Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 СӔР

Йесо донаргъуыд райста

Йесо донаргъуыд райста

МАТФЕЙЫ 3:13–17 МАРЧЫ 1:9–11 ЛУКАЙЫ 3:21, 22 ИОАННЫ 1:32–34

  • ЙЕСО ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА ӔМӔ СЫГЪДӔГ ТЫХӔЙ СӔРСТ ӔРЦЫД

  • ЙЕГЪОВӔ ЗАГЪТА, ЙЕСО ЙӔ ФЫРТ КӔЙ У

Аргъауӕг Иоанн хъусын кӕнын куы райдыдта, уымӕй афӕдзы ӕрдӕджы бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо ӕрцыд Иорданы цӕугӕдонмӕ. Уӕд ыл цыди 30 азы бӕрц. Фӕлӕ уырдӕм цӕмӕн ӕрцыд? Йе ’мбалы абӕрӕг кӕнынмӕ? Кӕнӕ, Иоаннӕн йӕ куыст куыд цӕуы, уый фенынмӕ? Нӕ. Йесо уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй йын Иоанн донаргъуыд радтаид.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый Иоанмӕ диссаг фӕкаст, ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕнӕн ды хъуамӕ раттис донаргъуыд, ды та мӕнмӕ ӕрбацыдтӕ?» (Матфейы 3:14). Иоанн ӕй зыдта, Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у. Хъуыды ма кӕныс, Йесо ма гуыбыны куы уыди, уӕд цы ’рцыд, уый? Марийӕ Елизаветӕйы бӕрӕггӕнӕг куы ’рцыд, уӕд Иоанн Елизаветӕйы гуыбыны фырцинӕй стӕлфыд. Ӕмӕ йын уыцы хабар йӕ мад фӕстӕдӕр куыннӕ радзырдтаид. Стӕй, Гавриил Марийӕйӕн Йесойы райгуырды тыххӕй кӕй загъта ӕмӕ, цы ӕхсӕв райгуырд, уыцы ӕхсӕв зӕдтӕ фыййӕуттӕм кӕй фӕзындысты, уый дӕр куыннӕ зыдтаид.

Иоанн ӕмбӕрста, донаргъуыд кӕй хъуамӕ лӕвӕрдтаид, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кодта, уыдонӕн. Йесо та ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг уыд, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ Иоанн донаргъуыд раттыныл нӕ разы кодта. Фӕлӕ йын уӕддӕр Йесо йӕ фӕндон фидарӕй бамбарын кодта: «Ныртӕккӕ афтӕ уӕд, уымӕн ӕмӕ нын афтӕ ӕмбӕлы, раст цыдӕриддӕр у, уый сӕххӕст кӕнын» (Матфейы 3:15).

Цымӕ Йесойӕн донаргъуыд райсын цӕмӕн ӕмбӕлди? Йесо донаргъуыд йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй нӕ райста. Донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, йӕхи ӕнӕхъӕнӕй дӕр йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй радта (Дзуттӕгтӕм 10:5–7). Уӕды онг Йесо уыди хъӕддӕсны. Фӕлӕ ныр та хъуамӕ аразын райдыдтаид, йӕ уӕларвон Фыд ӕй зӕхмӕ цы хъуыддаджы тыххӕй рарвыста, уый. Иоанн Йесойӕн донаргъуыд куы лӕвӕрдта, уӕд цымӕ исты диссаг фенынмӕ ӕнхъӕлмӕ каст?

Иоанн йӕхӕдӕг фӕстӕдӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Донӕй аргъуыд дӕттынмӕ [мӕ] Чи рарвыста, уый мын загъта: „Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ кӕуыл фенай, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд уый дӕтдзӕн“» (Иоанны 1:33). Уӕдӕ Иоанн ӕнхъӕлмӕ каст, донаргъуыд кӕмӕн лӕвӕрдта, уыдонӕй кӕуылдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй хъуамӕ ӕрӕнцадаид. Уымӕ гӕсгӕ Йесо донӕй куы рахызт, уӕд Иоанмӕ диссаг нӕ фӕкаст, йӕ сӕрмӕ йын «Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ӕрцӕйцӕугӕ» кӕй федта, уый (Матфейы 3:16).

Фӕлӕ диссӕгтӕ ууыл нӕ фесты. Йесойӕн «арв фегом». Цӕуыл дзурӕг у уый? Ӕвӕццӕгӕн, ууыл, ӕмӕ Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, цалынмӕ адӕймаг не сси, уӕдмӕ уӕлӕрвты куыд цард, уый. Уӕдӕ Йесо ӕрхъуыды кодта, зӕхмӕ цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ Йегъовӕйы уӕларвон фырт кӕй уыди. Стӕй ма ӕрхъуыды кодта, Хуыцау ын цы рӕстдзинад бацамыдта, уый дӕр.

Уымӕй уӕлдай, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:17). Кӕй хъӕлӕс уыди уый? Йесойӕн йӕхи хъӕлӕс нӕ уыд. Йесо уыцы рӕстӕг Иоанны фарсмӕ лӕууыди. Уый уыд Хуыцауы хъӕлӕс. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Йесо кӕй у Хуыцауы Фырт – Хуыцау нӕ, фӕлӕ.

Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йесо уыд Хуыцауы зӕххон фырт, фыццаг адӕймаг Адам куыд уыди йӕ зӕххон фырт, афтӕ. Ахуыргӕнинаг Лука йӕ Евангелийы, Йесо донаргъуыд куыд райста, уыцы хабары кой куы ракодта, уӕд ма дзы дарддӕр ныффыста: «Йесо йӕ хъуыддагмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ыл цыди ӕртын азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй уыд Иосифы фырт, Иосиф та уыд Илийы фырт... Давиды фырт... Авраамы фырт... Нойы фырт... Адамы фырт, Адам – Хуыцауы фырт» (Лукайы 3:23–38).

Адамау Йесо дӕр уыди Хуыцауы зӕххон фырт. Фӕлӕ донаргъуыд куы райста, уӕд Хуыцауы Фырт сси ӕндӕр хуызы: сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыд ӕмӕ фӕстӕдӕр хъуамӕ уӕлӕрвтӕм ацыдаид. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ бон уыд адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад дзурын ӕмӕ сын царды фӕндаг амонын. Уӕд Йесо йӕхӕдӕг цы фӕндагыл слӕууыд, ууыл хъуамӕ кӕронмӕ ацыдаид ӕмӕ йӕ цард тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй нывондӕн радтаид.