Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕндаг, рӕстдзинад, цард

Фӕндаг, рӕстдзинад, цард

Хорз хабӕрттӕ фехъусын дын ӕхсызгон куыннӕ вӕййы. Уӕдӕ нӕ фӕнды дӕуӕн дӕр, ӕмӕ дын зынаргъ чи у, уыцы адӕмӕн дӕр тынг хорз хабар фехъусын кӕнын.

Уыцы хорз хабар фыст ис Библийы, Дунескӕнӕг Хуыцау Йегъовӕ бирӕ ӕнусты размӕ кӕй ныффыссын кодта, уыцы чиныджы. Ацы публикацийы дзырд цӕудзӕн Библийӕ цыппар чиныгыл – уыцы чингуыты ис хорз хабар не ’ппӕтӕн дӕр. Уыцы цыппар чиныджы хӕссынц, Хуыцау сӕ кӕмӕн ныффыссын кодта, уыдоны нӕмттӕ – Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны нӕмттӕ.

Бирӕтӕ сӕ хонынц цыппар Евангелийы. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, цыппар чиныгӕй дӕр базонӕн ис Йесо Чырыстийы тыххӕй евангели, ома хорз хабар. Цы у уыцы хорз хабар? Хуыцау адӕмы Йесойы уылты кӕй ирвӕзын кӕны ӕмӕ Йесо, Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах, ӕнусон хорздзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн – чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Марчы 10:17, 30; 13:13).

ЕВАНГЕЛИТӔ ЦЫППАР ЦӔМӔН СТЫ?

Чи зоны, искуы хъуыды кодтай, Йесо куыд цард ӕмӕ адӕмӕн цы амыдта, уый Хуыцау цыппар адӕймагӕн цӕмӕн ныффыссын кодта, зӕгъгӕ.

Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый тыххӕй цыппар адӕймаджы кӕй ныффыстой, уый нын стыр пайда у. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма зындгонд ахуыргӕнӕгмӕ лӕмбынӕг хъусынц цыппар адӕймаджы. Йӕ тӕккӕ раз чи лӕууы, уыцы ахуыргӕнинагӕн ис йӕхи хъалонӕмбырдгӕнӕн. Рахизырдыгӕй лӕууы дохтыр. Галиуырдыгӕй чи лӕууы, уый та у кӕсагахсӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕн йӕ хуыздӕр ӕмбал. Цыппӕрӕм лӕг та лӕууы сӕ фӕстӕ, уый у се ’ппӕтӕй ӕрыгондӕр ӕмӕ хабӕрттӕм кӕсы фӕрсырдыгӕй. Цыппарӕй дӕр сты ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймӕгтӕ, ӕмӕ дзы иумӕ иу цыдӕр кӕсы цымыдисаг, иннӕмӕ та – ӕндӕр цыдӕр. Уӕдӕ, ахуыргӕнӕг цы дзуры ӕмӕ цы аразы, уый тыххӕй цыппарӕй дӕр куы ныффыссиккой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр лыстӕг хабӕрттӕм ӕрдариккой сӕ хъус. Ӕмӕ цытӕ ныффыстой, уыдон иууылдӕр куы бакӕсӕм, уӕд уыцы ахуыргӕнӕджы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕм нӕ бон суыдзӕн алырдыгӕй ӕркӕсын ӕмӕ сӕ хуыздӕр бамбарын. Ацы цӕвиттон хорз ӕвдисы, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесо Чырыстийы царды хабӕрттӕ цыппар адӕймаджы кӕй ныффыстой, уый нын стыр ӕххуыс кӕй у.

Цы цӕвиттон ӕрхастам, уымӕ-ма ноджыдӕр ӕркӕсӕм. Хъалонисӕджы фӕнды дзуттӕгты зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу ахуырӕдтӕ ӕмӕ хабӕрттӕ иумӕ афтӕ ныффыста, цӕмӕй уыдонӕн баххуыс кӕна. Дохтырӕн та йе ’ргом фылдӕр здӕхт у, ахуыргӕнӕг рынчынты ӕмӕ цӕнкуылты куыд дзӕбӕх кӕны, уымӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, хъалонисӕг цы хабӕртты тыххӕй ныффыста, уыдонӕй иуӕй-иуты кой не скодта кӕнӕ та сӕ фӕд-фӕдыл ӕндӕр хуызы равӕрдта. Ахуыргӕнӕгӕн йе ’ввахс ӕмбал чи у, уый та йын йӕ хъус фылдӕр ӕрдардта йе ’нкъарӕнтӕм ӕмӕ йӕ миниуджытӕм. Фысджытӕй ӕрыгондӕр чи у, уый та хабӕрттӕ ныффыста цыбыртӕй. Фӕлӕ се ’ппӕт дӕр ныффыстой, ӕцӕгӕй цы уыди, уый. Уӕдӕ Чырыстийы царды хабӕрттӕ цыппар адӕймаджы кӕй ныффыстой, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, адӕмӕн цы амыдта ӕмӕ цавӕр адӕймаг уыд, уый.

Адӕм фӕзӕгъынц, «Матфейы Евангели» кӕнӕ «Иоанны Евангели», зӕгъгӕ. Ӕмӕ ницы рӕдийынц, уымӕн ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр фыст ис «Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар» (Марчы 1:1). Фӕлӕ уӕддӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй иу евангели, ома иу хорз хабар, йеддӕмӕ нӕй – ӕрмӕст фыст ӕрцыд цыппар чиныджы.

Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг чи иртасы, уыдонӕй бирӕтӕ кӕрӕдзиимӕ абарстой, Матфей, Марк, Лука ӕмӕ Иоанн сӕ чингуыты цы хабӕрттӕ ныффыстой, уыдон ӕмӕ сбӕлвырд кодтой, кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй не сты. Зӕгъӕм, н. э. 170 азы ахӕм куыст бакӕныныл бацархайдта зындгонд сириаг фыссӕг Татиан. Татиан бамбӕрста, цыппар чиныджы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис ӕмӕ Хуыцауы разамындӕй фыст кӕй ӕрцыдысты. Гъемӕ уыцы цыппар чиныджы, ома Йесойы цард ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ, баиу кодта ӕмӕ дзы скодта иу чиныг, «Диатессарон», зӕгъгӕ.

Афтӕ конд у чиныг «Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард» дӕр. Ӕрмӕст ацы чиныг у бирӕ бӕлвырддӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр. Цӕй фӕрцы? Уый фӕрцы, ӕмӕ ныр хуыздӕр ӕмбарӕм, Йесо цы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ фӕсномыг ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй бирӕтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц. Ӕмӕ уый фӕрцы та хуыздӕр ӕмбарӕм, цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый, стӕй, хабӕрттӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цыдысты, уый дӕр. Уымӕй уӕлдай, археологтӕ цы ссардтой, уый фӕрцы дӕр хуыздӕр бамбӕрстам иуӕй-иу лыстӕг хабӕрттӕ ӕмӕ, алы фыссӕг дӕр йӕ хъус ӕндӕр цӕмӕдӕр цӕмӕн ӕрдардта, уый дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕцыдӕр хабӕрттӕй иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу, фӕд-фӕдыл мӕнӕ афтӕ ӕрцыдысты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ацы чиныджы хабӕрттӕ фыст сты, бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ растдӕр куыд у, афтӕ.

ФӔНДАГ, РӔСТДЗИНАД, ЦАРД

Ацы чиныг куы кӕсай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, дӕуӕн дӕр, ӕмӕ дын зынаргъ чи у, уыдонӕн дӕр сӕйраджыдӕр цы зӕгъинаг у, уый. Йесо Чырысти апостол Фомайӕн йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6).

Чиныг «Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард» дын баххуыс кӕндзӕн, Йесо «фӕндаг» цы хуызы у, уый бамбарынӕн. Йегъовӕ Хуыцаумӕ Йесойы номӕй куы кувӕм, ӕрмӕстдӕр нын уӕд хъусдзӕн нӕ куывдтытӕ. Йесо ма нын фӕндаг уый тыххӕй дӕр у, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у Хуыцауимӕ бафидауын (Иоанны 16:23; Ромӕгтӕм 5:8). Уӕдӕ ӕрмӕстдӕр Йесойы уылты у нӕ бон Хуыцауы хорзӕх ссарын.

Йесо у «рӕстдзинад». Уый алкӕддӕр дзырдта, раст цы у, уый ӕмӕ цӕргӕ дӕр кодта рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Йесо сӕххӕст кодта бирӕ пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ «уый фӕрцы систы „о“» (2 Коринфӕгтӕм 1:20; Иоанны 1:14). Ахӕм пехуымпарӕдты фӕрцы ӕмбарӕм, Хуыцау йе стыр фӕнд сӕйраджыдӕр Йесойы уылты кӕй ӕххӕст кӕны (Раргомад 19:10).

Йесо Чырысти ма у «цард» дӕр. Йесо уыди ӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта ӕмӕ йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы нӕ бон фенын у «ӕцӕг цард», ома «ӕнусон цард» (1 Тимофеймӕ 6:12, 19; Ефесӕгтӕм 1:7; 1 Иоанны 1:7). Йесо «цард» разындзӕн, ныртӕккӕ мард чи у, уыцы милуантӕн дӕр. Уыдон райгас уыдзысты ӕмӕ сын уыдзӕн ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрыны фадат (Иоанны 5:28, 29).

Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый алы адӕймаг дӕр хъуамӕ хорз ӕмбара ӕмӕ йын аргъ кӕна. Цӕй уӕдӕ фылдӕр базон Йесойы тыххӕй – «фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард» чи у, уый тыххӕй.