Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

30 СӔР

Йесо у Хуыцауы Фырт

Йесо у Хуыцауы Фырт

ИОАННЫ 5:17–47

  • ХУЫЦАУ У ЙЕСОЙЫ ФЫД

  • ЙЕСО ЗӔРДӔ БАВӔРДТА, МӔРДТӔ КӔЙ РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ

Йесо рынчын лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд дзы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ загътой, сабатбоны закъон, дам, фехӕлдта. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын» (Иоанны 5:17).

Йесо ахӕмӕй ницы сарӕзта, цӕмӕй зӕгъӕн уыдаид, сабатбоны закъон фехӕлдта, зӕгъгӕ. Йӕ Фыд ӕдзухдӕр аразы хорз хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо дӕр алы бон дӕр арӕзта хорздзинад – адӕмӕн хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодта. Фӕлӕ йӕ чи аххосджын кодта, уыдонӕн йӕ дзуапп сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр смӕсты сты ӕмӕ йӕ марынвӕнд скодтой. Цӕмӕн?

Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йесо сабаты адӕмы кӕй дзӕбӕх кодта, уымӕй Закъоны сӕрты хызти. Уымӕй уӕлдай, Йесо афтӕ кӕй загъта, ӕз Хуыцауы Фырт дӕн, зӕгъгӕ, уый сӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл банымадтой. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ, Йесо Хуыцауы йӕ Фыд кӕй хуыдта, уымӕй йӕ фаугӕ кодта. Ома, дам, ӕй уымӕй уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ сын Хуыцауимӕ ӕмхуызон бартӕ ис. Фӕлӕ Йесо нӕ фӕтарст. Хуыцау ӕм цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй ма сын афтӕ дӕр загъта: «Фыд уарзы йӕ Фырты ӕмӕ, йӕхӕдӕг цыдӕриддӕр аразы, уый йын ӕвдисы» (Иоанны 5:20).

Йесойы Фыд у Царддӕттӕг. Ӕмӕ уый раджы заманты равдыста, йе ’рвыст лӕгтӕй иуӕй-иутӕн ахӕм хъару кӕй радта, цӕмӕй кӕйдӕрты райгас кодтаиккой. Дарддӕр Йесо загъта: «Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн ӕй фӕнды, уыдонӕн» (Иоанны 5:21). Цас ныфс нын дӕттынц, ӕвӕдза, ацы диссаджы ныхӕстӕ! Йесо уыцы рӕстӕг дӕр ӕгас кодта, уырнындзинады хъуыддаджы мардӕй уӕлдай чи нӕ уыд, уыдоны. Ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, ӕмӕ уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – уый у, мард чи уыд, фӕлӕ ныр цардмӕ чи раздӕхт, ахӕм адӕймаджы хуызӕн» (Иоанны 5:24).

Уӕды онг Йесо искӕй райгас кодта, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдонӕн бамбарын кодта, чи амард, уыдоны фидӕны кӕй райгас кӕндзӕн. Загъта сын: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).

Кӕд Йесо ахӕм стыр бартӕй хайджын у, уӕддӕр бӕлвырд бамбарын кодта, Хуыцауы дӕлбар кӕй ис. Уый загъта: «Мӕнӕн иу хъуыддаг дӕр мӕ бон нӕу мӕхи фӕндӕй саразын... Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый» (Иоанны 5:30). Фӕлӕ Йесо бамбарын кодта, Хуыцау ын цы ахсджиаг хъуыддаг бабар кодта, уый – уӕды онг уый тыххӕй афтӕ ӕргом никуыма дзырдта. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты тыххӕй Йесо ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ лӕууыд ӕвдисӕн. Чи йӕ аххосджын кодта, уыдонӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, «сымах уӕ адӕмы арвыстат [Аргъауӕг] Иоанмӕ, ӕмӕ уый ӕвдисӕн ныллӕууыд рӕстдзинады тыххӕй» (Иоанны 5:33).

Йесойы ныхмӕ чи цыд, уыдон куыннӕ фехъуыстаиккой, иу-дыууӕ азы размӕ Иоанн дзуттаг дины разамонджытӕн кӕй дзырдта, йӕ фӕстӕ Чи цӕуы, уый тыххӕй, ома «Чырысти» кӕй хуыдтой ӕмӕ, «рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы пехуымпары» тыххӕй (Иоанны 1:20–25). Ӕмӕ сын Йесо сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ныр ахӕстоны чи бадт, уыцы Иоанн кӕддӕр сӕ цӕсты куыд кадджын уыди, уый. Загъта сын: «Сымах цыбыр рӕстӕг фӕндыд йӕ рухсмӕ цин кӕнын» (Иоанны 5:35). Фӕлӕ сын уый фӕстӕ бамбарын кодта, Аргъауӕг Иоаннӕй ма йын стырдӕр ӕвдисӕн дӕр кӕй ис.

Йесо загъта: «Ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон [гыццыл раздӕр рынчын лӕджы кӕй сдзӕбӕх кодта, уый дӕр] сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн, мӕ Фыд мӕ кӕй рарвыста, уымӕн». Ӕмӕ ма уый фӕстӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг дӕр ӕвдисӕн ныллӕууыд мӕн тыххӕй» (Иоанны 5:36, 37). Хуыцау Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн кӕд ныллӕууыд? Зӕгъӕм, донаргъуыд куы райста, уӕд (Матфейы 3:17).

Уӕдӕ, Йесойы ныхмӕ чи цыд, уыдон сӕхи ницӕмӕй сраст кодтаиккой. Уыдон дзырдтой, Фыстад лӕмбынӕг кӕй иртӕстой, ӕмӕ уым та Йесойы тыххӕй фыст ис. Уымӕ гӕсгӕ сын фӕстагмӕ Йесо загъта: «Моисейыл куы ’ууӕндиккат, уӕд мӕныл дӕр баууӕндыдаиккат, уымӕн ӕмӕ уый мӕн тыххӕй фыста. Фӕлӕ кӕд уый фыстытыл не ’ууӕндут, уӕд мӕ ныхӕстыл куыд баууӕнддзыстут?» (Иоанны 5:46, 47).