Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ ӕмкусӕг!

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн 1914 азы 2 октябрь, майрӕмбон. Ды лӕггад кӕныс Бруклины Вефилы ӕмӕ райсомӕй хӕрӕндоны дӕ бынаты бадыс ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, ӕфсымӕр Расселл кӕд ӕрбахиздзӕн, уымӕ. Ӕвиппайды хӕрӕндоны дуар фегом ӕмӕ ӕфсымӕр Расселл мидӕмӕ ӕрбахызт. Алы хатт дӕр куыд фӕкӕны, афтӕ та ныр дӕр иуцасдӕр йӕ бынаты алӕууыд ӕмӕ Вефилы бинонтӕн йӕ мидбылты худгӕйӕ загъта: «Уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ райсом хорз». Уый фӕстӕ хъуамӕ фынджы сӕр йӕ бынаты сбадтаид. Фӕлӕ уый йӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцавта ӕмӕ фехъусын кодта диссаджы хабар: «Адӕмтӕн сӕ рӕстӕг фӕци, сӕ паддзӕхты бонтӕ фесты!» Дӕ циндзинад дӕ риуы нал цӕуы. Цас ӕнхъӕлмӕ кастӕ уыцы хабармӕ! Гъемӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ӕмдзӕгъд кӕнын райдыдтай. Ӕмӕ уе ’мдзӕгъд нал ӕмӕ нал ӕнцайы.

Ӕфсымӕр Расселл уыцы ахсджиаг ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй бирӕ азтӕ рацыд. Уӕдӕй абоны онг Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ къухы тынг бирӕ хъуыддӕгтӕ бафтыд! Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы ныр сӕдӕ азы дӕргъы йӕ адӕмы сыгъдӕг кӕны ӕмӕ сӕ ахуыр кӕны. 1914 азы цалдӕр мины йеддӕмӕ нӕ уыдысты, абон та сты 8 милуаны бӕрц. Йегъовӕ нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый дӕуӕн цы пайда хӕссы?

Абон не ’фсымӕртӕй арӕх фехъусӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы уӕларвон бӕхуӕрдон иу ран нӕ лӕууы, размӕ цӕуы!» Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Фӕлӕ ацы чиныгӕй базондзынӕ, уыцы уӕларвон бӕхуӕрдон, ома Йегъовӕйы организацийы ӕнӕуынгӕ хай, 1914 азӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр кӕй цӕуы размӕ. Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас дунейы дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа, уый тыххӕй хъусынгӕнджытӕ пайда кодтой ӕмӕ ныр дӕр пайда кӕнынц ногдӕр ӕмӕ хуыздӕр мадзӕлттӕй: газеттӕй, плакаттӕй, слайдтӕ ӕмӕ кинонывтӕй, уацамынды карточкӕтӕй, патефонтӕй, радиойӕ ӕмӕ ма суанг Интернетӕй дӕр.

Йегъовӕ нын арфӕ кӕны, ӕмӕ абон нӕ диссаджы литературӕ уадзӕм 670 ӕвзагӕй фылдӕрыл ӕмӕ йӕ алкӕмӕн дӕр дӕттӕм лӕвар. Йӕхиуыл чи нӕ ауӕрды, ахӕм барвӕндон кусджытӕ ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ филиалтӕ аразынӕн. Ӕмӕ уый аразынц хъӕздыг бӕстӕты дӕр ӕмӕ, афтӕ хъӕздыг чи нӕу, уыцы бӕстӕты дӕр. Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд нӕ уарзӕгой ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, тыхст уавӕры чи ис, уыдонмӕ уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзынынц, ӕмӕ уымӕй равдисынц, «зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры», ӕцӕгдӕр ахӕм ӕмбӕлттӕ кӕй сты (Ӕмб. 17:17).

Иуӕй-иу хатт дины разамонджытӕ ӕмӕ иннӕ ныхмӕлӕуджытӕ дӕр «закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ аразынвӕнд» фӕкӕнынц. Фӕлӕ сӕ фыдвӕндтӕ «хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс» цы фӕвӕййынц, ӕндӕр сын дзы ницы рауайы. Ӕмӕ нын уыцы хабӕрттӕ нӕ уырнындзинад тынг бафидар кӕнынц (Пс. 94:20; Фил. 1:12).

Не ’ппӕт дӕр Хуыцауы «хӕдзаронтӕ» кӕй стӕм ӕмӕ уемӕ иумӕ нӕ Паддзахӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн стыр кад у. Зӕгъын нӕ фӕнды, алкӕй дӕр уӕ тынг бирӕ кӕй уарзӕм. Мах Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй ацы чиныджы фӕрцы ноджы тынгдӕр аргъ кӕнат, Хуыцау нын бынӕн цы хӕзнатӕ радта, уыдонӕн (Матф. 24:45).

Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый!

Де ’фсымӕртӕ,

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет