыдон цы хъуыды кӕнынц, уый дӕр.

Аразӕм Паддзахады залтӕ

4. а) Фылдӕр кувӕн бынӕттӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Кӕцыдӕр филиалтӕ цӕмӕн баиу кодтой? (Кӕс рамкӕ « Аразӕм филиалтӕ, уавӕртӕ куыд домынц, уымӕ гӕсгӕ».)

4 Ацы чиныджы 16-ӕм сӕры куыд загътам, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй домы, цӕмӕй иумӕ ӕмбырд кӕной (Дзут. 10:25). Нӕ фембӕлдтӕ нын ӕрмӕст нӕ уырнындзинад нӕ фидар кӕнынц, фӕлӕ ма нӕ разӕнгард кӕнынц зӕрдиагӕй хъусын кӕнынмӕ дӕр. Фӕстаг бонтӕ сӕ кӕронмӕ куыд хӕстӕгдӕр кӕнынц, афтӕ Йегъовӕ архайы, цӕмӕй ацы хъуыддаг фӕтагъддӕр уа. Ӕмӕ уыйадыл алы аз дӕр йӕ организацимӕ ӕрбацӕуы сӕдӕгай минтӕ (Ис. 60:22). Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы адӕм ис, уыдон цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр хъӕуы типографитӕ дӕр Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыр кӕнынӕн. Стӕй ноджы фылдӕр хъӕуы, Йегъовӕйӕн кӕм кувӕм, ахӕм бынӕттӕ дӕр.

5. Ӕмбырдтӕ кӕм фӕцӕуынц, уыцы бынӕттӕ Паддзахады залтӕ цӕмӕн хонӕм? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « „Ног рухсы аргъуан“».)

5 Библииртасджытӕ куы фӕзындысты, уӕд уайтагъд бамбӕрстой, се ’мбырдтӕ кӕм уадзой, ахӕм бынӕттӕ сӕ кӕй хъӕуы. Фыццаг кувӕн бынӕттӕй сӕ иу сарӕзтой 1890 азы Ныгуылӕн Вирджинийы (АИШ). 1930-ӕм азтӕм Йегъовӕйы адӕм бирӕ залтӕ сарӕзтой кӕнӕ та сӕ реконструкци скодтой. Фӕлӕ уыцы бынӕттӕн цавӕрдӕр бӕлвырд ном нӕма уыди. Уавӕр фӕивта 1935 азы. Уыцы аз ӕфсымӕр Рутерфорд уыди Гавайы сакъадӕхтыл. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг уым ног филиалы фарсмӕ арӕзтой зал. Рутерфорды куы бафарстой, ацы агъуыст куыд хуындзӕн, зӕгъгӕ, уӕд сын дзуапп радта: «Схонӕм ӕй „Паддзахады зал“, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ сӕйраг куыст – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын» (Матф. 24:14). Тагъд рӕстӕджы афтӕ райдыдтой хонын ӕрмӕст уыцы зал нӕ, фӕлӕ, ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы адӕмӕн ӕмбырдтӕ кӕм фӕцӕуынц, уыцы бынӕттӕн сӕ фылдӕр.

6, 7. Паддзахады залтӕ цалдӕр бонмӕ аразын кӕй райдыдтам, уый фӕрцы нӕ къухы цы бафтыд?

6 1970-ӕм азты, Паддзахады зал кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм ӕмбырдтӕ уыди тынг бирӕ. Уымӕ гӕсгӕ Иугонд Штатты ӕфсымӕртӕ ӕрхъуыды кодтой, хуымӕтӕг ӕмӕ рӕсугъд залтӕ цалдӕр бонмӕ куыд ис аразӕн, ахӕм мадзал. Ӕмӕ 1983 азмӕ Иугонд Штатты ӕмӕ Канадӕйы ахӕм Паддзахады залтӕ арӕзт ӕрцыд 200-йы бӕрц. Цӕмӕй ӕфсымӕртӕ уыцы куыстытыл аххӕссыдаиккой, уый тыххӕй скодтой регионалон арӕзтадон комитеттӕ. Уыцы комитетты куыст размӕ афтӕ ӕнтыстджынӕй цыд, ӕмӕ 1986 азы Разамонӕг совет регионалон арӕзтадон комитетты куыст ӕрфидар кодта. Ӕмӕ 1987 азмӕ Иугонд Штатты ахӕм комитеттӕ уыд 60 a. 1992 азмӕ ахӕм комитеттӕ фӕзынд Австралийы, Аргентинӕйы, Германийы, Испанийы, Мексикӕйы, Францийы, Хуссар-Африкаг Республикӕйы ӕмӕ Японийы. Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ чи аразы, уыцы куыстуарзаг ӕфсымӕртӕн хъуамӕ, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы куыст кӕнгӕйӕ уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц.

7 Паддзахады залтӕ-иу цыбыр рӕстӕгмӕ кӕм сарӕзтам, уым-иу уыцы хабар адӕм диссагӕн дзырдтой. Зӕгъӕм, Испанийы иу газеты рацыд статья «Уырнындзинад хӕхтӕ фӕлдахы». Дзырд дзы цыди, не ’фсымӕртӕ горӕт Мартосы Паддзахады зал куыд арӕзтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ дзы уыд ахӕм фарста: «Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ацы хиуарзон дунейы барвӕндон кусджытӕ [Испанийы] алы рӕттӕй Мартосмӕ ӕрцӕуой, цӕмӕй дзы лӕвар ахӕм агъуыст саразой? Куыд тагъд ӕй сарӕзтой, куыд диссаджы хорз конд у ӕмӕ сӕ куысты цы ӕгъдау ӕмӕ цы пълан уыди, уымӕн ӕмбал нӕй!» Дарддӕр статьяйы фарстайӕн дзуапп радтой, чи дзы куыста, уыцы ӕфсымӕртӕй иуы ныхӕстӕй: «Диссагӕй дзы ницы ис. Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны, ӕмӕ уымӕн у афтӕ».

Аразӕм, хъӕздыг чи нӕу, уыцы бӕстӕты

8. 1999 азы Разамонӕг совет цавӕр программӕ сфидар кодта ӕмӕ цӕмӕн?

8 20-ӕм ӕнусы кӕрон, ӕфсымӕртӕ афтӕ хъӕздыг кӕм нӕ цӕрынц, ахӕм бӕстӕты Йегъовӕйы организацимӕ дуне адӕм ныггуылф кодта. Бынӕттон ӕмбырдтӕ, сӕ бон цас уыд, уыйас архайдтой, кӕм ӕмбырд кодтаиккой, ахӕм бынӕттӕ аразыныл. Фӕлӕ иуӕй-иу бӕстӕты Паддзахады залтӕ ӕндӕр кувӕн бынӕттимӕ абаргӕйӕ мӕгуырау арӕзт кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕм не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотыл худтысты ӕмӕ сӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты. Фӕлӕ 1999 азы Разамонӕг совет сфидар кодта, хъӕздыг чи нӕу, уыцы бӕстӕты Паддзахады залтӕ аразыны программӕ. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ хъӕздыгдӕр бӕстӕты цы мысайнӕгтӕ дӕттынц, уыдонӕй ахӕм бӕстӕтӕн рахицӕн кодтой, ӕмӕ афтӕмӕй «уӕргътӕ ӕмхуызон» систы. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 8:13–15.) Стӕй сын бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕххуыс кӕнынц залтӕ аразынӕн.

9. Ӕфсымӕртӕм райдианы тынг зын цавӕр хӕс фӕкаст, фӕлӕ сын цы бантыст?

9 Райдианы ӕфсымӕртӕм афтӕ каст, ӕмӕ, сӕ разы цы хӕс ис, ууыл нӕ аххӕсдзысты. 2001 азы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй 88 бӕстӕйы саразын хъуыди 18 300 залӕй фылдӕр. Фӕлӕ Хуыцауы тыхы фӕрцы ӕмӕ нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы фӕрцы иу хъуыддаг дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йӕ нӕ бон ма уа бакӕнын (Матф. 19:26). 1999 азӕй 2013 азмӕ, ома 15 азмӕ, Хуыцауы адӕм уыцы программӕмӕ гӕсгӕ сарӕзтой 26 849 Паддзахады залы b. Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн дарддӕр дӕр арфӕ кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 2013 азы уыцы бӕстӕты хъуыди ноджыдӕр 6 500 Паддзахады залы. Уымӕй уӕлдай, саразын кӕй хъӕуы, уыцы залты нымӕцыл алы аз дӕр бафты цалдӕр сӕдӕйы.

Хъӕздыг чи нӕу, уыцы бӕстӕты Паддзахады залтӕ чи фӕаразы, уыдонӕн вӕййы сӕхи зындзинӕдтӕ

10–12. Цы Паддзахады залтӕ саразӕм, уыдон Йегъовӕйы номӕн кад куыд хӕссынц?

10 Цы Паддзахады залтӕ саразӕм, уыдон Йегъовӕйы номӕн кад куыд хӕссынц? Зимбабвейы филиалӕй ныффыстой: «Ног Паддзахады зал арӕзт куы ’рцӕуы, уӕд иу мӕймӕ фембӕлдтӕм цӕуын райдайы дыууӕ хатты фылдӕр адӕм». Бирӕ бӕстӕты хабар афтӕ у, ӕмӕ нын цалынмӕ, куыд ӕмбӕлы, ахӕм кувӕн бынат нӕ фӕзыны, уӕдмӕ адӕмы нӕ фӕфӕнды нӕ фембӕлдтӕм цӕуын. Фӕлӕ Паддзахады зал куы саразӕм, уӕд уайтагъд адӕмӕй байдзаг вӕййы, ӕмӕ та кӕс, ӕмӕ хъӕуы ног зал. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ адӕм Йегъовӕмӕ ӕрмӕст уыцы рӕсугъд залты тыххӕй не ’рбацӕуынц. Уыцы залтӕ чи аразы, уыдон кӕрӕдзи ӕцӕг чырыстон уарзтӕй кӕй уарзынц, уый куы фенынц, уӕд йӕ организацимӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайынц. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

11 Индонези. Иу нӕлгоймаг касти, ӕфсымӕртӕ Паддзахады зал куыд аразынц, уымӕ. Ӕмӕ, се ’ппӕт дӕр лӕвар кӕй кусынц, уый куы базыдта, уӕд загъта: «Сымах, ӕвӕдза, диссаджы адӕм стут! Кӕсын уӕм, ӕмӕ уӕ алчидӕр уыцы зӕрдиагӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй кусы, афтӕмӕй та уын ӕхца нӕ фидынц. Мӕнмӕ гӕсгӕ, сымах хуызӕн дин нӕй!»

12 Украинӕ. Иу сылгоймагӕн йӕ фӕндаг алы бон дӕр уыди, Паддзахады зал кӕм арӕзтой, уыцы бынаты рӕзты ӕмӕ ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, адон ӕнӕмӕнг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, ӕмӕ аразгӕ та кӕнынц Паддзахады зал. Уыцы сылгоймаг афтӕ загъта: «Мӕ хо Йегъовӕйы Ӕвдисӕн у, ӕмӕ мын сымах тыххӕй уый радзырдта. Ацы арӕзтадмӕ кӕсгӕйӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, мӕн дӕр фӕнды, цӕмӕй ацы бинонты ’хсӕн уон. Ам федтон ӕцӕг уарзондзинад». Уыцы сылгоймаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ 2010 азы донаргъуыд райста.

13, 14. а) Паддзахады зал куыд арӕзтой, уымӕ чи каст, уыцы лӕг ӕмӕ усы хабар цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Цӕмӕй уӕ Паддзахады зал Йегъовӕйӕн кад хӕсса, уый тыххӕй дӕ бон цы у аразын?

13 Аргентинӕ. Паддзахады залы арӕзтадӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕрмӕ лӕг ӕмӕ ус бацыдысты, ӕмӕ йын лӕг загъта: «Куыд кусут, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, ӕмӕ... нӕхицӕн загътам, кӕй нӕ фӕнды ацы бынаты Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын». Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕфсымӕры бафарста: «Цы нӕ хъӕуы бакӕнын, цӕмӕй ардӕм ӕмбырдтӕм цӕуын нӕ бон уа?» Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр Библи ахуыр кӕныныл сразы сты, ӕрмӕст загътой, зӕгъгӕ, кӕд ӕнӕхъӕн бинонтимӕ дӕр ахуыр кӕндзыстут, уӕд. Ӕфсымӕртӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕхсызгонӕй сразы сты.

14 Чи зоны уын уӕ Паддзахады зал куы арӕзтой, уӕд дзы ды нӕ куыстай. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у аразын, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн кӕм кувут, уыцы бынат йӕ номӕн кад хӕсса. Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, арӕх кӕй абӕрӕг кӕныс, уыдоны ӕмӕ иннӕ адӕмы дӕр дӕ бон у Паддзахады залмӕ ӕмбырдтӕм зӕрдиагӕй хонын. Ис дын ахӕм фадат дӕр, цӕмӕй-иу зал бафснайай ӕмӕ йӕм базилай ӕххуыс кӕнай. Де ’хцатӕй-иу куы рахицӕн кӕнай, уӕд-иу дӕ бон уыдзӕн Паддзахады залмӕ зилынӕн мысайнаг раттын. Кӕнӕ та дӕ бон уыдзӕн дӕ мысайнӕгтӕй дунейы ӕндӕр рӕтты залтӕ аразынӕн баххуыс кӕнын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 16:2.) Ацы хъуыддӕгтӕй алкӕцы дӕр кад хӕссы Йегъовӕйы номӕн.

Барвӕндон кусджытӕ сты цӕттӕ

15–17. а) Паддзахады залтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ филиалтӕ куы фӕаразынц, уӕд куыстытӕн сӕ фылдӕр чи фӕкӕны? ӕ) Тимо ӕмӕ Линӕ, стӕй Даррен ӕмӕ Сарӕйы ныхӕстӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

15 Паддзахады залтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ филиалтӕ куы фӕаразынц, уӕд куыстытӕн сӕ фылдӕр фӕкӕнынц бынӕттон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Фӕлӕ сӕм арӕх ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕххуысмӕ ӕрцӕуынц, арӕзтады хъуыддаджы фӕлтӕрд чи у, ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Уыцы барвӕндон кусджытӕй иуӕй-иутӕ сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнынц, цӕмӕй дзы сӕ бон уа цалдӕр къуырийы бакусын. Иннӕтӕ та ахӕм къордты лӕггад кӕнынц бирӕ азты дӕргъы. Иу ран сӕ куыст куы фӕвӕййынц, уӕд ӕндӕр ранмӕ ацӕуынц.

Тимо ӕмӕ Линӕ Лаппалайнен (кӕс 16 абзац)

16 Уыцы барвӕндон кусджытӕн вӕййы сӕхи зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ сын сӕ лӕггад стыр арфӕдзинӕдтӕ дӕр куыннӕ ӕрхӕссы. Зӕгъӕм, Тимо ӕмӕ Линӕ Паддзахады залтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ филиалтӕ арӕзтой Азийы, Европӕйы ӕмӕ Хуссар Америкӕйы. Сӕ лӕггады тыххӕй Тимо мӕнӕ цы загъта: «Фӕстаг 30 азы дӕргъы мӕ дыууӕ азӕй дыууӕ азмӕ ӕрвыстой ног ранмӕ». Линӕ ӕмӕ Тимо сӕ цард баиу кодтой 25 азы размӕ. Ӕмӕ Линӕ та афтӕ зӕгъы: «Тимоимӕ лӕггад кодтам дӕс бӕстӕйы. Цӕмӕй адӕймаг ног хӕринӕгтыл, ног климӕтыл, ног ӕвзагыл сахуыр уа ӕмӕ ног уавӕрты хъусын кӕнын базона, стӕй цӕмӕй йӕхицӕн ног ӕмбӕлттӕ ссара, уый тыххӕй бирӕ хъарутӕ ӕмӕ бирӕ рӕстӕг бахъӕуы» c. Цымӕ, ахӕм цард кӕй равзӕрстой, ууыл нӕ фӕсмон кӕнынц? Линӕ дзуры: «Уыцы зындзинӕдтӕ нын ӕрхастой нӕ царды стырдӕр арфӕдзинӕдтӕ. Мах нӕхиуыл бавзӕрстам, ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ уазӕгуарзондзинад ис, уый ӕмӕ федтам, нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕ ныл куыд тыхсы. Стӕй ма нӕхиуыл бавзӕрстам, Марчы 10:29, 30 стихты Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕр. Ӕцӕгдӕр ссардтам сӕдӕ хатты фылдӕр ӕфсымӕртӕ, хотӕ ӕмӕ мадӕлтӕ». Тимо та загъта: «Нӕ Паддзахы исбон фылдӕр кӕй кӕнӕм, уый нын хӕссы, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм циндзинад. Адӕймаг ма уымӕй хуыздӕр цавӕр хъуыддагӕн хъуамӕ ратта йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ курдиӕттӕ!»

17 Даррен ӕмӕ Сарӕ та арӕзтадон проектты ӕххуыс кодтой Азийы, Африкӕйы, Европӕйы, Сабыр океаны хуссар хайы, Хуссар Америкӕйы ӕмӕ Централон Америкӕйы. Уыдон зӕгъынц, сӕхи цӕмӕй фӕцух кодтой, уымӕй бирӕ фылдӕр хорздзинӕдтӕй кӕй схайджын сты. Кӕд алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уӕддӕр Даррен афтӕ загъта: «Дунейы алы бӕстӕтӕй ӕфсымӕртимӕ иумӕ кусай, уый стыр кад у. Мах не ’ппӕт дӕр уарзӕм Йегъовӕйы, ӕмӕ мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма уыцы уарзондзинад ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр аххӕссыд ӕмӕ нӕ бӕндӕнау кӕрӕдзиимӕ сбаста». Сарӕ та загъта: «Алы адӕмыхӕттытӕй чи у, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Уыдон Йегъовӕйы тыххӕй сӕхи цас цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц! Уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр дӕттон, хуыздӕрӕй мӕм цы ис, уый».

18. Псаломы 110:1–3 цы пехуымпарад ис фыст, уый куыд ӕххӕст кӕны?

18 Кӕддӕр паддзах Давид цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонӕй бӕрӕг у, йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи бакӕндзӕн, уыдон зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты, фӕлӕ уӕддӕр «цӕттӕйӕ» кӕй лӕудзысты, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайой. (Бакӕс Псалом 110:1–3.) Уыцы хъуыддӕгты чидӕриддӕр архайы, уыдон ӕххӕст кӕнынц ацы пехуымпарады ныхӕстӕ (1 Кор. 3:9). Абон ӕнӕхъӕн зӕххыл ис бирӕ филиалтӕ, сӕдӕгай Конгрессты залтӕ ӕмӕ дӕсгай мин Паддзахады залтӕ. Ӕмӕ уыдон иууылдӕр сты фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ кӕй архайы, уымӕн. Нӕ Паддзах Йесо Чырыстийӕн кӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы сыгъдӕг номӕн кад чи хӕссы, уыцы хъуыддаджы кӕй архайӕм, уый нын цӕй стыр кад у!

a 2013 азы Иугонд Штатты 132 регионалон арӕзтадон комитетимӕ ӕмгуыст кодта 230 мин барвӕндон кусӕгӕй фылдӕр. Фӕстаг азты уыцы бӕстӕйы алы аз дӕр уыцы комитетты разамындӕй арӕзт ӕрцыд 75 Паддзахады залы бӕрц, ӕмӕ 900 залы бӕрц та кӕнӕ реконструкци скодтой, кӕнӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ сцалцӕг кодтаиккой.

b Ацы программӕмӕ цы бӕстӕтӕ нӕ хауынц, уыцы бӕстӕты дӕр арӕзт ӕрцыд бирӕ Паддзахады залтӕ, фӕлӕ уыдон ацы нымӕцмӕ нӕ хауынц.

c Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыцы аразджытӕ ӕмӕ барвӕндон кусджытӕ фылдӕр рӕстӕг фӕкусынц, арӕзтад кӕм фӕцӕуы, уым. Фӕлӕ уӕддӕр фӕархайынц, цӕмӕй сабат ӕмӕ хуыцаубоны кӕнӕ изӕрыгӕтты бынӕттон ӕмбырдимӕ хъусын кӕной.