Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галиуырдыгӕй: ӕфсымӕры ӕрцахстой, кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй, Эйндховен, Нидерландтӕ, 1945 аз; рахизырдыгӕй: кӕм цӕрыс, уым закъонмӕ гӕсгӕ хъусын кӕныны бар ис?

4 ХАЙ

Хуыцауы Паддзахады уӕлахизтӕ. Хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ фидар кӕнӕм

Хуыцауы Паддзахады уӕлахизтӕ. Хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ фидар кӕнӕм

ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ хъусын кӕныс, ӕмӕ иуафон айхъуыстай пъӕлицӕйы машинӕйы сиренӕ. Гыццылгай дӕм тынгӕй-тынгдӕр хъуысы. Ды иннӕ дуары раз адӕймагимӕ ныхас кӕнын райдыдтай. Уыцы рӕстӕг пъӕлицӕйы машинӕ уӕ разы ӕрлӕууыд, ӕмӕ де ’мбал уыцырдӕм акаст. Пъӕлицӕйы кусӕг машинӕйӕ рахызт, бацыди уӕм ӕмӕ уӕ бафарста: «Сымах стут, хӕдзӕрттыл чи зилы ӕмӕ адӕмимӕ Библийыл чи ныхас кӕны, уыдон? Адӕм уӕ хъаст кӕнынц, нӕ бон, дам, сӕ нал у!» Сымах ын уӕзданӕй бамбарын кодтат, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стут. Фӕлӕ дарддӕр хабар куыд уыдзӕн?

Уый аразгӕ у уӕ бӕстӕйы историйӕ ӕмӕ, хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй. Уӕ бӕстӕйы алы адӕймагӕн дӕр уый бар ис, цӕмӕй, цавӕр диныл ӕй фӕнды, ууыл хӕст уа? Кӕд ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ бирӕ бафыдӕбон кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, бирӕ азты дӕргъы «хорз хабары сӕрыл тох» кодтой ӕмӕ «хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕныныл» архайдтой (Фил. 1:7). Кӕмфӕнды ма цӕрай,– Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн тӕрхондӕтты сӕ къухы цы уӕлахизтӕ бафтыд, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ уырнындзинад тынг бафидар уыдзӕн. Ацы хайы ӕркӕсдзыстӕм уыцы стыр уӕлахизтӕй иуӕй-иутӕм. Нӕ уӕлахизтӕ ирдӕй ӕвдисынц, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у ӕмӕ кӕй архайы. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕхи хъарутӕй уыйбӕрц уӕлахизтӕ нӕ къухы никуы бафтыдаид!

АЦЫ ХАЙЫ

13 СӔР

Хуыцауы адӕм тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнынц

Абон дӕр уӕлдӕр тӕрхондӕтты иуӕй-иу тӕрхонгӕнджытӕ фӕхъуыды кӕнынц, кӕддӕр закъонамонӕг Гамалиил куыд хъуыды кодта, афтӕ.

14 СӔР

Иузӕрдион стӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕвӕрд хицауадыл

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй сӕ фыдӕвзарӕнты «цӕугӕдоны» бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ-иу ӕнӕнхъӕлӕджы «зӕхх» уыцы дон аныхъуырдта.

15 СӔР

Тох кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕм

Хуыцауы адӕм тох кӕнынц, цӕмӕй сӕ бон уа Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын.