Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 СӔР

Йесойы йӕ райгуырды размӕ скадджын кодтой

Йесойы йӕ райгуырды размӕ скадджын кодтой

ЛУКАЙЫ 1:34–56

  • МАРИЙӔ ЙӔ ХӔСТӔГ ЕЛИЗАВЕТӔЙЫ БАБӔРӔГ КОДТА

Зӕд Гавриил ӕрыгон чызг Марийӕйӕн фехъусын кодта, лӕппу йын кӕй райгуырдзӕн, уыцы лӕппуйы кӕй хондзысты Йесо ӕмӕ ӕнустӕм Паддзах кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ Марийӕ зӕды бафарста: «Ӕз нӕлгоймагимӕ ӕмуат куы никуы ’рцыдтӕн, уӕд уый куыд уыдзӕн?» (Лукайы 1:34).

Гавриил ын загъта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт» (Лукайы 1:35).

Цӕмӕй йыл Марийӕ баууӕндыдаид, уый тыххӕй ма Гавриил йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уӕртӕ дӕ хӕстӕг Елизаветӕ дӕр, зӕронд уӕвгӕйӕ, басывӕрджын, ӕмӕ, адӕм ӕнӕзӕнӕг кӕй хуыдтой, уый ныр ӕхсӕзӕм мӕй йӕ гуыбыны хӕссы лӕппу. Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн» (Лукайы 1:36, 37).

Уӕд Марийӕ сразы, Гавриил ын цы загъта, ууыл. Уый бӕрӕг у йӕ дзуаппӕй: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар. Мӕн тыххӕй куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд» (Лукайы 1:38).

Гавриил куы ацыд, уӕд Марийӕ йӕхи срӕвдз кодта ӕмӕ Елизаветӕйы бӕрӕггӕнӕг ацыд. Елизаветӕ йӕ сӕрыхицау Захариимӕ цард Иерусалиммӕ хӕстӕг, Иудейӕйы хӕхбӕсты. Марийӕйы Назаретӕй уырдӕм цӕуын хъуыдаид ӕртӕ-цыппар боны.

Гъемӕ Захариты хӕдзармӕ куы бахӕццӕ, уӕд мидӕмӕ бахызт ӕмӕ Елизаветӕйӕн салам радта. Ӕмӕ тӕккӕ уыцы сахат Елизаветӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ’хсӕн! Арфӕгонд у, дӕ гуыбыны чи ис, уыцы сывӕллон! Ахӕм кад мӕм цӕй тыххӕй ӕрхауд, ӕмӕ мӕм мӕ Хицауы мад ӕрбацӕуа? Куыддӕр мын салам радтай, афтӕ сывӕллон мӕ гуыбыны фырцинӕй стӕлфыд» (Лукайы 1:42–44).

Марийӕ Хуыцауӕй тынг бузныг уыд, ахӕм кады аккаг ӕй кӕй скодта, уый тыххӕй ӕмӕ загъта: «Мӕ уд бӕрзонд кӕны Йегъовӕйы, ӕмӕ куыннӕ цин кӕна мӕ зӕрдӕ мӕ Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл! Ӕз ницы дӕн, фӕлӕ уый ӕркаст йӕ цагъармӕ. Ӕмӕ мӕ нырӕй фӕстӕмӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ адӕм хондзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомысджын сарӕзта ахӕм стыр хорздзинӕдтӕ». Куыд уынӕм, афтӕмӕй Марийӕ йӕхицӕй нӕ ныббуц. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, кад иууылдӕр Хуыцаумӕ кӕй ӕмбӕлд. Марийӕ загъта: «Сыгъдӕг у йӕ ном! Чи дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хайджын сты йӕ хорзӕхӕй» (Лукайы 1:46–50).

Марийӕ дарддӕр кадджын кодта Хуыцауы ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындӕй загъта ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕ: «Йӕ цонджы хъаруйӕ сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ. Хъалзӕрдӕ чи у, уыдоны алырдӕмты ныппырх кодта. Барджынты сӕ бынӕттӕй раппӕрста ӕмӕ мӕгуырты сбӕрзонд кодта. Ӕххормӕгты хорздзинӕдтӕй бафсӕста, хъӕздгуыты та ӕнӕ ницӕмӕй арвыста. Ӕрцыд ӕххуысмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ, Израилмӕ, цӕмӕй йын равдиса, кӕй дзы нӕ ферох йӕ зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, мӕ хорзӕхӕй ӕнустӕм хайджын уыдзысты Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддаг – нӕ фыдӕлтӕн куыд загъта, афтӕ» (Лукайы 1:51–55).

Марийӕ Елизаветӕмӕ фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц. Елизаветӕйы сывӕллон ныййарынмӕ цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ нал хъуыди, ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, ӕххуыс кодта. Уыцы иузӕрдион сылгоймӕгтӕ сӕ дыууӕ дӕр кӕй басывӕрджын сты, уый ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй нӕ уыд. Ӕмӕ ахӕм рӕстӕг иумӕ кӕй уыдысты, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уыдаид!

Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесойы йӕ райгуырды размӕ куыд скадджын кодтой, ууыл. Елизаветӕ йӕ схуыдта, «мӕ Хицау», зӕгъгӕ. Ӕмӕ куыддӕр Марийӕ къӕсӕрӕй бахызт, афтӕ, Елизаветӕйӕн йӕ гуыбыны цы сывӕллон уыд, уый «фырцинӕй стӕлфыд». Фӕлӕ куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Марийӕмӕ дӕр ӕмӕ йын чи хъуамӕ райгуырдаид, уыцы сывӕллонмӕ дӕр иннӕтӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кастысты.