Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 СӔР

Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм

Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Чырыстон уарзондзинад бӕллӕхты рӕстӕг куыд рабӕрӕг вӕййы

1, 2. а) Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ цавӕр зын уавӕры бахаудысты? ӕ) Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕ дзуттаг чырыстӕттӕм уарзондзинад куыд равдыстой?

 ХАБАР уыд н. э. 46 азмӕ ’ввахс. Иудейӕйы скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг. Хор афтӕ зынаргъ сси, ӕмӕ дзы чырыстӕттӕн иу гыццыл балхӕнын дӕр сӕ бон нӕ уыд. Уый тыххӕй сын ӕххормагӕй амӕлынӕй дӕр тӕссаг уыди. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сын Йегъовӕ баххуыс кодта. Уый размӕ Хуыцау Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн ахӕм хуызы никуыма баххуыс кодта. Цымӕ куыд уыди хабар?

2 Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы дзуттаг чырыстӕттӕ цы уавӕры уыдысты, уый тыххӕй базыдтой Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕ,– дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдон дӕр. Се ’фсымӕртӕ ахӕм тыхст уавӕры кӕй уыдысты, уый тыххӕй сыл сӕ зӕрдӕ фӕрыст, ӕмӕ сын ӕхца ӕрӕмбырд кодтой. Стӕй равзӕрстой дыууӕ бӕрнон ӕфсымӕры, Варнавӕ ӕмӕ Савлы, цӕмӕй уыдон ӕхца Иерусалимы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм фӕхӕццӕ кодтаиккой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 11:27–30; 12:25.) Ахъуыды-ма кӕн, Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕтӕ куыд тынг бацагайдтаид, Антиохийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ сӕм ахӕм уарзондзинад кӕй равдыстой, уый!

3. а) Абон Хуыцауы адӕм, фыццаг ӕнусы Антиохийы чи цард, уыцы чырыстӕтты куыд фӕзмынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Фыццаг стыр ӕххуыс нӕ рӕстӕджы».) ӕ) Ацы сӕры цавӕр ӕртӕ фарстамӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Иу бӕстӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ-иу ӕндӕр бӕстӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн куыд баххуыс кодтой, уыцы хабӕрттӕй фыццаг фыст ӕрцыд ацы хабар. Абон мах дӕр фӕзмӕм Антиохийы цӕрӕг ӕфсымӕрты. Искӕцы бӕстӕйы не ’мчырыстӕттыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы кӕнӕ фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕм ӕххуысмӕ фӕзынӕм a. Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нӕ лӕггадмӕ куыд хауы? Уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм ӕртӕ фарстамӕ: не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй Йегъовӕйӕн кад куыд хӕссӕм? Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ къухы цы ӕфты? Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нӕ лӕггадмӕ куыд хауы?

4. Чырыстӕттӕн сӕ лӕггад цӕимӕ баст у, уый фӕдыл Павел коринфӕгтӕм цы ныффыста?

4 Павел коринфӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста, чырыстӕттӕн сӕ лӕггад цы дыууӕ хъуыддагимӕ баст у, уыдоны тыххӕй. Павел фыста сӕрст чырыстӕттӕм, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ ахӕссӕн ис Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕм» дӕр (Иоан. 10:16). Нӕ лӕггад цы дыууӕ хъуыддагимӕ баст у, уыдонӕй фыццаг у «фидауынгӕнӕн куыст», ома хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг (2 Кор. 5:18–20; 1 Тим. 2:3–6). Дыккаг та – «сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕныны хъуыддаг», ома не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый (2 Кор. 8:4). Ацы ран «куыст» ӕмӕ «лӕггад кӕнын»-ӕй тӕлмац ӕрцыд уыцы иу грекъаг дзырд, диакони́а, зӕгъгӕ, ӕмӕ нысан кӕны «лӕггад кӕнын». Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

5. Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый Павел лӕггад кӕй схуыдта, уый цӕуыл дзурӕг у?

5 Павел дыууӕ хъуыддаджы кой кӕнгӕйӕ дӕр уыцы иу грекъаг дзырдӕй кӕй спайда кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Уымӕй раздӕр Павел ныффыста: «Лӕггад кӕнӕн... алы хуызы ис, фӕлӕ нӕ Хицау уыцы иу у. Стӕй алкӕй мидӕг дӕр алыхуызон куыст цӕуы... [...] Фӕлӕ адӕттӕ иууылдӕр аразы уыцы иу сыгъдӕг тых» (1 Кор. 12:4–6, 11). Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, чырыстон ӕмбырд цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон се ’ппӕт дӕр нӕ лӕггадмӕ хауынц b (Ром. 12:1, 6–8). Ӕмӕ Павел дӕр «ӕфсымӕртӕн балӕггад кӕнынӕн» йӕ рӕстӕг уый тыххӕй нӕ бавгъау кодта (Ром. 15:25, 26).

6. а) Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ куыд хауы? ӕ) Радзур, абон не ’мчырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй. (Кӕс рамкӕ « Бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд...».)

6 Павел коринфӕгтӕн бамбарын кодта, цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕмӕ йын кад хӕссынц. Ӕркӕсӕм-ма, куыд сын ӕй бамбарын кодта, уымӕ. Павел коринфӕгтӕн загъта, «Чырыстийы тыххӕй хорз хабарӕн коммӕгӕс» кӕй сты (2 Кор. 9:13). Ӕмӕ, Чырысти цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын сӕ кӕй фӕндыд, уый тыххӕй се ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтой. Се ’мчырыстӕтты тыххӕй цы хорз хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонӕй та бӕрӕг уыд, «Хуыцау сын йӕ диссаджы стыр хорзӕхӕй... кӕй бахай кодта», уый (2 Кор. 9:14; 1 Пет. 4:10). Не ’фсымӕртӕн бахъуаджы сахат кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1975 азы 1 декабры номыры фыст уыд: «Хъуамӕ дызӕрдыг дӕр ма кӕнӕм, Йегъовӕ Хуыцауы цӕсты ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы цӕсты уыцы лӕггадӕн стыр аргъ кӕй ис, ууыл». Ӕцӕгдӕр, не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын у тынг ахсджиаг хъуыддаг, ӕмӕ хауы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ (Ром. 12:1, 7; 2 Кор. 8:7; Дзут. 13:16).

Не ’мчырыстӕттӕн цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй ӕххуыс кӕнӕм

7, 8. Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ нӕ къухы цы хъуыддӕгтӕ ӕфты, уыдонӕй фыццаг цавӕр у? Бамбарын ӕй кӕн.

7 Не ’мчырыстӕттӕн цӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис, Павел коринфӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы цы ныффыста, уымӕй. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 9:11–15.) Йӕ ныхӕстӕй зыны, нӕ «лӕггады» фӕрцы, ома, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы, нӕ къухы ӕртӕ сӕйраг хъуыддаджы кӕй ӕфты. Цӕй ӕмӕ сӕм фӕд-фӕдыл ӕркӕсӕм.

8 Фыццаг: не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уӕлдӕр цы фондз стихы амынд ис, уым Павел Йегъовӕ Хуыцауы кой куыд арӕх кӕны, уымӕ. Уый ныффыста, зӕгъгӕ, «адӕм Хуыцауӕн арфӕ кӕнынц» ӕмӕ «бирӕтӕ Хуыцауӕн... арфӕ кӕндзысты» (11 ӕмӕ 12 стихтӕ). Павел ма ныффыста, кӕмӕн баххуыс кодтой, уыцы чырыстӕттӕ «Хуыцауы [кӕй] кадджын кӕнынц» ӕмӕ Йегъовӕйӕн «йӕ диссаджы хорзӕхы тыххӕй» кӕй арфӕ кӕнынц (13 ӕмӕ 14 стихтӕ). Фӕстагмӕ та Павел ныффыста: «Бузныг Хуыцауӕн!» (15 стих; 1 Пет. 4:11).

9. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый уынгӕйӕ сӕм иуӕй-иутӕ цавӕр цӕстӕй ракӕсынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕ кӕсынц Павелы цӕстӕй – уыдон зонынц, уыцы хъуыддаджы фӕрцы Йегъовӕйӕн кад кӕй хӕссынц ӕмӕ йын йӕ «ахуырад [кӕй] рӕсугъд кӕнынц» (1 Кор. 10:31; Тит. 2:10). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый уынгӕйӕ бирӕтӕ Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ адӕммӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайынц. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм иу хабар. Иу сылгоймагӕн йӕ хӕдзары дуарыл ауыгъд уыд ахӕм фыст: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ардӕм ма хойӕнт». Иухатт уыцы ран тыхдымгӕ рацыд. Ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы сылгоймаг федта, йӕ хӕдзары акомкоммӕ цы хӕдзар ныппырх, уый чидӕртӕ куыд цалцӕг кӕнынц. Цалдӕр боны фӕкасти, уыцы адӕм куыд зӕрдиагӕй кусынц, уымӕ, ӕмӕ сӕм стӕй бацыд, чи сты, уый базонон, зӕгъгӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый куы базыдта, уӕд тынг бадис кодта ӕмӕ загъта: «Дзӕгъӕлы уӕм кастӕн ӕвзӕр цӕстӕй». Цымӕ уый фӕстӕ куыд бакодта? Йӕ дуарыл цы фыст ауыгъд уыд, уый айста.

10, 11. а) Цавӕр хабӕрттӕй зыны, не ’ххуысы фӕрцы не ’мчырыстӕттӕ, цы хъуаг вӕййынц, уый парахатӕй кӕй райсынц? ӕ) Ӕххуысмӕ чи ’рцӕуы, уыцы барвӕндон кусджытӕн хорз ӕххуыс цавӕр публикаци у? (Кӕс рамкӕ « Ӕххуыс барвӕндон кусджытӕн».)

10 Дыккаг: не ’мчырыстӕттӕ «парахатӕй райсынц, цы хъуаг вӕййынц, уый» (2 Кор. 9:12а). Не ’фсымӕртыл ӕмӕ нӕ хотыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд уайтагъд сӕ фарсмӕ балӕууӕм ӕмӕ, цы хъуаг вӕййынц, уымӕй сӕм фӕкӕсӕм. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, чырыстон ӕмбырдты чидӕриддӕр ис, уыдон сты иу «буар», ӕмӕ «буары уӕнгтӕй иуӕн зын куы вӕййы, уӕд иннӕ уӕнгтӕн дӕр зын вӕййы» (1 Кор. 12:20, 26). Ӕмӕ искуы бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хотӕй бирӕтӕ, се ’мчырыстӕтты кӕй уарзынц ӕмӕ сын сӕ зын сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсынц, уый тыххӕй сӕхи хъуыддӕгтӕ ныууадзынц, сӕ кусӕнгӕрзтӕ сӕмбырд кӕнынц ӕмӕ сӕм ӕххуысмӕ ацӕуынц (Иак. 2:15, 16). Зӕгъӕм, 2011 азы Японийы цунами куы рацыд, уый фӕстӕ Америкӕйы Иугонд Штатты филиал сӕ бӕстӕйы регионалон арӕзтадон комитеттӕм писмо арвыста. Фыст дзы уыди, зӕгъгӕ, мыййаг, иу цалдӕр фӕлтӕрд ӕфсымӕрӕн сӕ бон нӕ бауыдзӕн Японимӕ ацӕуын ӕмӕ Паддзахады залтӕ сцалцӕг кӕнынӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ цымӕ хабар куыд рауад? Цалдӕр къуыримӕ иу-600 хо ӕмӕ ӕфсымӕры сразы сты Японимӕ ацӕуыныл, ӕмӕ уымӕй дӕр сӕхи хардзӕй! Иугонд Штатты филиал уый тыххӕй загъта: «Афтӕ удуӕлдай кӕй разындысты, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ тынг бацагайдта». Японийы иу ӕфсымӕр, ӕндӕр бӕстӕйӕ сӕм ӕххуысмӕ чи ’рцыд, иу ахӕм барвӕндон кусӕджы куы бафарста, цы дӕ сразӕнгард кодта ардӕм ӕрцӕуынмӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын уый загъта: «Мах Японийы цӕрӕг ӕфсымӕртимӕ иу „буар“ стӕм. Ӕмӕ сӕ зын мах зын дӕр у». Ӕххуысмӕ чи ’рцӕуы, уыдон се ’мчырыстӕтты удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ хатт сӕхи цард дӕр тӕссаг уавӕры баппарынц c (1 Иоан. 3:16).

11 Не ’мчырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм, уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдон дӕр, ӕмӕ нӕ хорзы кой дӕр ракӕнынц. Зӕгъӕм, 2013 азы штат Арканзасы (АИШ) ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцыд, уӕд иу газеты ныффыстой, Ӕвдисӕнтӕ ӕххуысмӕ куыд тагъд фӕзындысты, уый тыххӕй. Фыст дзы уыд: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты барвӕндон кусджытӕ бӕллӕхты рӕстӕг баххуыс кӕнынмӕ афтӕ хорз цӕттӕ вӕййынц ӕмӕ уыцы хъуыддаджы афтӕ дӕсны систы, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй». Ӕцӕгдӕр, апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй не ’мчырыстӕттӕ, «цы хъуаг вӕййынц, уый райсынц».

12–14. а) Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ нӕ къухы цы хъуыддӕгтӕ ӕфты, уыдонӕй ӕртыккаг тынг ахсджиаг цӕмӕн у? ӕ) Цавӕр ныхӕстӕй у бӕрӕг, цыфӕнды уавӕрты дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты архайын кӕй хъӕуы, уый?

12 Ӕртыккаг: бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты архайой. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Павел куыд загъта, афтӕмӕй, зын уавӕры чи вӕййы, уыцы чырыстӕттӕн куы баххуыс кӕнынц, уӕд уыдон Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕарфӕ кӕнынц (2 Кор. 9:12ӕ). Адӕймаг Хуыцауӕй бузныг кӕй у, уый равдисынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал уый у, ӕмӕ йын дарддӕр дӕр куы лӕггад кӕна. Ӕмӕ цас тагъддӕр райдайа Хуыцауы хъуыддӕгты архайын, уыйас хуыздӕр (Фил. 1:10). 1945 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Павел сразы ӕфсымӕрты уынаффӕйыл, цӕмӕй ӕхца ӕрӕмбырд кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕххуысы фӕрцы, хъуаг чи ӕййӕфта, уыцы чырыстӕттӕн сӕ бон бауыдаид хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕрибардӕрӕй ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй архайын». Абон махӕн дӕр нӕ нысан уый у. Не ’фсымӕртӕ та раздӕрау хъусын кӕнын куы райдайынц, уӕд уый фӕрцы ӕрмӕст сӕ сыхӕгты нӕ бафидар кӕнынц, фӕлӕ ма сӕхӕдӕг дӕр бафидар вӕййынц. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4.)

13 Ӕркӕсӕм-ма, се ’мчырыстӕтты ӕххуысӕй ногӕй хъусын кӕнын чи райдыдта, уыдон цы зӕгъынц, уымӕ. «Нӕ бинонтимӕ хъусын кӕнынмӕ кӕй цыдыстӕм, уый нын уыди стыр арфӕдзинад,– загъта иу ӕфсымӕр.– Иннӕты бафидар кӕныныл кӕй архайдтам, уый фӕрцы-иу нӕ нӕ сагъӕстӕ айрох сты». Иу хо загъта: «Мӕ хъарутӕ Хуыцауы хъуыддагмӕ кӕй сарӕзтон, уый фӕрцы, мӕ алыварс бӕстӕ куыд пырх уыд, ууыл нал хъуыды кодтон. Стӕй тӕрсгӕ дӕр ницӕмӕй кодтон». Ӕндӕр хо та загъта: «Бирӕ цӕуылдӕрты нӕ бар ӕппындӕр нӕ цыди, фӕлӕ уацамынды кӕй цыдыстӕм, уый нӕ бинонтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дардтаиккам, ахсджиагдӕр цы у, уый. Ног дунейы тыххӕй-иу иннӕтӕн куы дзырдтам, уӕд-иу ноджы тынгдӕр райдыдтам ӕууӕндын, Дзӕнӕты ӕппӕт дӕр ног кӕй уыдзӕн, ууыл».

14 Не ’фсымӕртӕй бӕллӕхы чи бахауы, уыдонӕн ма ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй та ногӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдайой, ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Ӕркӕсӕм-ма, 60 азы бӕрц кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хойы хабармӕ, йӕ ном Киёко. Цунамийы фӕстӕ, йӕ уӕлӕ цы уыд, уый йеддӕмӕ йӕм ӕппындӕр ницыуал баззад. Дарддӕр куыд уыдзӕн, цы уыдзӕн, уымӕн ницы зыдта. Хистӕр нӕлгоймаг ын загъта, ацы хатт ӕмбырд мӕ машинӕйы ауадздзыстӕм, зӕгъгӕ. Киёко зӕгъы: «Машинӕйы бадтыстӕм цыппарӕй – уыцы хистӕр нӕлгоймаг, йӕ бинойнаг, ӕз ӕмӕ ма ноджыдӕр иу хо. Не ’мбырд уыди тынг хуымӕтӕг. Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ нӕм цунами кӕй уыди, уый ма мӕ рох дӕр фӕци. Мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Уыцы фембӕлды руаджы ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын куыд ахсджиаг у, уый». Ӕндӕр хо та, ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ сын цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдоны тыххӕй загъта: «Уыцы ӕмбырдтӕ мын уыдысты стыр удӕнцойы хос» (Ром. 1:11, 12; 12:12).

Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын хӕссы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ

15, 16. а) Коринфы ӕмӕ иннӕ рӕтты цӕрӕг чырыстӕттӕ се ’фсымӕртӕн кӕй ӕххуыс кодтой, уый сын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хаста? ӕ) Махӕн та цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый?

15 Павел ма коринфӕгтӕм ныффыста, се ’мчырыстӕттӕн куы баххуыс кӕной, уӕд уый сӕхицӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн. Уый загъта: «Сымах тыххӕй Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй фӕкувынц [Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕттӕ, ома, коринфӕгтӕ кӕмӕн ӕххуыс кодтой, уыцы дзуттӕгтӕ] ӕмӕ сӕ тынг фӕнды уӕ фенын, Хуыцау уын йӕ диссаджы стыр хорзӕхӕй афтӕ кӕй бахай кодта, уый тыххӕй» (2 Кор. 9:14). Коринфӕгты рӕдаудзинад Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй Коринфы цӕрӕг чырыстӕтты тыххӕй,– дзуттӕгты тыххӕй дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдоны тыххӕй дӕр,– Хуыцаумӕ куывтаиккой. Стӕй ма сӕ уый тыххӕй ноджы тынгдӕр бауарзтой.

16 1945 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» куыд фыст уыди, афтӕмӕй Павелы ныхӕстӕ абон махмӕ дӕр хауынц, ома махӕн дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый. Фыст дзы уыд: «Хуыцауы адӕм алкӕддӕр цӕттӕ вӕййынц, цӕмӕй-иу зын сахат кӕрӕдзи фарсмӕ балӕууой. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕнут, уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ куыд тынг бангом вӕййынц!» Уыцы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый сӕхицӕй зонынц, бӕллӕхты рӕстӕг йе ’мчырыстӕттӕн чи феххуыс кӕны, уыдон. Иу хистӕр нӕлгоймаг донивылды фӕстӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кодта, ӕмӕ афтӕ загъта: «Уыцы зын рӕстӕг ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ хотӕн куы ’ххуыс кодтон, уӕд мӕ зӕрдӕйӕн ноджы зынаргъдӕр систы». Иу хо, кӕй йын баххуыс кодтой, уый тыххӕй тынг бузныг уыд, ӕмӕ загъта: «Ӕнӕхъӕн зӕххыл нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны фӕрцы мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Дзӕнӕты дӕн!» (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17:17.)

17. а) Исайы 41:13 фыст ныхӕстӕ ӕххуыс кӕныны хъуыддагимӕ куыд баст сты? ӕ) Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй Йегъовӕйӕн кад кӕй хӕссӕм, стӕй уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕй кӕнӕм, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс. (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Барвӕндон кусджытӕ ӕххуыс кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр».)

17 Бӕллӕх кӕм ӕрцӕуы, уырдӕм барвӕндон кусджытӕ куы ’рцӕуынц, уӕд бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕхиуыл бавзарынц, Хуыцау, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй ӕххӕст кӕны. Уый загъта: «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Ис. 41:13). Ӕрдзон бӕллӕхы чи бахауд, иу ахӕм хо загъта: «Бӕстӕ куыд ныппырх, уымӕ кӕсгӕйӕ мӕ ӕппындӕр ницӕйуал ныфс уыди, фӕлӕ мӕм Йегъовӕ йе ’ххуысы къух бадардта. Ӕфсымӕртӕ мын уӕд куыд баххуыс кодтой, уымӕн аргъ дӕр нӕй!» Дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы зӕххӕнкъуысты фӕстӕ се ’мбырдты номӕй ныффыстой: «Ацы зӕххӕнкъуыст нын стыр маст бавзарын кодта, фӕлӕ нын Йегъовӕ не ’фсымӕрты уылты тынг баххуыс кодта. Ахӕм уавӕрты ӕфсымӕртӕ ӕххуысмӕ куыд фӕзынынц, уый тыххӕй-иу раздӕр ӕрмӕстдӕр нӕ литературӕйы бакастыстӕм. Фӕлӕ йӕ ныр нӕхи цӕстӕй федтам».

Дӕуӕн дӕр дӕ бон у баххуыс кӕнын?

18. Кӕд дӕу дӕр фӕнды, бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын, уӕд дӕ бон цы у саразын? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Уый йын йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр фӕивта».)

18 Бӕллӕхы чи бахауы, уыцы чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ не ’фсымӕртӕ цы циндзинад банкъарынц, уый дӕу дӕр фӕнды банкъарын? Кӕд о, уӕд дӕ рох ма уӕд, уыцы хъуыддагӕн арӕхдӕр кӕй равзарынц, Паддзахады залтӕ чи фӕаразы, уыдоны. Уӕдӕ де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъ, анкетӕ байдзаг кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн рагӕй чи ӕххуыс кӕны, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг загъта: «Бӕллӕх кӕм ӕрцыд, ахӕм ранмӕ-иу ацӕут, ӕххуысы комитет уӕ куы фӕхона, ӕрмӕстдӕр уӕд». Афтӕ куы архайӕм, уӕд ӕххуыс кӕныны хъуыддаг цӕудзӕн уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.

19. Не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы куыд бӕлвырд кӕнӕм, ӕцӕгдӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, уый?

19 Не ’мчырыстӕттӕн бӕллӕхты рӕстӕг кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй ӕххӕст кӕнӕм, Йесо Чырысти нын цы бафӕдзӕхста, уый, «уӕ кӕрӕдзийы уарзут», зӕгъгӕ. Нӕ уарзондзинад афтӕмӕй кӕй ӕвдисӕм, уымӕй бӕлвырд кӕнӕм, ӕцӕгдӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм (Иоан. 13:34, 35). Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион адӕмӕн зын сахат чи баххуыс кӕны ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад чи хӕссы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сты тынг бирӕ ӕмӕ махӕн сты стыр арфӕдзинад!

a Ацы сӕры дзырд цӕуы, не ’мчырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм, ууыл. Фӕлӕ арӕх, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн дӕр баххуыс кӕнӕм (Гал. 6:10).

b Павел «кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры» кой кӕнгӕйӕ спайда кодта грекъаг дзырд диаконос-ӕй (1 Тим. 3:12).

c Кӕс 1994 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 23–27 фӕрстӕ (уырыс.).