Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 СӔР

Хъотырджыны сдзӕбӕх кодта

Хъотырджыны сдзӕбӕх кодта

МАТФЕЙЫ 8:1–4 МАРЧЫ 1:40–45 ЛУКАЙЫ 2:12–16

  • ЙЕСО ХЪОТЫРДЖЫНЫ СДЗӔБӔХ КОДТА

Йесо йӕ цыппар ахуыргӕнинагимӕ цыди ӕмӕ «ӕгас Галилейӕйы ӕмбырдгӕнӕнты» хъусын кодта. Ӕмӕ, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдоны кой дардыл айхъуыст (Марчы 1:39). Йесойы тыххӕй цы горӕтты фехъуыстой, уыдонӕй иуы цард иу хъотырджын лӕг. Уыцы лӕджы тыххӕй дохтыр Лука ныффыста, зӕгъгӕ, «йӕ буар хъотыры хъӕдгӕмттӕй... нал зынд» (Лукайы 5:12). Хъотыр ахӕм ӕвзӕр низ у, ӕмӕ буары уӕнгтӕ гыццылгай хӕрын райдайы ӕмӕ адӕймаджы ныффыдынд кӕны.

Уӕдӕ уыцы хъотырджын уыди тынг ӕвзӕр уавӕры ӕмӕ цӕргӕ дӕр хъуамӕ хибар ран кодтаид. Уымӕй уӕлдай-иу, исчи йӕ рӕзты куы фӕцӕйцыдаид, уӕд-иу хъуамӕ хъӕр кодтаид, «сыгъдӕг нӕ дӕн, сыгъдӕг нӕ дӕн!», зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕм хӕстӕг ма бацыдаид ӕмӕ йыл йӕ низ ма бахӕцыдаид (Левит 13:45, 46). Фӕлӕ уыцы хъотырджын цы бакуыста? Йесомӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ буц Хицау, ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ» (Матфейы 8:2).

Цы диссаджы уырнындзинад уыди уыцы адӕймагмӕ! Ӕмӕ йӕ уыцы низ цы уавӕрмӕ ӕртардта! Цымӕ Йесо куыд бакӕндзӕн? Йӕ бынаты ды куыд бакодтаис? Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, йӕ къух ӕм бадардта ӕмӕ йыл андзӕвыд. Стӕй йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у» (Матфейы 8:3). Чи зоны, исчи загътаид, уый гӕнӕн куыд ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ рынчынӕн йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт!

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо уыд тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ, адӕймаг цыфӕнды уавӕры ма уыдаид, уӕддӕр ын йӕ бон уыди баххуыс кӕнын. Ахӕм паддзах дын куы уаид, уый дӕ нӕ фӕнды? Йесо уыцы хъотырджынӕн куыд баххуыс кодта, уый фӕрцы йӕ фидарӕй зонӕм, ӕгас зӕххӕн Паддзах куы суа, уӕд кӕй сӕххӕст уыдзӕн ацы пехуымпарад: «Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн, ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн» (Псалом 72:13). Уӕд Йесойӕн йе стыр бӕллиц сӕххӕст уыдзӕн – баххуыс кӕндзӕн, чи хъизӕмар кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.

Йесо цалынмӕ уыцы хъотырджыны не сдзӕбӕх кодта, уӕдмӕ дӕр бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр йӕ кой кодтой. Уӕдӕ ацы диссаджы хабары кой дӕр куыннӕ айхъуыстаид! Фӕлӕ Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл адӕм, кӕмӕйдӕр цы фехъуыстой, ӕрмӕстдӕр уымӕ гӕсгӕ ӕууӕндыдаиккой. Зыдта йӕ, пехуымпарад афтӕ кӕй зӕгъы, зӕгъгӕ «йын уынджы йӕ хъӕлӕс ничи фехъусдзӕн», ома ууыл нӕ архайдзӕн, цӕмӕй адӕмы йӕхимӕ ӕркӕсын кӕна (Исай 42:1, 2). Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур. Фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн, ӕмӕ Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс» (Матфейы 8:4).

Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы лӕг фырцинӕй зӕххыл дӕр нал лӕууыд ӕмӕ алыгъд ӕмӕ йыл цы ’рцыд, уый алкӕмӕн дӕр дзырдта. Ахӕм диссаджы хабарӕн ӕнӕрадзургӕ куыд уыд! Уый фехъусгӕйӕ адӕм ноджы тынгдӕр сцымыдис сты. Ӕмӕ уый тыххӕй Йесойӕн йӕ бон горӕтмӕ ӕргом бацӕуын нал уыди, ӕмӕ-иу баззад, кӕм ничи цард, ахӕм рӕтты. Фӕлӕ йӕм адӕм уырдӕм дӕр цыдысты, цӕмӕй сӕ ахуыр кодтаид ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтаид.