Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галиуырдыгӕй: Нӕ хо, чиныгхӕссӕг, хъусын кӕны Корейы, 1931 аз; рахизырдыгӕй: Корейы хъусын кӕнынц къухӕйамонгӕ ӕвзагыл

2 ХАЙ

Хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕгас дунейы дӕр

Хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕгас дунейы дӕр

АБОН дын у улӕфты бон. Ды райсомӕй раджы сыстадтӕ ӕмӕ дӕхи уацамындмӕ цӕттӕ кӕныс. Ӕцӕг, иуафон ахъуыды кодтай: «Мӕнӕ цы фӕллад дӕн, уӕдта абон ма ацӕуин. Иу гыццыл ма куы афынӕй кӕнин, уӕд цы хорз уаид». Фӕлӕ Йегъовӕмӕ скуывтай ӕмӕ дӕхицӕн загътай, цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ ацӕуон, зӕгъгӕ. Уыцы бон хъусын кӕныс иу ацӕргӕ иузӕрдион хоимӕ. Уыныс ӕй, куыд фидар у ӕмӕ адӕмимӕ куыд фӕлмӕн ныхас кӕны, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр бафидар дӕ. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕут ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурут. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг ахъуыды кодтай, зӕгъгӕ, цы диссаг у, ныртӕккӕ дунейы алы рӕтты мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ дӕр ацы хабар хъусын кӕнынц, ахӕм литературӕ парахат кӕнынц ӕмӕ уыдон дӕр архайынц, не ’мбырдты нӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ. Фӕстӕмӕ хӕдзармӕ афтӕ уӕнгрогӕй ӕрбаздӕхтӕ, ӕмӕ дӕ фӕллад дӕр цыдӕр фӕци. Ӕмӕ цин кӕныс, хӕдзары кӕй нӕ баззадтӕ, ууыл.

Абон Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ сӕйраг куыст у хорз хабар хъусын кӕнын. Йесо загъта, фӕстаг бонты хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн (Матф. 24:14). Куыд ӕххӕст кӕнынц йӕ ныхӕстӕ? Абон хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас дунейы дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы милуанты фидарӕй уырны, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у, уый. Нӕ чиныджы ацы хайы ӕркӕсдзыстӕм, хорз хабар чи хъусын кӕны, стӕй цавӕр мадзӕлттӕй ӕмӕ цавӕр кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнынц, уымӕ.

АЦЫ ХАЙЫ

6 СӔР

Чи хъусын кӕны, уыцы адӕм. Лӕггадгӕнджытӕ сты цӕттӕ

Йесо цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта, фӕстаг бонты йын барвӕндон хъусынгӕнджыты ӕфсад кӕй уыдзӕн, ууыл? Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй агурыс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

7 СӔР

Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ. Адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнынӕн алы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм

Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнынӕн Хуыцауы адӕм цы ногдӕр мадзӕлттӕй пайда кодтой, уый тыххӕй фылдӕр базон.

8 СӔР

Кусӕнгӕрзтӕ хъусын кӕнынӕн. Уадзӕм литературӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл хъусын кӕнынӕн

Тӕлмацы хъуыддаджы нын цас бантыст, уымӕй куыд зыны, Йесо Чырысти немӕ кӕй ис? Цас публикацитӕ мыхуыр кӕнӕм, уый фӕрцы уыныс, Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы?

9 СӔР

Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»

Адӕм чырыстон ӕмбырдмӕ ӕмбырдгонд куыд цӕуынц, уый фӕдыл Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Уыцы дыууӕ хъуыддаджы абон махыл куыд хъуамӕ бандавой?