Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 СӔР

Ныхас кӕны самариаг сылгоймагимӕ

Ныхас кӕны самариаг сылгоймагимӕ

ИОАННЫ 4:3–43

  • ЙЕСО САМАРИАГ СЫЛГОЙМАДЖЫ ӔМӔ ИННӔТЫ АХУЫР КӔНЫ

  • ХУЫЦАУӔН, РАСТ КУЫД У, АФТӔ КУВЫН

Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иудейӕйӕ цыдысты цӕгатырдӕм, Галилейӕмӕ. Сӕ фӕндаг акодтой Самарийы уылты. Фӕндагыл тынг бафӕлладысты ӕмӕ сихорафон Сихары горӕтмӕ хӕстӕг цъайы цур сӕ фӕллад суадзынмӕ ӕрлӕууыдысты. Уыцы цъай бирӕ ӕнустӕ раздӕр, ӕвӕццӕгӕн, Иаков скъахта, кӕнӕ та йе скъахыны тыххӕй кӕмӕндӕр бафыста. Абон дӕр уыцы цъай фенӕн ис горӕт Наблусмӕ хӕстӕг.

Цалынмӕ Йесо цъайы раз бадт, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, хӕстӕгдӕр сӕм цы горӕт уыд, уырдӕм хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты. Уыцы рӕстӕг цъаймӕ дон хӕссынмӕ ӕрбацыд иу самариаг сылгоймаг. Йесо йын загъта: «Дон-ма мын авӕр» (Иоанны 4:7).

Дзуттӕгтӕ ӕмӕ самариӕгтӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕрӕдзи нӕ уарзтой ӕмӕ сӕ кӕрӕдзимӕ дзургӕ дӕр нӕ кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Йесойы ныхӕстӕ самариаг сылгоймагмӕ тынг диссаг фӕкастысты, ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды дзуттаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариаг сылгоймагӕй, дон куыд курыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Куы йӕ зонис, цы у Хуыцауы лӕвар ӕмӕ дын чи дзуры, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ, уӕд дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын уый раттид царддӕттӕг дон». Сылгоймаг та йӕ бафарста: «Мӕ буц хицау, цъай арф куы у, ӕмӕ дӕумӕ та, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд дӕм уыцы царддӕттӕг дон кӕцӕй ис? Ау, ды нӕ фыдӕл Иаковӕй уӕлдӕр дӕ, ацы цъай нын уый куы радта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ фырттимӕ, стӕй йӕ фос дӕр дон ардыгӕй куы нызтой?» (Иоанны 4:9–12).

Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Ацы донӕй чи нуазы, уый ногӕй сдойны уыдзӕн. Ӕз цы дон раттон, уымӕй чи бануаза, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн, фӕлӕ йын цы дон раттон, уый йӕ мидӕг фестдзӕн, гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон» (Иоанны 4:13, 14). Йесо кӕд фӕллад уыди, уӕддӕр нӕ фӕзивӕг кодта самариаг сылгоймагӕн, ӕнусон цард кӕй фӕрцы ссардтаид, уыцы ныхӕстӕ зӕгъын.

Уӕд ын сылгоймаг ныллӕгъстӕ кодта: «Хицау, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй макуыуал сдойны уон ӕмӕ мӕ ардӕм донмӕ цӕуын мауал хъӕуа». Куыд зыны, афтӕмӕй ам Йесо йӕ ныхас иннӕрдӕм фӕзылдта: «Ацу, дӕ лӕгмӕ фӕдзур, ӕмӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕрбаздӕх». Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Нӕй мын лӕг». Йесо та йын загъта: «Афтӕ кӕй зӕгъыс, лӕг мын нӕй, зӕгъгӕ, уымӕй раст зӕгъыс. Фондз лӕджы дын уыди, ӕмӕ дын ныр чи ис, уый дӕр дын лӕг нӕу» (Иоанны 4:15–18). Йесо йын йӕ цард афтӕ хорз кӕй зыдта, уый йӕ дисы куыннӕ бафтыдтаид.

Уыцы ныхӕстӕй сылгоймаг бамбӕрста, Йесо хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕу, ӕмӕ йын дисхуызӕй загъта: «Мӕ буц хицау, ды ӕнӕмӕнг пехуымпар дӕ». Ӕмӕ дарддӕр рабӕрӕг, Хуыцауы тыххӕй йӕ фылдӕр базонын кӕй фӕндыд. Куыд? Уырдӕм хӕстӕг уыд Гаризимы хох, ӕмӕ сылгоймаг Йесойӕн загъта: «Нӕ фыдӕлтӕ [ома самариӕгтӕ] Хуыцауӕн ацы хохыл куывтой, сымах та [ома дзуттӕгтӕ] афтӕ зӕгъут, ӕмӕ йын Иерусалимы хъӕуы кувын» (Иоанны 4:19, 20).

Фӕлӕ йын Йесо бамбарын кодта, Хуыцауӕн кӕм кувай, уый сӕйраг кӕй нӕу. Загъта йын: «Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Иерусалимы». Ӕмӕ дарддӕр йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувӕг адӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн кувдзысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд ахӕм кувӕг адӕмы агуры йӕхицӕн» (Иоанны 4:21, 23, 24).

Хуыцау, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын кӕм кувынц, уымӕ нӕ кӕсы. Сӕйрагдӕр ын у, куыд ын кувынц, уый. Сылгоймаджы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕй зонын, кӕй ӕрцӕудзӕн Мессийӕ, Чырысти кӕй хонынц, уый. Ӕмӕ уый куы ’рцӕуа, уӕд нын ӕппӕт дӕр ӕргом радзурдзӕн» (Иоанны 4:25).

Ӕмӕ йын уӕд Йесо раргом кодта ахсджиаг хабар: «Ӕз дӕн уыцы адӕймаг» (Иоанны 4:26). Ахъуыды-ма кӕн! Цавӕрдӕр сылгоймаг сихорафон дон хӕссынмӕ ӕрбацыд. Фӕлӕ йын Йесо ахӕм стыр кад скодта, ӕмӕ йын раргом кодта, уӕдмӕ иу адӕймагӕн дӕр ӕргом кӕй нӕ загъта, уыцы хабар – Мессийӕ кӕй у.

САМАРИӔГТӔЙ БИРӔТӔ БАУУӔНДЫДЫСТЫ

Уӕдмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Сихарӕй хӕринагимӕ ӕрбаздӕхтысты. Ӕмӕ Йесойы ӕрбаййӕфтой цъайы раз самариаг сылгоймагимӕ ныхасгӕнгӕ. Куыддӕр ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбахӕццӕ сты, афтӕ сылгоймаг йӕ донхӕссӕн дурын уым фӕуагъта ӕмӕ горӕтмӕ азгъордта.

Сылгоймаг Сихармӕ куы бахӕццӕ, уӕд адӕмӕн радзырдта, Йесойӕ цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Зӕрдиагӕй сын дзырдта: «Цомут фенут, цы хъуыддӕгтӕ кодтон, уыдон мын иууылдӕр чи радзырдта, уыцы адӕймаджы». Йӕ ныхӕстӕм уыдон дӕр сцымыдис сты. Ӕмӕ сӕ уӕд бафарста: «Уый Чырысти ма уа?» (Иоанны 4:29). Уыцы ахсджиаг фарстайӕн дзуапп базонынмӕ адӕм Моисейы замантӕй фӕстӕмӕ бӕллыдысты (Дыккаг закъон 18:18). Гъемӕ горӕты цӕрджытӕ ацыдысты, цӕмӕй Йесойы сӕхӕдӕг федтаиккой.

Уыцы рӕстӕг Йесойӕн та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзырдтой, цӕмӕй, цы хӕринаг ӕрбахастой, уымӕй бахордтаид. Фӕлӕ сын уый загъта: «Мӕнмӕ ис, сымах кӕй тыххӕй нӕ зонут, ахӕм хӕринаг». Ӕмӕ уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийы фӕрсын райдыдтой: «Мыййаг ын исчи ӕрбахаста хӕринаг?» Йесо сын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, цавӕр хӕринаджы кой кодта, уый. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг сты. Загъта сын: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоанны 4:32–34).

Иу-цыппар мӕйы фӕстӕ хъуамӕ райдыдтаиккой хуымгӕрдӕнтӕ. Фӕлӕ Йесо цы «хъуыддаджы» кой кодта, уый ӕнӕуи хуымтӕ кӕрдын нӕ уыд. Йесо кодта ӕндӕр хуымгӕрдӕны кой – адӕмы ӕмбырд кӕныны кой. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ. Ныридӕгӕн хуымгӕрдӕг йӕ мызд исы ӕмӕ тыллӕг ӕмбырд кӕны ӕнусон цардӕн, цӕмӕй тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕной» (Иоанны 4:35, 36).

Йесо, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, уыцы сылгоймагыл кӕй фембӕлд, уый диссаджы тыллӕг кӕй ӕрхӕсдзӕн. Сылгоймаг Сихары цӕрджытӕн куы загъта, «цы хъуыддӕгтӕ кодтон, уыдон мын уыцы адӕймаг иууылдӕр радзырдта», зӕгъгӕ, уӕд сӕ бирӕтӕ Йесойыл баууӕндыдысты (Иоанны 4:39). Ӕмӕ Сихарӕй цъайы цурмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй ма сӕм баззадаид ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй фылдӕр радзырдтаид. Йесо сразы ӕмӕ ма Самарийы дыууӕ боны фӕци.

Йесо цы дзырдта, уый фӕрцы ма йыл самариӕгтӕй ноджыдӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты. Ӕмӕ уыцы сылгоймагӕн дзырдтой: «Мах ыл ныр дӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ не ’ууӕндӕм. Нӕхӕдӕг ын фехъуыстам йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ зонӕм, уыцы адӕймаг ӕцӕгдӕр дунейы ирвӕзынгӕнӕг кӕй у» (Иоанны 4:42). Самариаг сылгоймаг Чырыстийы тыххӕй куыд хъусын кодта, уымӕй нын у фӕзминаг. Уӕдӕ-иу мах дӕр адӕмимӕ афтӕ ныхас кӕнӕм, цӕмӕй-иу сцымыдис уой ӕмӕ-иу сӕ фылдӕр базонын бафӕнда.

Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, уыцы хабар кӕй ӕрцыди, хуымгӕрдӕнтӕм ма цыппар мӕйы куы баззад, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, ам дзырд цӕуы хъӕбӕрхор кӕрдыны афоныл. Хъӕбӕрхор уыцы бӕстӕты уалдзӕджы карстой. Уӕдӕ уӕд уыдаид ноябрь кӕнӕ декабрь. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ н. э. 30 азы Куадзӕны фӕстӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иудейӕйы фесты аст мӕйы бӕрц. Уым адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ сын донаргъуыд лӕвӕрдтой. Уый фӕстӕ сӕхимӕ Галилейӕмӕ аздӕхтысты. Цымӕ сӕм уым та цы ’нхъӕлмӕ каст?