Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 СӔР

Ноджы фылдӕр хъусын кӕны Галилейӕйы

Ноджы фылдӕр хъусын кӕны Галилейӕйы

МАТФЕЙЫ 4:23–25 МАРЧЫ 1:35–39 ЛУКАЙЫ 4:42, 43

  • ЙЕСО ЙӔ ЦЫППАР АХУЫРГӔНИНАГИМӔ ГАЛИЛЕЙӔЙЫЛ ӔРЗЫЛД

  • ЙӔ КОЙ ДАРДЫЛ АЙХЪУЫСТ

Уыцы бон Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Капернаумы бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Изӕрӕй та йӕм горӕты цӕрджытӕ сӕ рынчынты ӕрбакодтой, цӕмӕй сӕ сдзӕбӕх кодтаид. Иу гыццыл иунӕгӕй аззадаид, уый фадат дӕр ын нӕ уыди.

Гъемӕ дыккаг бон райсомӕй раджы, нырма талынг уыди, афтӕ, сыстад, ӕддӕмӕ рахызт ӕмӕ хибар ран ссардта, цӕмӕй йӕ Фыдмӕ скуывтаид. Фӕлӕ иунӕгӕй бирӕ нӕ фӕци. Йесо хӕдзары кӕй нӕй, уый куы бамбӕрстой, уӕд «Симон йе ’мбӕлттимӕ» йӕ агурӕг рацыд. Уыцы хъуыддаг Петр йӕхимӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн райста, ӕмӕ Йесо уазӕгуаты уыдонмӕ уыди (Марчы 1:36; Лукайы 4:38).

Йесойы куы ссардтой, уӕд ын Петр загъта: «Иууылдӕр дӕу куы агурынц» (Марчы 1:37). Капернаумы цӕрджытӕ Йесойы кӕй агуырдтой, уый диссаг дӕр нӕ уыд. Уыдоны фӕндыди, цӕмӕй уым фылдӕр баззадаид. Цы сын сарӕзта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг уыдысты, ӕмӕ йын дзурын райдыдтой, ма ацу, зӕгъгӕ (Лукайы 4:42). Фӕлӕ цымӕ Йесо зӕхмӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаид ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кодтаид? Стӕй ӕрмӕстдӕр уым хъуамӕ лӕггад кодтаид? Уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы загъта?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕввахс горӕттӕм, цӕмӕй уым дӕр хорз хабар хъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн». Ӕмӕ йӕ Капернаумӕй чи нӕ уагъта, уыцы адӕмӕн дӕр загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Марчы 1:38; Лукайы 4:43).

Йесо зӕхмӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтаид. Уыцы Паддзахады фӕрцы йӕ Фыды ном срухс уыдзӕн ӕмӕ адӕм се ’ппӕт низтӕй дӕр фервӕздзысты. Цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон та ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр Хуыцау кӕй рарвыста. Кӕддӕр Моисей дӕр диссӕгтӕ уый тыххӕй арӕзта, цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй уыд (Рацыд 4:1–9, 30, 31).

Уыйадыл Йесо Капернаумӕй ацыд, цӕмӕй иннӕ горӕтты дӕр хъусын кодтаид. Йемӕ ацыдысты йӕ цыппар ахуыргӕнинаджы дӕр. Уыдон уыдысты Петр ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей, стӕй Иоанн ӕмӕ йе ’фсымӕр Иаков. Йесо сӕ цалдӕр къуырийы размӕ ӕрхуыдта, цӕмӕй ӕдзухдӕр йемӕ уыдаиккой ӕмӕ, кӕдӕм цыди, уырдӕм йемӕ цыдаиккой.

Йесо уыцы цыппар ахуыргӕнинагимӕ Галилейӕйы горӕттыл зылди ӕмӕ хъусын кодта. Уыцы уацамындон балц диссаджы тыллӕг ӕрхаста! Алкӕм дӕр Йесойы кой кодтой. «Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл» ӕмӕ, Дӕссахар кӕй хуыдтой, уыцы дӕс горӕтыл. Йӕ кой фӕхӕццӕ суанг Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарсмӕ дӕр (Матфейы 4:24, 25). Гъемӕ уыцы бӕстӕтӕй, ӕмӕ ма Иудейӕйӕ дӕр, дуне адӕм Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдыл цыдысты. Бирӕтӕ йӕм кодтой сӕ рынчынты. Ӕмӕ-иу нӕ фӕфыдӕнхъӕл сты – Йесо-иу сын сӕ рынчынты ӕмӕ сӕ хӕйрӕджджынты сдзӕбӕх кодта.