Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галиуырдыгӕй: хо сӕвӕрдта пластинкӕ Рутерфорды раныхасимӕ, штат Алабамӕ, АИШ, 1930-ӕм азты кӕрон; рахизырдыгӕй: Швейцари

1 ХАЙ

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад. Лӕвӕрд цӕуы уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад. Лӕвӕрд цӕуы уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг

КӔИМӔДӔР Библи ахуыр кӕныс. Ахуыры рӕстӕджы иу стих бакастыстут, ӕмӕ дзы дзырд цӕуыл цӕуы, уый куы бамбӕрста, уӕд йӕ цӕстытӕ фырцинӕй ссыгъдысты. Ӕмӕ дӕ афарста: «Афтӕ зӕгъын дӕ фӕнды, ӕмӕ мӕнӕ ам, зӕххыл, ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрдзыстӕм?» Демӕ чи ис, уыцы хъусынгӕнӕг бахудт ӕмӕ йын зӕгъы: «Дӕхӕдӕг Библийы куыд бакастӕ?» Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый йӕ сӕр дисгӕнгӕ батылдта ӕмӕ загъта: «Ацы диссаджы хабар раздӕр куыд никуы фехъуыстон!» Ӕмӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, цалдӕр къуырийы размӕ дӕр афтӕ кӕй загъта. Уӕд та, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уый базыдта.

Дӕуыл дӕр ахӕм хабар искуы ӕрцыд? Ахӕм рӕстӕг уӕлдай тынгдӕр бамбарӕм, Йегъовӕ нын цы стыр лӕвар скодта, уый – мах зонӕм рӕстдзинад! Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: куыд ӕй базыдтам? Ууыл дзырд цӕудзӕн нӕ чиныджы фыццаг хайы. Хуыцау йӕ адӕмӕн рӕстдзинад гыццылгай куыд ӕргом кодта, уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у, уымӕн. 100 азы дӕргъы йӕ Паддзах Йесо Чырысти ӕдзухдӕр архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн рӕстдзинад ӕргом кӕна.

АЦЫ ХАЙЫ

3 СӔР

Йегъовӕ йӕ фӕнд ӕргом кӕны

Хуыцауӕн ӕппӕты райдианӕй йӕ зӕрды уыди Паддзахад саразын?

4 СӔР

Йегъовӕ йӕ ном сбӕрзонд кодта

Хуыцауы Паддзахад Йегъовӕйы ном куыд сбӕрзонд кодта? Ды та куыд рухс кӕныс Йегъовӕйы ном?

5 СӔР

Паддзах ӕргом кӕны йӕ Паддзахады хабӕрттӕ

Хуыздӕр бамбӕрстой, Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн ӕмӕ йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, стӕй куыд иузӕрдион хъуамӕ уой, уый дӕр.