Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

154 зарӕг

Фидар лӕудзыстӕм

Фидар лӕудзыстӕм

(Матфейы 24:13)

  1. Суанг кӕронмӕ дӕр

    Цӕй фӕрцы бафӕраздзыстӕм?

    Хъуамӕ Йесойау

    Нӕ фидӕн алкӕддӕр уынӕм,

    Хуыцауӕн йӕ фӕндтыл

    Ӕдзух хъуыды кӕнӕм.

    БАЗАРД

    Нӕ лӕвар ис нӕ разы.

    Кӕронмӕ тох кӕнӕм!

    Хуыцау нӕ бирӕ уарзы,

    ’Мӕ фидар уый фӕрцы фӕлӕудзыстӕм.

  2. Цард цӕуы, ӕмӕ

    Ӕрхӕссы хатт зӕрдӕрыст, маст.

    Нӕу ӕнцон, фӕлӕ

    Уынӕм рӕсугъд ног цард нӕ раз’.

    Бӕллӕм ӕм, тырнӕм ӕм,

    Ӕмӕ ыстӕм ныфсхаст.

    БАЗАРД

    Нӕ лӕвар ис нӕ разы.

    Кӕронмӕ тох кӕнӕм!

    Хуыцау нӕ бирӕ уарзы,

    ’Мӕ фидар уый фӕрцы фӕлӕудзыстӕм.

  3. Ницӕмӕй тӕрсӕм,

    Лӕггад кӕндзыстӕм дарддӕр мах.

    Абон у бӕрӕг:

    Уыдзӕн Хуыцауы стыр бон тагъд.

    Цӕй, фидар фӕлӕууӕм,

    Ныр ног дуне у ’ввахс!

    БАЗАРД

    Нӕ лӕвар ис нӕ разы.

    Кӕронмӕ тох кӕнӕм!

    Хуыцау нӕ бирӕ уарзы,

    ’Мӕ фидар уый фӕрцы фӕлӕудзыстӕм.