Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 СӔР

Хуыцауы Паддзахад зӕххыл сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон

Хуыцауы Паддзахад зӕххыл сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцау зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый

1, 2. а) Иуӕй-иу хатт нын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы, Дзӕнӕты куыд цӕрдзыстӕм, уый нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? ӕ) Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй цӕй фӕрцы ӕууӕнддзыстӕм?

 ХУЫЦАУӔН иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр ӕмбырдмӕ тынг фӕлладӕй ӕрбацыд. Иуӕй, куысты йӕ хицауӕй йӕ бон нал у, йӕ зӕрдӕмӕ никуы ницы фӕцӕуы. Иннӕмӕй, мӕт кӕны, йӕ бинонты куыд фӕдара, ууыл. Стӕй йӕ бинойнаг уӕззау низимӕ тох кӕны, ӕмӕ йын уый дӕр ӕнцой нӕ дӕтты. Уӕдмӕ фыццаг зарӕджы музыкӕ райхъуыст, ӕмӕ йӕ риуыдзаг сулӕфыд. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ Паддзахады залы кӕй ис, уый йын тынг ӕхсызгон у. Зарӕг у ног дунейы тыххӕй ӕмӕ йӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ цӕстытыл ауайын кӕна, цыма йӕхӕдӕг дӕр уым ис. Ацы зарӕг йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Ӕмӕ та йӕ ныр дӕр, йӕ бинонтӕ йӕ фарсмӕ, афтӕмӕй зары, ӕмӕ йын уыцы ныфс гыццылгай йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр кодта.

2 Дӕуӕн дӕр афтӕ искуы уыди? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ фылдӕр зӕгъдзысты, куыннӕ уыди, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд нын ацы зӕронд дунейы алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, Дзӕнӕты куыд цӕрдзыстӕм, уый нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Ацы «фӕстаг бонты» скодта «тынг уӕззау рӕстӕг», ӕмӕ ацы дунейы цард дзӕнӕты хуызӕн ӕппындӕр нӕу (2 Тим. 3:1). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ног дуне алкӕддӕр нӕ цӕстыты раз уа? Ӕмӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, тагъд ӕгас зӕхх дӕр Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй уыдзӕн? Ӕркӕсӕм, раджы заманты Хуыцауы адӕмӕн сӕ цӕстыты раз чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтӕй цалдӕрмӕ. Уый фӕстӕ аныхас кӕндзыстӕм, уыцы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм пехуымпарӕдтӕ дӕр нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕнынц, ууыл. Уый нын нӕ уырнындзинад тынг бафидар кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд нӕ хъус ӕрдардзыстӕм, уыцы пехуымпарӕдтӕ фидӕны куыд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ.

Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ раджы заманты куыд сӕххӕст кодта

3. Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн стыр ныфсы хос цавӕр пехуымпарад уыди?

3 Нӕ эрӕйы размӕ 6 ӕнусы дзуттӕгтӕ Вавилоны уацары куыд цардысты, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Бирӕтӕ схъомыл сты уацары, уӕдӕ сӕ ныййарджытӕ дӕр афтӕ, ӕмӕ сӕ цард ӕнцон нӕ уыд. Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй-иу сӕ вавилойнӕгтӕ хынджылӕг кодтой (Пс. 137:1–3). Бирӕ азты дӕргъы уыцы бӕстӕйы иузӕрдион дзуттӕгтӕ цардысты, цы фидӕн сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый ныфсӕй: Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, фӕстӕмӕ сӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ кӕй ӕркӕндзӕн ӕмӕ уым диссаджы уавӕрты кӕй цӕрдзысты. Иудӕйы зӕхх ма Едемы цӕхӕрадонимӕ дӕр абарста, ома дзӕнӕтимӕ! (Бакӕс Исайы 51:3.) Хуыцау йӕ адӕмӕн уыдӕттӕй зӕрдӕ уый тыххӕй бавӕрдта, цӕмӕй сӕ ныфс бауагътаид ӕмӕ-иу уый фӕрцы сӕ зӕрдӕтӕй дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕсырдтаиккой. Цӕй уӕдӕ уыцы пехуымпарӕдтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

4. Йегъовӕ дзуттӕгтӕн куыд бамбарын кодта, сӕ райгуырӕн зӕххыл сын тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн, уый?

4 Цӕрдзысты ӕдасӕй. Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ хъуамӕ ӕрыздӕхтаиккой, 70 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг чи уыд, уыцы дард бӕстӕмӕ. Уыцы зӕхх дзӕнӕт нӕ уыд ӕмӕ йӕ сӕ фылдӕр уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Библийы цы бӕстӕты кой цӕуы, уыцы бӕстӕты уӕды заманты домбӕйттӕ, бирӕгътӕ, фыранктӕ ӕмӕ ӕндӕр тугдзых сырдтӕ арӕх уыдысты. Ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн уыд, ахӕм нӕлгоймаг, чи зоны, хъуыды кодтаид: «Мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты сырдтӕй куыд бахиздзынӕн? Науӕд мӕ фыстӕ ӕмӕ ме стуртӕн та цы кӕндзынӕн, куыд сӕ хъахъхъӕндзынӕн?» Кӕд-иу уыдӕттыл мӕт кодтой, уӕд дзы диссагӕй ницы ис. Ӕмӕ-ма уӕд ахъуыды кӕн, Исайы 11:6–9 стихты цы зӕрдӕвӕрд фыст ис, уый сӕ цас ныфс бауагътаид. (Бакӕс сӕ.) Уыцы рӕсугъд, зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй Йегъовӕ, уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн бамбарын кодта, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн. Домбай, дам, хӕрдзӕн хъӕмп, ома дзуттӕгтӕн сӕ фосмӕ нӕ бавналдзӕн. Иузӕрдион дзуттӕгты ахӕм тугдзых сырдтӕй тӕрсын ӕппындӕр нӕ хъуыди. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Иудӕйы зӕхмӕ куы ӕрыздӕхой, уӕд сын суанг ӕдзӕрӕг быдыры дӕр ӕмӕ хъӕды дӕр тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн (Йез. 34:25).

5. Хуыцау йӕ адӕмӕн цавӕр пехуымпарӕдты фӕрцы бавӕрдта зӕрдӕ, цух кӕй ницӕмӕй ӕййафдзысты, уымӕй?

5 Алцыдӕр уыдзӕн парахатӕй. Дзуттӕгтӕм-иу, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хъуыдытӕ дӕр фӕзынд: «Нӕ райгуырӕн зӕхмӕ куы ӕрыздӕхӕм, уӕд мӕ бинонтӕн цы хӕрын кӕндзынӕн? Кӕм цӕрдзыстӕм? Исты куыст мын уыдзӕн? Уацары нӕ чи ракодта, уыдоны ӕфсондзы бын ам хъизӕмарӕй мӕлӕм. Фӕлӕ уырдӕм куы ацӕуӕм, уӕд, тӕдзынӕгӕй цыхцырӕгмӕ куыд рацӕуай, нӕ хабар афтӕ нӕ рауайдзӕн?» Йегъовӕ ӕмбӕрста, ахӕм фарстатӕ дӕр сӕм кӕй фӕзындзӕн, ӕмӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ коммӕгӕс адӕм къӕвдайӕ цух кӕй не ’ййафдзысты, ӕмӕ сын сӕ зӕхх кӕй дӕтдзӕн «хӕрзад ӕмӕ сойджын дзул», ома хъӕздыг тыллӕг (Ис. 30:23). Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ сын куыст дӕр кӕй уыдзӕн: «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра» (Ис. 65:21, 22). Мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг вавилойнӕгты дӕлбар куыд цӕрынц, уыимӕ абаргӕйӕ сын уыдзӕн диссаджы цард. Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис, уӕвгӕ сӕ уацары цӕмӕн акодтой, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй та – ӕппӕты тынгдӕр сӕ цы хъуамӕ тыхсын кодтаид, уый тыххӕй?

6. Хуыцауы адӕм цавӕр «низтӕй» уыдысты рынчын ӕмӕ, уацарӕй фӕстӕмӕ чи хъуамӕ ӕрыздӕхтаид, уыдонӕн Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

6 Сӕ «низтӕй» сдзӕбӕх уыдзысты. Хуыцауы адӕмы уацары куы акодтой, уымӕй бирӕ раздӕр Йегъовӕйӕ афтӕ адард сты, ӕмӕ йӕ цӕсты рынчынтӕй уӕлдай нал уыдысты. Йегъовӕ сын пехуымпар Исайы уылты загъта: «Уӕ сӕр иууылдӕр у цӕфтӕ, уӕ зӕрдӕтӕ ныллӕмӕгъ сты» (Ис. 1:5). Уыцы дзуттӕгтӕ куырмытӕ ӕмӕ къуырматӕй уӕлдай нӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы уынаффӕтӕм нал хъуыстой ӕмӕ сын ӕргом цы ӕмбарын кодта, уыдӕттӕ фенын дӕр сӕ нӕ фӕндыд (Ис. 6:10; Йер. 5:21; Йез. 12:2). Ӕмӕ та уацарӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ дӕр афтӕ куы кодтаиккой, уӕд ӕдасӕй кӕцӕй цардаиккой? Йегъовӕйы хорзӕхӕй та ӕнӕхай нӕ фӕуыдаиккой? Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Уыцы бон къуырматӕ уыцы чиныджы ныхӕстӕ фехъусдзысты, куырмытӕ талынджы, саудалынджы уацарӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ цӕстӕй ракӕсдзысты» (Ис. 29:18). Йегъовӕ, кӕй бафхӕрдта ӕмӕ чи ’рфӕсмон кодта, уыдоны сдзӕбӕх кодтаид, ома йӕм фӕстӕмӕ баввахс уыдаиккой. Ӕмӕ йын цалынмӕ йӕ ныхӕстӕм хъуыстаиккой ӕмӕ йӕ коммӕ кастаиккой, уӕдмӕ сын разамынд лӕвӕрдтаид ӕмӕ сӕ царды фӕндагыл кодтаид.

7. Уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куыд сӕххӕст ӕмӕ нын уый нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны?

7 Цымӕ Йегъовӕ йӕ ныхасӕн хицау разынд? Уый бӕрӕг у историйӕ. Дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сын Йегъовӕ ӕцӕгдӕр раарфӕ кодта. Уыдон ӕдасӕй цардысты, алцыдӕр сын уыд парахатӕй ӕмӕ сӕ «низтӕй» сдзӕбӕх сты, ома Йегъовӕмӕ баввахс сты. Зӕгъӕм, Йегъовӕ сӕ хъахъхъӕдта, сӕ алыварс чи цард, уыцы адӕмтӕй, кӕд дзуттӕгтӕй тыхджындӕр ӕмӕ бирӕ фылдӕр уыдысты, уӕддӕр. Стӕй сын сӕ фос дӕр тугдзых сырдтӕ нӕ ныццагътой. Ӕцӕг, дзӕнӕты царды тыххӕй Исай, Йереми ӕмӕ Йезекил цы пехуымпарӕдтӕ ныффыстой, уыдон уыцы рӕстӕг ӕрмӕстдӕр иу бӕстӕйы сӕххӕст сты. Фӕлӕ уӕд куыд сӕххӕст сты, уый дӕр Хуыцауы адӕмӕн уыди диссаг, уымӕн ӕмӕ сын Йегъовӕ радта, уыцы рӕстӕджы сӕ цы хъуыди, уый. Йегъовӕ уӕд йӕ адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдзӕн. Ахъуыды-ма кӕн: уыцы пехуымпарӕдтӕ фыццаг хатт ӕрмӕстдӕр иу бӕстӕйы сӕххӕст сты, ӕмӕ уый диссаг уыди. Ӕмӕ, ӕнӕхъӕн зӕххыл куы сӕххӕст уыдаиккой, уӕд та куыд хъуамӕ уыдаид? Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ абон махӕн цы аразы, уымӕ.

Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы куыд райдыдта йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын

8. Абон Хуыцауы адӕм цавӕр «бӕстӕйы» цӕрынц?

8 Абон Йегъовӕйы адӕм иу кӕцыдӕр адӕмыхатт не сты, стӕй иу кӕцыдӕр бӕстӕйы дӕр нӕ цӕрынц. Сӕрст чырыстӕттӕ сты, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи райгуырд, ахӕм адӕм – «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16). Уыдон «ӕндӕр фыстимӕ» иумӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕрынц, Йегъовӕ Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕм лӕггад кӕнынц, ахӕм «бӕстӕйы» – уый у йӕ организаци. Хуыцауы адӕмӕн сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр баст у сӕ лӕггадимӕ (Иоан. 10:16; Ис. 66:8). Йегъовӕ нын цы «бӕстӕ» радта, уый абарӕн ис дзӕнӕтимӕ. Ӕмӕ уыцы «дзӕнӕты» диссаджы хуызы ӕххӕст кӕны, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны тыххӕй цы загъта, уый. Уӕдӕ уыцы зӕрдӕвӕрдтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

9, 10. а) Исайы 11:6–9 стихты цы пехуымпарад фыст ис, уый абон куыд ӕххӕст кӕны? ӕ) Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

9 Цӕрдзысты ӕдасӕй. Исайы 11:6–9-ӕм стихты цы пехуымпарад фыст ис, уый кӕсгӕйӕ нӕ цӕстытыл ауайы диссаджы ныв: адӕм ӕмӕ хӕдзарон фос хъӕддаг сырдтӕй нал тӕрсынц, хъӕддаг сырдтӕ та – уыдонӕй. Цымӕ ацы ныхӕстӕ абон ӕххӕст кӕнынц? Ӕнӕмӕнг! 9-ӕм стихы фыст ис, зӕгъгӕ, уыцы цӕрӕгойтӕ зиан нӕ хӕсдзысты ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты, «уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ». Цымӕ ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ цӕрӕгойтӕ Йегъовӕйы тыххӕй базонынц, ӕмӕ фӕивынц? Нӕ, ам адӕмы кой цӕуы. Иунӕг Стыр Хуыцауы чи базоны ӕмӕ, уыйау фарнуарзаг уа, ууыл чи фӕархайы, уыцы адӕм бынтон ӕндӕрхуызон адӕймӕгтӕ свӕййынц. Ӕмӕ уый фӕрцы абон нӕ «дзӕнӕты» нӕхи цӕстӕй уынӕм, уыцы диссаджы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи бакодтой Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕмӕ ахуыр кӕнынц, цӕмӕй ныууадзой, знӕт сырдты хуызӕн сӕ чи кӕны, уыцы миниуджытӕ ӕмӕ сӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ фӕрнӕй ӕмӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрой.

10 Зӕгъӕм, ацы чиныджы ӕркастыстӕм, чырыстӕттӕ ацы дунейӕ дард кӕй лӕууынц, уымӕ. Аныхас кодтам, Библийы уый тыххӕй цы фыст ис, ууыл ӕмӕ, Хуыцауы адӕм ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй баййафынц, ууыл дӕр. Мӕлӕтӕй сын тӕссаг куы уа, уӕд дӕр иннӕтӕн фыддзинад ракӕныныл не сразы уыдзысты. Ацы фыддунейы ахӕм адӕм кӕй ис,– ӕмӕ гыццыл дӕр не сты,– уый диссаг нӕу? Уымӕй фидардӕр бӕлвырдгӕнӕн ма цы хъуамӕ уа, Паддзах Чырыстийӕн йӕ адӕм, Исай цы фарны кой кодта, уыцы фарнӕй хайджын кӕй сты, уымӕн! Йесо йӕхӕдӕг загъта, йӕ фӕдылдзӕуджыты йын, сӕ кӕрӕдзи кӕй уарздзысты, уымӕй кӕй базондзысты (Иоан. 13:34, 35). Ӕмбырды мидӕг Чырысти «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты ӕцӕг чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр фӕразонӕй ахуыр кӕны, цӕмӕй фарнуарзаг ӕмӕ фӕлмӕн адӕймӕгтӕ уой ӕмӕ иннӕты уарзой (Матф. 24:45–47).

11, 12. Ацы дунейы адӕм ӕххормаг цӕмӕй сты, фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн парахатӕй цы дӕтты?

11 Алцыдӕр уыдзӕн парахатӕй. Ацы дунейы адӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй ӕххормаг ӕййафынц. Библийы фыст ис: «„Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз зӕххыл скӕнын кӕндзынӕн ӕххормаг заман, ӕрмӕст уӕд адӕм дзулӕй ӕххормаг ӕмӕ донӕй дойны нӕ уыдзысты, фӕлӕ, Йегъовӕйы ныхӕстӕ кӕй нал хъуысдзысты, уымӕй“» (Амос 8:11). Цымӕ, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕры, уыдон дӕр ӕййафынц ӕххормаг? Йегъовӕ бирӕ раздӕр загъта, йӕ адӕмӕн ӕмӕ йе знӕгтӕн сӕ уавӕр куыд тынг хицӕн кӕндзӕн, уый тыххӕй: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ хӕргӕ кӕндзысты, сымах та ӕххормаг уыдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дон нуаздзысты, сымах та дойныйӕ мӕлдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты, сымахӕн та фырхудинагӕй уӕ цӕсгом судздзӕн» (Ис. 65:13). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс?

12 Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн уыйбӕрц хӕринаг дӕтты, ӕмӕ йӕ абарӕн ис, стырӕй-стырдӕр ӕмӕ арфӕй-арфдӕр чи кӕны, ахӕм цӕугӕдонимӕ. Ацы дунейы адӕм ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй тухӕнӕй мӕлынц, махӕн та Библи ӕмбарынгӕнӕн хӕринаг ис парахатӕй, цӕугӕдон йӕ былтӕй куыд фӕкӕлы, афтӕ – нӕ публикацитӕ, аудиозаписьтӕ ӕмӕ кинотӕ, нӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ нӕ конгресстӕ, стӕй, нӕ сайты цы ӕрмӕг ис, уый (Йез. 47:1–12; Иоил 3:18). Йегъовӕ ацы хъуыддаджы йӕ ныхас куыд ӕххӕст кӕны ӕмӕ дын алы бон дӕр алцыдӕр парахатӕй кӕй дӕтты, уый дын дӕ циныл цин не ’фтауы? Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Йегъовӕйы фынгӕй алы бон дӕр фӕхӕрын?»

Не ’мбырдты фӕрцы стӕм ӕфсӕст, ӕдас ӕмӕ ӕнӕниз

13. Йегъовӕ абон куырмыты цӕстытӕ ӕмӕ къуырматы хъустӕ куыд байгом кӕны?

13 Сӕ «низтӕй» сдзӕбӕх уыдзысты. Абон ацы дунейы адӕм куырмытӕ ӕмӕ къуырматӕй уӕлдай не сты (2 Кор. 4:4). Фӕлӕ Чырысти адӕмы ӕгас дунейы дӕр дзӕбӕх кӕны уыцы «низтӕй». Искуы федтай, куырм адӕймаг цӕстӕй куыд ракаст ӕмӕ, къуырма чи уыд, уымӕн йӕ хъустӕ куыд байгом сты? Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм адӕмы зоныс, ӕмӕ сӕ кӕддӕр мӕнг дины ахуырӕдтӕ бакуырм кодтой, ныкъкъуырма кодтой, ӕмӕ рӕстдзинад бамбарын сӕ бон нӕ уыд. Фӕлӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый куы базыдтой, уӕд уыцы мӕнг ахуырӕдтӕй ссӕрибар сты. Ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕххӕст мӕнӕ ацы пехуымпарад: «Уыцы бон къуырматӕ уыцы чиныджы ныхӕстӕ фехъусдзысты, куырмытӕ талынджы, саудалынджы уацарӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ цӕстӕй ракӕсдзысты» (Ис. 29:18). Ӕнӕхъӕн дунейы алы аз дӕр цалдӕр сӕдӕ мин адӕймаджы сдзӕбӕх вӕййынц уыцы «низтӕй». Стыр Вавилонӕй чи рацыд ӕмӕ немӕ иумӕ нӕ «дзӕнӕты» ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын чи райдыдта, уыдонӕй алчидӕр у удӕгас бӕлвырдгӕнӕн, Йегъовӕ йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уымӕн!

14. Нӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ фидардӕр цӕй фӕрцы кӕндзӕн?

14 Ацы чиныджы алы сӕры дӕр ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, фӕстаг бонты Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕцӕг «дзӕнӕтмӕ» кӕй ӕрбакодта, уымӕн. Цӕй уӕдӕ алы бон дӕр хъуыды кӕнӕм, абон уыцы дзӕнӕты цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдоныл. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ кӕндзӕн фидардӕр ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Йегъовӕ фидӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн.

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

15. Зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?

15 Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд у, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр суа дзӕнӕт. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты цӕхӕрадоны ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй зӕхх сӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг кодтаиккой ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ уыдаид, уыдонмӕ кастаиккой (Райд. 1:28). Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр ӕнӕххӕстдзинад, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ скодтой. Фӕлӕ Хуыцау йӕ фӕнд никуы аивта. Иугӕр ныхас загъта, уӕд ӕй алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. (Бакӕс Исайы 55:10, 11.) Уымӕ гӕсгӕ йӕ фидарӕй зонӕм, зӕхх Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй кӕй байдзаг уыдзӕн ӕмӕ йын хицау кӕй уыдзысты. Ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ, Йегъовӕ зӕххыл цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонмӕ кӕсдзысты ӕмӕ сӕм зилдзысты. Уыцы рӕстӕг кӕронмӕ сӕххӕст уыдзысты, уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕ дзӕнӕты царды тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Ӕркӕсӕм, куыд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ.

16. Дзӕнӕты ӕдасӕй кӕй цӕрдзыстӕм, уый тыххӕй Библийы цы ис фыст?

16 Цӕрдзысты ӕдасӕй. Исайы 11:6–9 стихты цы диссаджы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон ӕппынфӕстаг кӕронмӕ сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ ӕрмӕст ахӕсгӕ хуызы нӕ, фӕлӕ комкоммӕ дӕр. Адӕм ӕдасӕй цӕрдзысты. Нӕлгоймаг уа, сылгоймаг ӕви сывӕллон – зӕххыл кӕдӕмфӕнды ма ацӕуа,– тӕссаг ын ницӕмӕй уыдзӕн. Иу адӕймагӕй дӕр ӕмӕ иу цӕрӕгойӕ дӕр нӕ тӕрсдзынӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр у дӕ хӕдзар, дӕ бон у цӕугӕдӕтты, цадты ӕмӕ денджызты ленчытӕ кӕнын, хӕхты цъуппытӕй ракӕсын ӕмӕ быдырты рацу-бацу кӕнын, ӕмӕ дын тӕссаг ӕппындӕр ницӕмӕй у. Суанг ӕхсӕв дӕр ницӕмӕй тӕрсдзынӕ. Йезекилы 34:25 стихы цы фыст ис, уый сӕххӕст уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы адӕм ӕцӕгдӕр «ӕдасӕй цӕрдзысты ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ-иу фынӕй кӕндзысты хъӕды».

17. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕгас зӕхх дӕр Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд нын Йегъовӕ, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуа, уый кӕй ратдзӕн?

17 Алцыдӕр уыдзӕн парахатӕй. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: зӕххыл мӕгуырдзинадӕн, ӕххормагдзинадӕн кӕнӕ ӕндӕр ахӕм зындзинӕдтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Абон Хуыцауы адӕмӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг парахатӕй кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ фидарӕй зонӕм, фидӕны Паддзах Мессийӕ йӕ адӕмӕн, цыдӕриддӕр сӕ хъӕуа, уый кӕй ратдзӕн. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый Йесо равдыста, зӕххыл куы цард, уӕд, уымӕн ӕмӕ цалдӕр мин ӕххормаг адӕймаджы бафсӕста цалдӕр дзул ӕмӕ кӕсагӕй (Матф. 14:17, 18; 15:34–36; Мар. 8:19, 20). Ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд комкоммӕ сӕххӕст уыдзысты бирӕ пехуымпарӕдтӕ, зӕгъӕм, мӕнӕ ахӕм: «Дӕ зӕххы кӕй байтауай, уыцы мыггӕгтӕн дын ратдзӕн къӕвда, дӕ зӕххыл дын ратдзӕн тыллӕг – хӕрзад ӕмӕ сойджын дзул. Уыцы бон дӕ фос хиздзысты уӕрӕх сӕрвӕты» (Ис. 30:23).

18, 19. а) Исайы 65:20–22 цы пехуымпарад фыст ис, уый дын цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Нӕ царды бонтӕ «бӕласы бонтау бирӕ» куыд уыдзысты?

18 Абон бирӕтӕ сӕ фыны дӕр нӕ федтой хорз хӕдзар кӕнӕ, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕны, ахӕм куыст. Ацы мӕнгард дунейы бирӕтӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй сӕхи кӕнӕ сӕ бинонты истӕмӕйты дарынхъом уой. Царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый та хъӕздгуыты ӕмӕ ӕнӕфсис адӕмы хай бавӕййы. Фӕлӕ-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр мӕнӕ ацы пехуымпарад куы сӕххӕст уа, уыцы рӕстӕг. Исай ныффыста: «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра. Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау бирӕ, ӕмӕ ме ’взӕрст адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй» (Ис. 65:20–22).

19 Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау бирӕ»? Чи зоны, искуы стыр, фидар бӕласы бын лӕууыдтӕ ӕмӕ хъуыды кодтай, уыцы бӕлас уым цас ис, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн, дӕ фыды фыды фыд дӕр куы нӕма райгуырд, уӕдӕй фӕстӕмӕ! Ӕмӕ уыцы хъуыдытӕй, ӕвӕццӕгӕн, дӕ хъуын арц слӕууыд. Чи зоны, афтӕ дӕр ахъуыды кодтай, зӕгъгӕ, дарддӕр дӕр афтӕ ӕнӕххӕст куы уон, уӕд мӕхӕдӕг дӕр ацы бӕласы разӕй фӕуыдзынӕн ӕмӕ ме стӕг дӕр никуыуал уыдзӕн, уый та ам лӕудзӕн ӕмӕ лӕудзӕн. Фӕлӕ нын нӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕ фидарӕй зӕгъы, Дзӕнӕты махӕн дӕр нӕ царды бонтӕ кӕй уыдзысты бирӕ ӕмӕ фӕрнӕйдзаг! (Пс. 37:11, 29). Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ нӕм цыфӕнды рагон бӕласы бонтӕ дӕр афтӕ цыбыр фӕкӕсдзысты, цыма кӕрдӕгау фӕзынд ӕмӕ нал ис. Мах та цӕрдзыстӕм ӕнустӕм!

20. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон алцӕмӕй ӕнӕниз куыд суыдзысты?

20 Сӕ низтӕй сдзӕбӕх уыдзысты. Абон иу адӕймаг дӕр низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй хызт нӕу. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм рынчын – алчидӕр нӕ йӕ туджы рахаста мӕлӕтдзаг низ, ома тӕригъӕд. Уыцы низӕй фервӕзӕн ис ӕрмӕстдӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы (Ром. 3:23; 6:23). Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд 144 минимӕ иумӕ адӕмы схайджын кӕндзысты, йӕ нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Ӕмӕ гыццылгай Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мидӕг тӕригъӕдӕй фӕд дӕр нал ныууадздзысты. Уӕд кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн Исайы пехуымпарад: «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“. Уыцы зӕххыл чи цӕра, уыцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн» (Ис. 33:24). Дӕ цӕстытыл-ма йӕ ауайын кӕн: иу куырм дӕр, иу къуырма дӕр ӕмӕ иу къуылых адӕймаг дӕр нал ис. (Бакӕс Исайы 35:5, 6.) Фӕнды буары низ уӕд, фӕнды нервыты низ,– ахӕм низ нӕ уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Йесо ма сдзӕбӕх кӕна. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи уыдзӕн, уыцы иузӕрдион адӕм иу низӕй дӕр нал схъӕрздзысты!

21. Нӕ фӕстаг знаг, мӕлӕт, цы фӕуыдзӕн ӕмӕ дын уый удӕнцой куыд хӕссы?

21 Фӕлӕ низ арӕх ӕркӕны мӕлӕтмӕ, ӕмӕ, адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты, уый тыххӕй та сӕ кӕрон алкӕддӕр вӕййы мӕлӕт. Ӕмӕ уӕд мӕлӕтӕй та цы зӕгъӕн ис? Мӕлӕт у нӕ «фӕстаг знаг», ӕмӕ, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр уыцы знаг басӕтты алы ӕнӕххӕст адӕймаджы дӕр (1 Кор. 15:26). Фӕлӕ цымӕ мӕлӕтыл Йегъовӕйӕн дӕр нӕ цӕуы йӕ бар? Ӕркӕс-ма, пехуымпар Исай цы загъта, уымӕ: «Уый фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн» (Ис. 25:8). Дӕ бон у уыцы рӕстӕг дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? Нал ис зиан, нал ис уӕлмӕрдтӕ ӕмӕ йӕ цӕстытӕй масты цӕссыгтӕ дӕр никӕмӕнуал кӕлы! Йегъовӕ йӕ ныхас куы сӕххӕст кӕна ӕмӕ, чи амард, уыдоны куы райгас кӕна, уӕд адӕмӕн сӕ цӕстытӕй кӕлдзӕн ӕрмӕстдӕр цины цӕссыгтӕ! (Бакӕс Исайы 26:19.) Адӕмы зӕрдӕты мӕлӕт цы арф хъӕдгӕмттӕ скодта, уыдон байгас уыдзысты.

22. Мессийӕйы Паддзахад зӕххыл Хуыцауы фӕндон кӕронмӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд уый фӕстӕ цы ’рцӕудзӕн?

22 Миназы кӕронмӕ Мессийӕйы Паддзахад Хуыцауы фӕндон зӕххыл кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд Чырысти паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ йӕ Фыды къухмӕ ратдзӕн (1 Кор. 15:25–28). Адӕм алцӕмӕй ӕххӕст куы суой, уӕд цӕттӕ уыдзысты фӕстаг фӕлварӕнмӕ – Хӕйрӕг «дӕлдзӕхӕй» уагъд ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй сӕ бафӕлвара. Ӕмӕ уый фӕстӕ Чырысти уыцы ӕлгъаг калмы дӕр ӕмӕ, йӕ фарс чи уа, уыдоны дӕр ӕнустӕм фесафдзӕн (Райд. 3:15; Рарг. 20:3, 7–10). Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй чи уарза, уыдонмӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн диссаджы фидӕн. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы фидӕны тыххӕй Хуыцау йӕхӕдӕг цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй рӕсугъддӕр ныхӕстӕ ничи ссардзӕн. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн «уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад»! (Ром. 8:21).

Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцау зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый!

23, 24. а) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ, Хуыцау фидӕны тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн? ӕ) Дарддӕр дӕр дӕ фӕнд цы у?

23 Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый фын кӕнӕ аргъау нӕу. Йегъовӕ цы загъта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн! Цӕмӕн ис уый фидарӕй зӕгъӕн? Ӕрхъуыды-ма кӕн ацы чиныджы 1-аг сӕрӕй Йесойы ныхӕстӕ. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, зӕгъгӕ, Йегъовӕмӕ афтӕ кувут: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9, 10). Хуыцауы Паддзахад ӕрымысгӕ цыдӕр нӕу. Уый у ӕцӕг хицауад ӕмӕ ныртӕккӕ архайы уӕлӕрвты! Ныр сӕдӕ азы дӕргъы уыцы хицауад ӕххӕст кӕны Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ, ӕмӕ, цы сарӕзта, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм нӕ организацийы. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты!

24 Мах ӕй зонӕм, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрцӕудзӕн. Зонӕм ӕй, Йегъовӕйы ныхӕстӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг уыдзӕн. Цӕмӕн ис уый фидарӕй зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД БАРТӔ ЙӔ КЪУХМӔ РАЙСТА! Алчидӕр нӕ ахъуыды кӕнӕд: «Хуыцауы Паддзахадӕн мӕныл дӕр йӕ бар цӕуы?» Цӕй уӕдӕ абон не ’ппӕт дӕр нӕ цардӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ уӕд уыцы ӕххӕст ӕмӕ рӕстаг хицауады хорздзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын уыдзыстӕм!