Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галиуырдыгӕй: фембӕлд ӕддейӕ Лондоны (Англи, 1945 аз); рахизырдыгӕй: иубонон конгресс Малавийы (Африкӕ, 2012 аз)

5 ХАЙ

Хуыцауы Паддзахад цы ахуырад дӕтты. Паддзахы лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕнынц

Хуыцауы Паддзахад цы ахуырад дӕтты. Паддзахы лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕнынц

СЦЕНӔЙӔ чи дзуры, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕрмӕ лӕмбынӕг хъусыс, ӕмӕ дӕ цӕсгом ныррухс. Ацы ӕфсымӕр де ’мбырдӕй у, ӕмӕ йын ныр конгрессы фыццаг хатт ис раныхас. Хъусыс ӕм ӕмӕ дис кӕныс, Хуыцау йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны, ууыл. Ацы ӕрыгон ӕфсымӕр сценӕмӕ фыццаг хатт куыд рацыд, уый хорз хъуыды кӕныс. Ӕмӕ-ма йӕм ныр бакӕс! Пионерты скъолайы бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Ӕрӕджы та йӕ бинойнагимӕ ахуыр кодтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы. Йӕ диссаджы раныхас куы фӕци, уӕд ын зӕрдиагӕй нымдзӕгъд кодтай. Стӕй дӕ алыварс акастӕ ӕмӕ та ахъуыды кодтай, уӕддӕр Хуыцау йӕ адӕмы куыд хорз ахуыр кӕны, зӕгъгӕ.

Библийы раджы фыст ӕрцыд, фидӕны Йегъовӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй ахуыр кӕндзӕн (Ис. 54:13). Ӕмӕ мах раст уыцы рӕстӕджы цӕрӕм. Йегъовӕ нӕ ӕрмӕст нӕ публикациты фӕрцы нӕ ахуыр кӕны, фӕлӕ ма нӕ фембӕлдты, конгрессты ӕмӕ алыхуызон скъолаты фӕрцы дӕр. Уыцы скъолатӕ нӕ цӕттӕ кӕнынц, Йегъовӕйы организацийы ныл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ. Ацы хайы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм, уый фӕрцы фендзыстӕм, уыцы ахуырад дӕр фидар бӕлвырдгӕнӕн кӕй у, абон Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы, уымӕн.

АЦЫ ХАЙЫ

16 СӔР

Нӕ фембӕлдты иумӕ лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн

Фембӕлдтӕ нын фылдӕр пайда кӕд хӕсдзысты?

17 СӔР

Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты

Нӕ организацийы скъолатӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн куыд ӕххуыс кӕнынц сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн?