Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 СӔР

Хуыцауы Паддзахад йе знӕгты ныццӕгъддзӕн

Хуыцауы Паддзахад йе знӕгты ныццӕгъддзӕн

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Армагеддоны размӕ чи ’рцӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ

1, 2. а) Нӕ Паддзахӕн 1914 азӕй фӕстӕмӕ бартӕ йӕ къухы кӕй сты, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Ацы сӕры цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

 ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДӔН йе знӕгты ’хсӕн цас бантыст, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ уырнындзинад тынг бафидар вӕййы (Пс. 110:2). Нӕ Паддзах скодта зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты ӕфсад. Йӕ фӕдылдзӕуджыты ссыгъдӕг кодта мӕнг дины ӕгъдӕуттӕй ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сыгъдӕг цард кӕной. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ архайынц, цӕмӕй нӕ ныддихтӕ кӕной, уӕддӕр ӕгас дунейы дӕр не ’хсӕн ис иудзинад. Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ къухы цы стыр хъуыддӕгтӕ бафтыд, уыдон ирдӕй ӕвдисынц, 1914 азы нӕ Паддзах бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ Паддзахады знӕгты ’хсӕн кӕй архайы.

2 Тагъд рӕстӕджы та Хуыцауы Паддзахад ноджы диссагдӕр хъуыддӕгтӕ сараздзӕн. Уый «ӕрцӕудзӕн», цӕмӕй йе знӕгты «ныппырх кӕна ӕмӕ [сӕ] фесафа» (Матф. 6:10; Дан. 2:44). Фӕлӕ уал уый размӕ ӕрцӕудзӕн ӕндӕр ахсджиаг хабӕрттӕ. Цавӕр хабӕрттӕ? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй нӕ ӕркӕсын хъӕуы Библийӕ цалдӕр пехуымпарадмӕ.

Ӕнӕнхъӕлӕджы се сӕфт куы ’рцӕуа, уый размӕ цы уыдзӕн

3. Кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы хабӕрттӕй фыццаг цы у?

3 Расиддзысты сабырдзинад. Апостол Павел фессалоникӕгтӕм фыстӕджы ныффыста, цы хабӕрттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыдонӕй фыццаджы тыххӕй. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3.) Павел дзуры «Йегъовӕйы боны» тыххӕй. Уыцы бон райдайдзӕн, «Стыр Вавилоны» ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уымӕй (Рарг. 17:5). Фӕлӕ Йегъовӕйы бон куы райдайа, уый хӕдразмӕ адӕмтӕ дзурдзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» Ацы ныхӕстӕ, чи зоны, иу хатт зӕгъой, чи зоны – цалдӕр хатты дӕр, ӕмӕ йӕ адӕм ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты. Цымӕ уыцы хъуыддаджы дины разамонджытӕ дӕр архайдзысты? Уыдон дӕр ацы дунейӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, адӕмтимӕ иумӕ дзурдзысты, «мӕнӕ, фарн!», зӕгъгӕ (Йер. 6:14; 23:16, 17; Рарг. 17:1, 2). Ӕмӕ афтӕ куы дзурой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы бон мӕнӕ-мӕнӕ кӕй райдайдзӕн. Уӕд Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ «ницы хуызы аирвӕздзысты».

4. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3 стихты фыст пехуымпарад кӕй ӕмбарӕм, уый нын цы пайда хӕссы?

4 Мах ӕмбарӕм, ацы пехуымпарад цӕуыл дзурӕг у, уый. Ӕмӕ нын уый цы пайда хӕссы? Павел афтӕ загъта: «Сымах... талынджы не стут, цӕмӕй уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафа, боны рухс давджыты куыд ӕрӕййафы, афтӕ» (1 Фес. 5:3, 4). Иннӕ адӕмӕй уӕлдай мах ӕмбарӕм, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны фӕстӕ цы уыдзӕн. Фӕлӕ, сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад кӕй расиддзысты, уыцы пехуымпарад бӕлвырдӕй куыд сӕххӕст уыдзӕн? Уый рӕстӕг равдисдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр «уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» (1 Фес. 5:6; Соф. 3:8).

Стыр бӕллӕхы райдиан

5. «Стыр бӕллӕх» цӕмӕй райдайдзӕн?

5 Динты ныхмӕ рацӕудзысты. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Павелы ныхӕстӕ: «Афтӕ куы дзурой: «„Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!“, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт». Арвӕрттывды фӕстӕ уайтагъд арв куыд ныннӕры, афтӕ, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» куы расидой, уый фӕстӕ уайтагъд «ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт». Фӕлӕ кӕмӕн? Фыццаг уал «Стыр Вавилонӕн», ома, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонӕн. Библи ма йӕ хоны «хӕтаг сылгоймаг» дӕр (Рарг. 17:5, 6, 15). Чырыстон динтӕ ӕмӕ иннӕ мӕнг динты организацитӕ иууылдӕр сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд уый уыдзӕн «стыр бӕллӕхы» райдиан (Матф. 24:21; 2 Фес. 2:8). Бирӕтӕн уыцы хабар уыдзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тӕккӕ уыцы боны онг хӕтаг сылгоймаг афтӕ хъуыды кӕндзӕн, зӕгъгӕ, «паддзах» дӕн ӕмӕ «маст никуы фендзынӕн». Фӕлӕ йӕ ӕвиппайды бамбардзӕн, йӕхицӕй афтӕ ныфсджын дзӕгъӕлы кӕй уыд. Йе сӕфт ӕрцӕудзӕн тынг тагъд, зӕгъӕн ис, «иу бонмӕ» (Рарг. 18:7, 8).

6. «Стыр Вавилоны» ныхмӕ чи рацӕудзӕн?

6 «Стыр Вавилоны» ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Уый у, «дӕс сыкъайы» кӕмӕн ис, ахӕм «сырд». Раргомады чиныг куыд ӕвдисы, афтӕмӕй уыцы сырд у Иугонд Нациты Организаци. «Дӕс сыкъайы» та сты, уыцы «сырх-сырхид сырдӕн» чи ӕххуыс кӕны, уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр (Рарг. 17:3, 5, 11, 12). Ӕмӕ йын цы бакӕндзысты? Иугонд Нациты Организацийы цы адӕмтӕ ис, уыдон уыцы хӕтаг сылгоймагӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй ницыуал ныууадздзысты, «бахӕрдзысты» йӕ ӕмӕ «йӕ арты басудздзысты». (Бакӕс Раргомад 17:16.) a

7. Матфейы 24:21, 22 стихты ныхӕстӕ 1 ӕнусы куыд сӕххӕст сты ӕмӕ фидӕны та куыд сӕххӕст уыдзысты?

7 Уыцы бонтӕ фӕцыбыр уыдзысты. Нӕ Паддзах раргом кодта, стыр бӕллӕхы рӕстӕг дарддӕр хабар куыд уыдзӕн, уый. Йесо загъта: «Ӕвзӕрстыты тыххӕй фӕцыбыр уыдзысты уыцы бонтӕ». (Бакӕс Матфейы 24:21, 22.) Йесойы ныхӕстӕ фыццаг хатт сӕххӕст сты н. э. 66 азы. Уӕд Йегъовӕ «фӕцыбыр кодта», Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалиммӕ куы ӕрбабырстой, уыцы рӕстӕг (Мар. 13:20). Ӕмӕ уый фӕрцы, Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы цы чырыстӕттӕ уыд, уыдон фервӕзтысты. Стыр бӕллӕхы рӕстӕджы та ӕнӕхъӕн дунейы хабар куыд уыдзӕн? Иугонд Нациты Организаци динты ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд Йегъовӕ нӕ Паддзахы уылты уыцы рӕстӕг «фӕцыбыр кӕндзӕн», ӕмӕ раст дин мӕнг динтимӕ иумӕ фесафын нӕ бауадздзӕн. Уыйадыл, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динты организацитӕ ис, уыдонӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн, ӕмӕ ма зӕххыл баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр раст дин (Пс. 96:5). Ныр та ӕркӕсӕм, стыр бӕллӕхы ацы хай куы фӕуа, уӕд уый фӕстӕ цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уымӕ.

Цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн Армагеддоны хӕдразмӕ

8, 9. Арвыл цавӕр ӕнахуыр хабӕрттӕ уыдзӕн фенӕн ӕмӕ уыдӕттӕ уынгӕйӕ адӕм куыд кӕндзысты?

8 Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уымӕй базонӕн ис, Армагеддоны хӕдразмӕ цалдӕр ахсджиаг хабары кӕй ӕрцӕудзӕн. Фыццаг дыууӕ хабары тыххӕй фыст ис Матфейы, Марчы ӕмӕ Лукайы Евангелиты. (Бакӕс Матфейы 24:29–31; Мар. 13:23–27; Лук. 21:25–28.)

9 Арвыл фенӕн уыдзӕн ӕнахуыр хабӕрттӕ. Йесо загъта: «Хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй рухс нал кӕндзӕн, стъалытӕ арвӕй ӕрхаудзысты». Бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕм дины разамонджытӕм, кӕй сын рухс кӕндзысты, ома сын разамынд кӕй дӕтдзысты, уымӕ нал ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты. Мыййаг, Йесо уый кой дӕр кодта, ӕмӕ арвыл ӕцӕгӕй цавӕрдӕр ӕнахуыр хабӕрттӕ уыдзӕн фенӕн? Чи зоны, о (Ис. 13:9–11; Иоил 2:1, 30, 31). Адӕм уыдӕттӕ куы уыной, уӕд куыд кӕндзысты? «Хъизӕмар кӕндзысты», уымӕн ӕмӕ «сӕ сӕрӕн ницыуал зондзысты» (Лук. 21:25; Соф. 1:17). Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ иууылдӕр – паддзахӕй-цагъарӕй – «фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты» ӕмӕ ӕмбӕхсӕн агурдзысты. Фӕлӕ, нӕ Паддзахы судзгӕ мастӕй кӕм бамбӕхсой, ахӕм ӕдас бынат не ссардзысты (Лук. 21:26; 23:30; Рарг. 6:15–17).

10. а) Йесо цавӕр тӕрхон рахӕсдзӕн? ӕ) Уыцы тӕрхон хаст куы ’рцӕуа, уӕд, Хуыцауы Паддзахады фарс чи уа, уыдон сӕхи куыд дардзысты? Йӕ ныхмӕ чи цӕуа, уыдон та?

10 Тӕрхон хаст ӕрцӕудзӕн. Уый фӕстӕ Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕстыты раз ӕрцӕудзӕн иу хабар, ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕ ноджы фӕтыхджындӕр уыдзысты. Йесо загъта, зӕгъгӕ, уыдон «фендзысты Адӕймаджы Фырты мигътыл стыр тых ӕмӕ кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Мар. 13:26). Йесо ахӕм диссаджы хуызы йӕ тых куы равдиса, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ӕрцыд тӕрхон рахӕссынмӕ. Уыцы рӕстӕг цавӕр тӕрхон ӕрцӕудзӕн хаст, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уымӕн йӕ иннӕ хайӕ – фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй. (Бакӕс Матфейы 25:31–33, 46.) Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион чи уа, уыдон нымад ӕрцӕудзысты «фыстыл», ӕмӕ сӕ «сӕртыл схӕцдзысты», уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбардзысты, «сӕ ирвӕзындзинад [кӕй] ӕрхӕстӕг» (Лук. 21:28). Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ та нымад ӕрцӕудзысты «сӕгътыл», ӕмӕ «сӕхи хойдзысты», уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбардзысты, «ӕнустӕм [кӕй] фесӕфдзысты» (Матф. 24:30; Рарг. 1:7).

11. Фидӕны хабӕрттыл ныхас кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

11 Йесо «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» куы стӕрхон кӕна, уый фӕстӕ дӕр ма, цалынмӕ Армагеддоны хӕст нӕ райдайа, уӕдмӕ хъуамӕ ӕрцӕуа цалдӕр ахсджиаг хабары (Матф. 25:32). Мах ӕркӕсдзыстӕм уыцы хабӕрттӕй дыууӕмӕ: Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбырдгонд ӕрцӕудзысты. Ацы дыууӕ хабарыл ныхас кӕнгӕйӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, бӕлвырдӕй кӕд ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы кӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй, ӕвӕццӕгӕн, иу хабар нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ иннӕ райдайдзӕн.

12. Хӕйрӕг Хуыцауы Паддзахадимӕ куыд схӕцдзӕн?

12 Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзысты. Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог рацӕудзӕн, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдоны ныхмӕ ӕмӕ ӕндӕр фысты ныхмӕ. (Бакӕс Йезекилы 38:2, 11.) Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ тох кӕны, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонимӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахадимӕ ацы тох уыдзӕн йӕ фӕстаг тох (Рарг. 12:7–9, 17). Чырыстон ӕмбырд фӕстӕмӕ йӕ къахыл куы слӕууыд ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты уырдӕм ӕмбырд кӕнын куы райдыдтой, уӕлдайдӕр уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй сӕ ӕнӕхай фӕкӕна, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты, уыдонӕй. Ӕмӕ йын дзы ницы уайы (Матф. 13:30). Фӕлӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динты организацитӕ ис, уыдонӕй иу дӕр куы нал уа, уӕд афтӕ зындзӕн, цыма Хуыцауы адӕмӕн «къултӕ нӕй, нӕй сын нӕдӕр дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ, нӕдӕр дуӕрттӕ», афтӕмӕй сӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй цӕрынц. Уӕд Хӕйрӕг йӕхицӕн зӕгъдзӕн, ныр ма мын кӕдӕм аирвӕздзысты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, кӕй уылты архайы, уыдоны ахӕм зондыл сараздзӕн, цӕмӕй, Хуыцауы Паддзахады фарс чи уа, уыдоныл сӕхи ныццӕвой.

13. Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕрыл куыд рахӕцдзӕн?

13 Йезекил радзырдта, цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй. Гогы тыххӕй пехуымпарады фыст ис: «Ды рацӕудзынӕ дӕ бынатӕй, цӕгаты кӕрӕттӕй, ӕмӕ демӕ уыдзӕн бирӕ адӕмтӕ, иууылдӕр баддзысты бӕхтыл, тынг бирӕ адӕм, ӕнӕнымӕц ӕфсад. Ды ӕнӕмӕнг рацӕудзынӕ мӕ адӕмы... ныхмӕ, уыдзынӕ, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъты хуызӕн» (Йез. 38:15, 16). Афтӕ зындзӕн, цыма йӕ ничи ӕмӕ ницы бауромдзӕн. Цымӕ уыцы уавӕры Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн? Йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Фырмӕстӕй мӕ фындзыхуынчъытӕй кӕлдзӕн арт». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм ноджыдӕр бафтыдта: «Ӕз... расиддзынӕн, цӕмӕй Гогы ныхмӕ рацӕуа хъама» (Йез. 38:18, 21; бакӕс Захарийы 2:8). Йегъовӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты сӕрыл рахӕцдзӕн. Уый уыдзӕн Армагеддоны хӕст.

14, 15. Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уый фӕстӕ ноджыдӕр цавӕр хабар ӕрцӕудзӕн?

14 Йегъовӕ Армагеддоны хӕсты йӕ адӕмы куыд бахъахъхъӕндзӕн, уымӕ гыццыл фӕстӕдӕр ӕркӕсдзыстӕм. Ныр та уал ахъуыды кӕнӕм иннӕ ахсджиаг хабарыл. Ацы хабар ӕрцӕудзӕн, Хӕйрӕг Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уый фӕстӕ ӕмӕ, цалынмӕ Армагеддон нӕ райдайа, уӕдмӕ. 11 абзацы куыд загътам, афтӕмӕй дыккаг ахсджиаг хабар у, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон уӕлӕрвтӕм ӕмбырдгонд кӕй ӕрцӕудзысты, уый.

15 Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбырдгонд ӕрцӕудзысты. Йесо «йе ’взӕрст адӕмы» тыххӕй, ома сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕтты тыххӕй, цы загъта, уый Матфей дӕр ӕмӕ Марк дӕр ныффыстой, Армагеддоны хӕдразмӕ цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоны тыххӕй кӕм дзурынц, уым. (Кӕс 7 абзац.) Йесо, Паддзах уӕвгӕйӕ цы сараздзӕн, уый тыххӕй загъта: «Уӕд уый йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ» (Мар. 13:27; Матф. 24:31). Цымӕ ам Йесо цӕй кой кодта? Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдайа, уӕдмӕ, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоныл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн (Рарг. 7:1–3). Фӕлӕ Йесо уый кой нӕ кодта. Йесо дзырдта, стыр бӕллӕхы рӕстӕг цы хабар ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Уӕдӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уымӕй цасдӕры фӕстӕ, сӕрстытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон уӕлӕрвтӕм ӕмбырдгонд ӕрцӕудзысты.

16. Чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ Армагеддоны хӕсты куыд архайдзысты?

16 Сӕрстытӕ уӕлӕрвтӕм ӕмбырдгонд кӕй ӕрцӕудзысты, уый куыд у баст, дарддӕр цы хабар ӕрцӕудзӕн, уыимӕ, ома Армагеддонимӕ? Сӕрстытӕ ӕмбырдгонд кӕд хъуамӕ ӕрцӕуой, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕн ис, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕст Армагеддон нӕ райдайа, уӕдмӕ сӕрстытӕ иууылдӕр уыдзысты уӕлӕрвты. Ӕмӕ уӕлӕрвты 144 минӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн бартӕ, цӕмӕй Чырыстиимӕ иумӕ «ӕфсӕйнаг лӕдзӕг» райсой ӕмӕ дзы Хуыцауы Паддзахады знӕгты ныццӕгъдой (Рарг. 2:26, 27). Ӕмӕ уӕд, чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ хъомысджын зӕдтимӕ иумӕ ацӕудзысты сӕ Паддзах ӕмӕ Хъомысджын Ӕфсӕддон Чырыстийы фӕдыл, цӕмӕй йемӕ иумӕ знӕгты «ӕнӕнымӕц ӕфсады» ныхмӕ ӕрлӕууой ӕмӕ сӕ ма бауадзой сӕ амӕттаджы, Йегъовӕйы адӕмы, аныхъуырын (Йез. 38:15). Уыцы дыууӕ стыр ӕфсады кӕрӕдзиимӕ куы схӕцой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Армагеддоны хӕст райдыдта! (Рарг. 16:16).

Стыр бӕллӕхы диссаджы кӕрон

Армагеддоны хӕст райдыдта!

17. Армагеддоны хӕсты «сӕгътӕ» цы бауыдзысты?

17 Чырысти тӕрхон сӕххӕст кӕндзӕн. Армагеддоны хӕст уыдзӕн стыр бӕллӕхы кӕрон. Уыцы рӕстӕг Йесо йӕхимӕ райсдзӕн ноджыдӕр иу хӕс. «Ӕппӕт адӕмты» Тӕрхонгӕнӕг суыдзӕн, цы тӕрхон рахаста, уый ӕххӕстгӕнӕг дӕр – ома уымӕй размӕ кӕмӕн стӕрхон кодта ӕмӕ «сӕгътыл» кӕй банымадта, уыцы адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр йӕ фыдӕх ныккалдзӕн (Матф. 25:32, 33). Нӕ Паддзах «даргъ цыргъ хъамайӕ... адӕмты ныццӕгъддзӕн». Сӕгътау ӕгоммӕгӕс чи у, уыдон се ’ппӕт дӕр «ӕнустӕм фесӕфдзысты» – «паддзӕхтӕй» райдай ӕмӕ «цагъартӕй» фӕу (Рарг. 19:15, 18; Матф. 25:46).

18. а) «Фыстӕн» тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм куыд фӕкъул уыдзӕн? ӕ) Йесо йе знӕгтыл кӕронмӕ куыд фӕуӕлахиз уыдзӕн?

18 Йесо «фыстыл» кӕй банымайдзӕн, уыдонӕн та тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм фӕкъул уыдзӕн! Кӕд, «фыстау» ӕнӕбон чи зындзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» «сӕгътӕ», ома Хӕйрӕджы ӕнӕнымӕц ӕфсад, сӕ къӕхты бын ныккӕнынмӕ хъавдзысты, уӕддӕр сӕрӕгасӕй баззайдзысты ӕмӕ «стыр бӕллӕхы сӕрты... ахиздзысты» (Рарг. 7:9, 14). Йесо Хуыцауы Паддзахады зӕххон знӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр куы фӕуӕлахиз уа ӕмӕ сӕ куы ныццӕгъда, уӕд Сайтаны ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты «дӕлдзӕхмӕ» ныппардзӕн. Уым мин азы дӕргъы мардӕй уӕлдай нӕ уыдзысты, сӕ бон ницы уыдзӕн аразын. (Бакӕс Раргомад 6:2; 20:1–3.)

Нӕхи куыд бацӕттӕ кӕнӕм?

19, 20. Исайы 26:20 стихы ӕмӕ 30:21 стихы цы фыст ис, уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?

19 Тагъд ӕнӕхъӕн дуне дӕр чи базмӕлын кӕндзӕн, уыцы хабӕрттӕм нӕхи куыд бацӕттӕ кӕнӕм? Цалдӕр азы размӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Ирвӕзындзинад баст уыдзӕн коммӕгӕсдзинадыл». Афтӕ цӕмӕн у? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, кӕддӕр дзуттӕгтӕ Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд сӕ Йегъовӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста. Йегъовӕ бирӕ раздӕр загъта, Вавилон кӕй басӕтдзысты. Фӕлӕ уыцы хабармӕ Хуыцауы адӕм сӕхи куыд хъуамӕ бацӕттӕ кодтаиккой? Йегъовӕ загъта: «Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа» (Ис. 26:20). Дӕ хъус-ма ӕрдар, ацы стихы цы мивдисджытӕ ис, уыдонмӕ: «ацӕут», «бацӕут», «сӕхгӕнут», «бамбӕхсут». Иууылдӕр сты бардзырды хуызы. Ацы фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыцы дзуттӕгтӕ сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ нӕ рацыдысты ӕмӕ сӕхи бахызтой, Вавилон чи басаста ӕмӕ уынгты чи рацу-бацу кодта, уыцы ӕфсӕддонтӕй. Куыд ӕй уынӕм, афтӕмӕй сӕ ирвӕзындзинад ӕцӕгдӕр баст уыд, Йегъовӕ сын цы загъта, уымӕ байхъуыстаиккой ӕви нӕ, ууыл b.

20 Ацы хабарӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Раджы заманты Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ирвӕзындзинад цӕуыл баст уыди, ууыл баст у абон мах ирвӕзындзинад дӕр – Йегъовӕйы амындтӕм хъусдзыстӕм ӕви нӕ (Ис. 30:21). Йегъовӕ нын уыцы амындтӕ дӕтты ӕмбырды уылты. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сахуыр уӕм уыцы амындтӕм зӕрдиагӕй хъусын (1 Иоан. 5:3). Абон афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын фидӕны дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн коммӕ кӕсын. Ӕмӕ нӕ уӕд нӕ Фыд Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Паддзах Йесо бахъахъхъӕндзысты (Соф. 2:3). Уый фӕрцы нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад йе знӕгты се ’ппӕты дӕр куыд ныццӕгъддзӕн, уый. Уыцы диссаджы бон нӕ ӕнустӕм дӕр нӕ ферох уыдзӕн!

a Ӕвӕццӕгӕн, раст уыдзӕн ахӕм хатдзӕг скӕнын, ӕмӕ, «Стыр Вавилон» сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый фылдӕр амоны, динон организацитӕ сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, уымӕ – дингӕнӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй ныццӕгъддзысты, уымӕ нӕ, фӕлӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Вавилоны динтыл хӕст чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыцы рӕстӕг сӕфт не ’рцӕудзысты. Ӕмӕ Захарийы 13:4–6 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕппынкъаддӕр иннӕты раз, сӕхи афтӕ дардзысты, цыма сын динимӕ иумӕйагӕй ницы ис.

b Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Исайы пехуымпарад – рухс ӕппӕт адӕмӕн», 1 том, 282, 283 фӕрстӕ (уырыс.).