Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

144 зарӕг

Сӕ цард ууыл баст у

Сӕ цард ууыл баст у

(Йезекил 3:17–19)

  1. Стыр Хуыцауӕн йӕ тӕрхоны бон

    ныр у хӕстӕг.

    Хъуамӕ адӕм уый зоной,

    нырма сын ис рӕстӕг.

    БАЗАРД

    Ууыл у баст адӕмы цард,

    Сӕ цард ӕмӕ мах цард дӕр.

    Сӕ фидӕн у Хуыцауы бар.

    Уӕдӕ фӕдзӕхсӕм алкӕй дӕр,

    Алкӕй дӕр.

  2. Ацы хорз хабар хъуамӕ

    хӕссӕм ныр адӕммӕ.

    Хонӕм алкӕй Хуыцауимӕ

    бафидауынмӕ.

    БАЗАРД

    Ууыл у баст адӕмы цард,

    Сӕ цард ӕмӕ мах цард дӕр.

    Сӕ фидӕн у Хуыцауы бар.

    Уӕдӕ фӕдзӕхсӕм алкӕй дӕр,

    Алкӕй дӕр.

  3. Ӕнӕмӕнг хъуамӕ адӕм

    Хуыцаумӕ хъусой, ’мӕ цӕрой.

    Ӕххуыс сын мах кӕндзыстӕм,

    Цӕмӕй рӕстдзинадыл хӕцой.

    БАЗАРД

    Ууыл у баст адӕмы цард,

    Сӕ цард ӕмӕ мах цард дӕр.

    Сӕ фидӕн у Хуыцауы бар.

    Уӕдӕ фӕдзӕхсӕм алкӕй дӕр,

    Алкӕй дӕр.