Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

26 СӔР

«Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»

«Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»

МАТФЕЙЫ 9:1–8 МАРЧЫ 2:1–12 ЛУКАЙЫ 5:17–26

  • ЙЕСО, ПАРАЛИЧ КӔЙ НЫЦЦАВТА, УЫЦЫ ЛӔГӔН ЙӔ ТӔРИГЪӔДТӔ НЫХХАТЫР КОДТА ӔМӔ ЙӔ СДЗӔБӔХ КОДТА

Йесойы кой дардыл айхъуыст. Ӕмӕ йӕм алы рӕттӕй дӕр бирӕ адӕм цыди, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон сӕхи цӕстӕй федтаиккой. Фӕлӕ цалдӕр боны фӕстӕ Йесо ӕрыздӕхт, Галилейӕйы денджызы был чи уыд ӕмӕ-иу арӕх кӕм ӕрлӕууыд, уыцы горӕт Капернауммӕ. Йесойы ӕрцыды хабар уайтагъд ӕнӕхъӕн горӕтыл айхъуыст. Ӕмӕ, цы хӕдзары уыд, уырдӕм дуне адӕм ӕрбацыд. Се ’хсӕн уыди фарисейтӕ ӕмӕ закъонамонджытӕ дӕр. Уыдон ӕрцыдысты Галилейӕйы ӕмӕ Иудейӕйы алы рӕттӕй ӕмӕ Иерусалимӕй дӕр.

«Гъемӕ йӕм уырдӕм уыйбӕрц адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ хӕдзары суанг бахизӕны дӕр ӕрлӕууӕн нал уыд. Ӕмӕ сын райдыдта хорз хабар хъусын кӕнын» (Марчы 2:2). Раст уыцы рӕстӕг ӕрцыд диссаджы хабар. Уый хорз ӕвдисы, Йесойӕн йӕ бон кӕй у адӕмы хъизӕмӕртты аххосаг аиуварс кӕнын ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кӕнын.

Йесо адӕмы кӕм ахуыр кодта, уыцы уаты къух бакӕнӕн нал уыди. Ӕмӕ йӕм уыцы рӕстӕг цыппар лӕджы хуыссӕныл ӕрбахастой, паралич кӕй ныццавта, ахӕм адӕймаджы. Фӕндыди сӕ, цӕмӕй сын Йесо се ’мбалы сдзӕбӕх кодтаид. Фӕлӕ йӕм «адӕмӕй бацӕуӕн... нӕ уыд» (Марчы 2:4). Уӕдӕ ныр куыд кӕной? Хӕдзар тъӕпӕнсӕр уыди. Гъемӕ йӕ сӕрмӕ сбырыдысты, цары хуынкъ скодтой ӕмӕ рынчыны уырдыгӕй йӕ хуыссӕныл бынмӕ ӕруагътой.

Цымӕ сӕм Йесо, кӕй йӕ бахъыгдардтой, уый тыххӕй смӕсты? Ӕппындӕр нӕ. Ахӕм фидар уырнындзинад сӕм кӕй уыди, уый ма йын ӕхсызгон дӕр уыд. Ӕмӕ, паралич кӕй ныццавта, уыцы лӕгӕн загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ» (Матфейы 9:2). Фӕлӕ цымӕ Йесойӕн йӕ бон ӕцӕгдӕр уыд тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын? Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ууыл тынг дызӕрдыг кодтой. Сӕхинымӕр хъуыды кодтой: «Ацы лӕг афтӕтӕ куыд дзуры? Ай Хуыцауы куы фауы! Кӕй бон у Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын?» (Марчы 2:7).

Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнут? Цы ӕнцондӕр у, рынчынӕн афтӕ зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“?» (Марчы 2:8, 9). Цасдӕры фӕстӕ Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхастаид, уый фӕрцы йӕ бон уыди уыцы лӕгӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын.

Уый фӕстӕ Йесо, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хъуыддагӕй равдыста, ӕцӕгдӕр йӕ бон кӕй у зӕххыл адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын. Йесо йе ’ргом аздӕхта, паралич кӕй ныццавта, уыцы лӕгмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дӕумӕ дзурын: сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ уӕхимӕ ацу». Уый дӕр уайтагъд сыстад, йӕ хуыссӕн фелвӕста ӕмӕ адӕмы рӕзты ацыди. Уый фенгӕйӕ иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ Хуыцауы кадджын кодтой: «Ахӕм диссаг никуы федтам»! (Марчы 2:11, 12).

Йесо куыд загъта, афтӕмӕй низтӕ баст сты тӕригъӕдтимӕ. Тӕригъӕдтӕ хатыргонд куы ’рцӕуынц, уӕд та адӕймаг йӕ низтӕй фервӕзы. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй фыццаг адӕймаг, Адам, тӕригъӕд ракодта. Уыцы тӕригъӕд мах не ’ппӕт дӕр нӕ туджы рахастам, ӕмӕ рынчын дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнӕм. Фӕлӕ зӕхх Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йесо сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд рынчын дӕр никуы ничиуал кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 5:12, 18, 19).