Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галиуырдыгӕй: Швейцарийӕ ӕххуыс ӕрӕрвыстой не ’фсымӕртӕн Германимӕ, 1946 аз; рахизырдыгӕй: Японийы цунамийы фӕстӕ Паддзахады зал ногӕй аразынц, 2011 аз

6 ХАЙ

Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгты архайӕм. Аразӕм Паддзахады залтӕ ӕмӕ, бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм

Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгты архайӕм. Аразӕм Паддзахады залтӕ ӕмӕ, бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм

ПАДДЗАХАДЫ ЗАЛМӔ бахызтӕ ӕмӕ хъуыды кӕныс, ай залы дӕн ӕви кӕм дӕн, зӕгъгӕ. Уе ’мбырдӕн ахӕм зал кӕй ис, уымӕй алкӕддӕр сӕрыстыр уыдтӕ. Ӕхсызгонӕй ӕрхъуыды кӕныс, цалдӕр азы размӕ йӕ куы арӕзтой, уӕд сын ды дӕр куыд ӕххуыс кодтай, уый. Фӕлӕ ныр та, ӕвӕццӕгӕн, уӕ залӕй ноджы тынгдӕр ныббуц дӕ, уымӕн ӕмӕ дзы рӕстӕгмӕ скодтой ӕххуысы центр. Кӕм цӕрыс, уым ӕрӕджы тыхдымгӕ сыстад, дон раивылд ӕмӕ адӕмӕн стыр зиан ӕрхаста. Ӕмӕ Филиалы комитет ӕвӕстиатӕй бацархайдта, цӕмӕй, ӕрдзон бӕллӕхы чи бахауд, уыдонӕн самал кодтаиккой хӕринаг, дзаумӕттӕ, нуазыны дон ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цы хъуыд, уыдӕттӕ. Ӕмӕ цыдӕриддӕр ӕрӕмбырд кодтой, уый Паддзахады залмӕ ӕрбаластой. Ды кӕсыс, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ залмӕ куыд цӕуынц ӕмӕ сӕ чи цы хъуаг у, уый йын куыд дӕттынц, уымӕ. Бирӕтӕн дзы фырцинӕй сӕ цӕссыгтӕ кӕлынц.

Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты базонӕн уыдзӕн, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уымӕй (Иоан. 13:34, 35). Ацы хайы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Паддзахады залтӕ аразгӕйӕ ӕмӕ, бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ, сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куыд ӕвдисынц, уымӕ. Уыцы уарзондзинад у ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн, ӕцӕгдӕр Йесойы Паддзахады дӕлбар кӕй цӕрӕм, уымӕн.

АЦЫ ХАЙЫ

18 СӔР

Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?

Ӕхца кӕцӕй цӕуы? Цӕуыл бахардз вӕййы?

19 СӔР

Арӕзтады хъуыддаг кад хӕссы Йегъовӕйӕн

Хуыцауӕн кад хӕссынц, адӕм ын кӕм кувынц, уыцы бынӕттӕ, фӕлӕ йын ӕппӕты зынаргъдӕр уыцы бынӕттӕ не сты.

20 СӔР

Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм

Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ хауы?