Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 СӔР

Матфей сси Йесойы ахуыргӕнинаг

Матфей сси Йесойы ахуыргӕнинаг

МАТФЕЙЫ 9:9–13 МАРЧЫ 2:13–17 ЛУКАЙЫ 5:27–32

  • ЙЕСО ӔРХУЫДТА ХЪАЛОНИСӔГ МАТФЕЙЫ

  • ЙЕСО ТӔРИГЪӔДДЖЫНТИМӔ ЙӔ РӔСТӔГ ӔРВЫСТА, ЦӔМӔЙ СЫН БАХХУЫС КОДТАИД

Йесо, паралич кӕй ныццавта, уыцы лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уый фӕстӕ ма иуцасдӕр фӕци Капернаумы, Галилейӕйы денджызы был. Уым йӕ алыварс бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ та сӕ ахуыр кӕнын райдыдта. Уырдыгӕй куы ацыд, уӕд федта Матфейы, хуыдтой ма йӕ Леви дӕр. Матфей бадт хъалонӕмбырдгӕнӕны, ӕмӕ йын Йесо загъта, «мӕ фӕдыл рацу», зӕгъгӕ. Йесойы ныхас Матфейы фырцинӕй, ӕвӕццӕгӕн, уырнгӕ дӕр нӕ бакодта (Матфейы 9:9).

Ӕвӕццӕгӕн, Матфей дӕр Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннау зонгӕ уыд Йесойы ахуырӕдтимӕ ӕмӕ, сӕ бӕстӕйы цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдӕтты тыххӕй дӕр фехъуыста. Ӕмӕ уый дӕр Йесойы фыццаг цыппар ахуыргӕнинагау фӕстиат нал кодта. Матфей йӕ Евангелийы йӕхи тыххӕй ныффыста: «Уый дӕр сыстад ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд» (Матфейы 9:9). Уыйадыл Матфей хъалонтӕ ӕмбырд кӕныны куыст ныууагъта ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинаг сси.

Уымӕй цасдӕры фӕстӕ Матфей йӕ хӕдзары скодта стыр куывд. Ӕвӕццӕгӕн ӕй афтӕмӕй равдисын фӕндыд, Йесо йӕ кӕй ӕрхуыдта, уый тыххӕй куыд бузныг уыд, уый. Цымӕ ма куывдмӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты йеддӕмӕ кӕй фӕхуыдта? Раздӕр кӕимӕ куыста, уыцы хъалонисджытӕй дӕр дзы чидӕртӕ уыди. Уыдон хъалон ӕмбырд кодтой, дзуттӕгтӕ се сӕфт кӕмӕй уыдтой, уыцы Ромы хицауадӕн. Хъалон-иу истой, наулӕууӕнмӕ-иу цы наутӕ ӕрбацыд, уыдоны тыххӕй, стӕй, сӕудӕджертӕ сӕйраг фӕндӕгтыл сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ кӕй ластой, уый тыххӕй ӕмӕ, бӕстӕмӕ уӕй кӕнынмӕ цы ластой, уыдӕтты тыххӕй дӕр. Цымӕ дзуттӕгтӕ хъалонисджытӕм цы цӕстӕй кастысты? Адӕмы цӕсты тынг ӕгад уыдысты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ арӕх хъалон истой, цас ӕмбӕлд, уымӕй фылдӕр. Куывды уыди тӕригъӕдджынтӕ дӕр – уыцы ном сыл сбадт се ’взӕр миты тыххӕй (Лукайы 7:37–39).

Гъемӕ фарисейтӕ Йесойы ахӕм адӕмимӕ бадгӕ куы федтой, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарстой: «Уӕ ахуыргӕнӕг хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бады?» (Матфейы 9:11). Йесо сын сӕ ныхас фехъуыста ӕмӕ сын загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ уал базонут, цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ: „Мӕн нывӕндтӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уат, уый“. Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Матфейы 9:12, 13; Оси 6:6). Кӕд фарисейтӕ Йесойы «ахуыргӕнӕг» схуыдтой, уӕддӕр ӕй афтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ не схуыдтой. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид,– Йесомӕ хъусгӕйӕ, раст цы у, уый тыххӕй сӕ бон цыдӕртӕ уыди базонын.

Матфей куывдмӕ хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй фӕхуыдта, цӕмӕй уыдон дӕр Йесомӕ байхъуыстаиккой ӕмӕ раст фӕндагыл слӕууыдаиккой, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ «цыдысты йӕ фӕдыл» (Марчы 2:15). Йесойы фӕндыд ахӕм адӕмӕн Хуыцауимӕ бафидауынӕн баххуыс кӕнын. Сӕхи цӕсты рӕстгӕнджытӕ чи уыдысты, уыцы фарисейтӕй уӕлдай сын Йесо тӕригъӕд кодта. Ӕмӕ, уырнындзинады хъуыддаджы рынчынтӕй уӕлдай чи нӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта, дохтыр рынчынты куыд сдзӕбӕх кӕны, афтӕ.

Кӕд Йесо хъалонисджытӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн тӕригъӕд кодта, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕм уӕлӕнгай цӕстӕй каст. Ӕнӕуи рынчынтӕм кӕсгӕйӕ-иу йӕ зӕрдӕ куыд фӕрыст, афтӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ дӕр рысти йӕ зӕрдӕ. Хъуыды ма кӕныс, хъотырджынӕн куыд фӕтӕригъӕд кодта, уый? Йесо йыл андзӕвыд ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у» (Матфейы 8:3). Зын уавӕры чи ис, уыдонӕн мах дӕр хъуамӕ тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, уӕлдайдӕр та – уырнындзинады хъуыддаджы.