Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

146 зарӕг

«Уый мӕнӕн сарӕзтат»

«Уый мӕнӕн сарӕзтат»

(Матфейы 25:34–40)

  1. Ис Чырыстийӕн ныр бирӕ ’ндӕр фыстӕ дӕр,

    Ӕмӕ сӕрстытӕн сты ӕххуыс алкӕддӕр.

    Стыр хӕрзиуӕг сын уый тыххӕй

    ’нӕмӕнг уыдзӕн,

    Чырысти сын се ’ххуыс нӕ ферох кӕндзӕн.

    БАЗАРД

    «Уе ’ххуыс алкӕддӕр ныфс уыд ме ’фсымӕртӕн,

    Ӕмӕ уымӕй ӕз дӕр зӕрдӕрухс уыдтӕн.

    Лӕггад кодтат уыдонӕн ӕмӕ мӕнӕн.

    Уӕ фыдӕбон, уе ’ххуыс ме ’фсымӕртӕн

    Ӕз нымайын, цыма уый кодтат мӕнӕн».

  2. «Ӕз ӕххормаг уыдтӕн ’мӕ мын дойны уыди,

    ’Мӕ уӕ алчи мӕ фарсмӕ ’рбалӕууыди».

    Уӕд ӕй бафӕрсдзысты:

    «Уый кӕд уыди, зӕгъ-ма?»

    Сӕ фарстайӕн Паддзах уӕд ратдзӕни дзуапп:

    БАЗАРД

    «Уе ’ххуыс алкӕддӕр ныфс уыд ме ’фсымӕртӕн,

    Ӕмӕ уымӕй ӕз дӕр зӕрдӕрухс уыдтӕн.

    Лӕггад кодтат уыдонӕн ӕмӕ мӕнӕн.

    Уӕ фыдӕбон, уе ’ххуыс ме ’фсымӕртӕн

    Ӕз нымайын, цыма уый кодтат мӕнӕн».

  3. «Зонын, уе ’ппӕт дӕр мыл тынг ӕнувыд ыстут,

    Иумӕ хорз хабар алкӕм хъусын кӕнут».

    Паддзах уыцы фыстӕн

    арфӕ ракӕндзӕн уӕд.

    Зӕгъдзӕн сын: «Уӕ хай уӕд ӕнустӕм дзӕнӕт».

    БАЗАРД

    «Уе ’ххуыс алкӕддӕр ныфс уыд ме ’фсымӕртӕн,

    Ӕмӕ уымӕй ӕз дӕр зӕрдӕрухс уыдтӕн.

    Лӕггад кодтат уыдонӕн ӕмӕ мӕнӕн.

    Уӕ фыдӕбон, уе ’ххуыс ме ’фсымӕртӕн

    Ӕз нымайын, цыма уый кодтат мӕнӕн».