Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 СӔР

Райгуырд, фӕндаг чи ӕрцӕттӕ кодта, уый

Райгуырд, фӕндаг чи ӕрцӕттӕ кодта, уый

ЛУКАЙЫ 1:57–79

  • АРГЪАУӔГ ИОАНН РАЙГУЫРД ӔМӔ ЙЫЛ НОМ СӔВӔРДТОЙ

  • ЗАХАРИ ПЕХУЫМПАРИУӔГ КӔНЫ, ИОАНН ЦАВӔР ХӔС СӔХХӔСТ КӔНДЗӔН, УЫЙ ТЫХХӔЙ

Елизаветӕйӕн йӕ арыны афон ӕрхӕццӕ. Ӕртӕ мӕйы дӕргъы йӕ хӕстӕг Марийӕ уыди йемӕ. Фӕлӕ йын стӕй хӕрзбон загъта ӕмӕ сӕхимӕ Назаретмӕ аздӕхт. Иу-ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ уымӕн дӕр хъуамӕ райгуырдаид лӕппу.

Марийӕ куы ацыд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ Елизаветӕ лӕппу ныййардта. Ӕнцонтӕй йӕ кӕй ныййардта ӕмӕ сывӕллон дӕр дзӕбӕх кӕй уыд, уый ӕхсызгон хабар куыннӕ уыди. Елизаветӕ йӕ гыццыл хуры тыны йӕ сыхӕгтӕн ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕн равдыста, ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ фӕцин кодтой.

Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ-иу лӕппуйӕн йӕ райгуырды фӕстӕ ӕстӕм бон хъуамӕ сунӕт скодтаиккой ӕмӕ-иу ыл ном сӕвӕрдтаиккой (Левит 12:2, 3). Чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Захарийӕн йӕ лӕппуйыл дӕр сӕвӕрын хъӕуы уыцы ном, ома Захари. Фӕлӕ сын Елизаветӕ загъта: «Нӕ, нӕ! Йӕ ном Иоанн уыдзӕн» (Лукайы 1:60). Хъуыды ма йӕ кӕндзынӕ, зӕд Гавриил афтӕ кӕй загъта, сӕ лӕппуйы Иоанн кӕй хъуамӕ схоной.

Фӕлӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ уӕддӕр нӕ разы кодтой: «Уӕ хиуӕттӕй ахӕм ном куы никӕмӕн ис» (Лукайы 1:61). Ӕмӕ, къухӕй цыдӕртӕ амонгӕйӕ, Захарийы бафарстой, дӕ фыртыл дӕ цавӕр ном фӕнды сӕвӕрын, зӕгъгӕ. Захари сын фӕйнӕджы гӕбаз ӕрбахӕссын кодта ӕмӕ йыл ныффыста: «Йӕ ном у Иоанн» (Лукайы 1:63).

Ӕмӕ тӕккӕ уыцы сахат Захари ногӕй дзурын райдыдта. Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, Захарийӕн зӕд куы загъта, Елизаветӕйӕн лӕппу райгуырдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд ыл кӕй нӕ баууӕндыд, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон дзурын кӕй нал уыди. Ӕмӕ ныр Захари куы сдзырдта, уӕд сыхӕгты дисӕн кӕрон нал уыд ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Цымӕ ацы сывӕллон чи уыдзӕн?» (Лукайы 1:66). Бамбӕрстой йӕ, Иоанныл ахӕм ном Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд кӕй ӕрцыд.

Уый фӕстӕ Захари сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ загъта: «Табу Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн! Уый ӕркаст йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта. Йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды хӕдзарвӕндагӕй нын радта домбай ирвӕзынгӕнӕджы» (Лукайы 1:68, 69). Захари цы «домбай ирвӕзынгӕнӕджы» кой кодта, уый чи уыд? Чи нӕма райгуырд, уыцы Йесо Чырысти. Дарддӕр Захари загъта, зӕгъгӕ нӕ Уый фӕрцы Хуыцау не знӕгты къухӕй байсдзӕн, «цӕмӕй [нӕ] уый аккаг скӕна, ӕмӕ йын ӕдӕрсгӕ лӕггад кӕнӕм, цӕрӕнбонтӕм йӕ разы иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй цӕрӕм» (Лукайы 1:74, 75).

Йӕ фырты тыххӕй та Захари загъта: «Дӕу та, мӕ хъӕбул, хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы пехуымпар, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы разӕй ацӕудзынӕ, цӕмӕй йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай, йӕ адӕмӕн ын фехъусын кӕнай, сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон кӕй уыдзӕн фервӕзын, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у. Ӕмӕ нӕм уый фӕрцы уӕларвӕй рухс ӕркӕсдзӕн – уый уыдзӕн, хур куы скӕсы, уӕд бӕстӕ куыд ныррухс вӕййы, афтӕ, цӕмӕй, талынджы чи ис ӕмӕ ингӕнау саудалынджы чи цӕры, уыдон феной рухс, цӕмӕй нӕ фарны фӕндагыл сараза ӕмӕ нӕ уыцы фӕндагыл кӕна» (Лукайы 1:76–79). Ацы пехуымпарад адӕмӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыди!

Уӕдмӕ Марийӕ дӕр фӕстӕмӕ сӕхимӕ ӕрыздӕхт. Уыцы рӕстӕг чындзыцыд нӕма уыд. Цымӕ, сывӕрджын кӕй у, уый куы рабӕрӕг уа, уӕд йӕ хабар куыд уыдзӕн?