Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

39 СӔР

Мӕгуыр йӕ бон, йӕ зӕрдӕ чи ныддур кодта, уыцы фӕлтӕрӕн

Мӕгуыр йӕ бон, йӕ зӕрдӕ чи ныддур кодта, уыцы фӕлтӕрӕн

МАТФЕЙЫ 11:16–30 ЛУКАЙЫ 7:31–35

  • ЙЕСО ИУӔЙ-ИУ ГОРӔТТӔН БАУАЙДЗӔФ КОДТА

  • АДӔМӔН СӔ УАРГЪ РОГДӔР КОДТА ӔМӔ СЫН УДӔНЦОЙ ХАСТА

Аргъауӕг Иоаннӕн Йесойы цӕсты стыр кад уыди. Фӕлӕ йӕм адӕмӕн та сӕ фылдӕр цы цӕстӕй кастысты? Йесо, йӕ рӕстӕджы чи цард, уыцы фӕлтӕры тыххӕй загъта: «Уыдон сты гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн, базары фӕзты чи бады ӕмӕ се ’мбӕлттӕн афтӕ чи дзуры: „Мах уын уадындзӕй цагътам, фӕлӕ сымах нӕ кафыдыстут, хъарджытӕ кодтам, фӕлӕ сымах нӕ куыдтат ӕмӕ уӕхи нӕ хостат“» (Матфейы 11:16, 17).

Ацы ныхӕстӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? Йӕхӕдӕг ӕй бамбарын кодта: «Ӕрцыд Иоанн, ӕмӕ нӕдӕр хӕргӕ кӕны, нӕдӕр нуазгӕ, ӕмӕ дзы дзурынц: „Ай хӕйрӕджджын у“. Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт дӕр, уый та хӕргӕ дӕр кӕны ӕмӕ нуазгӕ дӕр, фӕлӕ уымӕй дӕр дзурынц: „Ай мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ нозтуарзаг куы у, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“» (Матфейы 11:18, 19). Иоанн кодта хуымӕтӕг цард, назорейтӕ-иу куыд цардысты, афтӕ. Суанг сӕн дӕр нӕ нуӕзта. Фӕлӕ йӕ уыцы фӕлтӕр хуыдтой хӕйрӕджджын (Нымӕцтӕ 6:2, 3; Лукайы 1:15). Йесо та цард, иннӕ адӕм куыд цӕрынц, афтӕ. Уый хӕргӕ дӕр кодта ӕмӕ нуазгӕ дӕр, ӕрмӕст – уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Фӕлӕ ууыл та гуыбындзӕл ӕмӕ нозтуарзагӕй худтысты. Ӕцӕгдӕр, дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц, адӕмӕн сӕ сӕрыл царв куы рауадзай, уӕд дӕр «дон, дон» хъӕр кӕндзысты.

Йесо уыцы фӕлтӕр абарста, базары фӕзты чи бадт, ахӕм сывӕллӕттимӕ. Уыцы сывӕллӕттӕн се ’мбӕлттӕ уадындзӕй цагътой, фӕлӕ уыдон нӕ кафыдысты, стӕй та сын хъарджытӕ кодтой, фӕлӕ уыдон нӕ куыдтой. «Куыдфӕнды ма уа,– загъта Йесо,– зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матфейы 11:16, 19). Ӕцӕгдӕр, Иоанн ӕмӕ Йесойӕн сӕ «хъуыддӕгтӕ» бӕлвырд ӕвдыстой, цытӕ сӕ дзырдтой, уыдӕттӕ раст кӕй нӕ уыдысты.

Уый фӕстӕ Йесо бауайдзӕф кодта, диссӕгтӕ кӕм сарӕзта, уыцы горӕттӕн – Хоразин, Вифсаидӕ ӕмӕ Капернаумӕн. Загъта, зӕгъгӕ, ахӕм диссӕгтӕ финикиаг горӕтты, Тир ӕмӕ Сидоны, куы сарӕзтаид, уӕд уыцы горӕттӕ ӕнӕмӕнг ӕрфӕсмон кодтаиккой. Стӕй Капернаумы кой дӕр ракодта. Иуафон-иу уыцы горӕты арӕх ӕрлӕууыд, фӕлӕ уым дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айстой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо уыцы горӕтӕн загъта: «Тӕрхоны бон Содомы бӕстӕйӕн дӕуӕй ӕнцондӕр уыдзӕн» (Матфейы 11:24).

Стӕй Йесо йӕ Фыды скадджын кодта, рӕстдзинад «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй» кӕй басусӕг кодта ӕмӕ уыцы хӕзна, сабитау сӕрныллӕг чи у, уыдонӕн кӕй раргом кодта, уый тыххӕй (Матфейы 11:25). Йесо ахӕм адӕмӕн загъта ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матфейы 11:28–30).

Йесо адӕмӕн удӕнцой куыд хаста? Дины разамонджытӕ уыйбӕрц карз ӕгъдӕуттӕ ӕрӕмысыдысты, зӕгъӕм, сабатбоны фӕдыл, ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нал уыд уыцы уӕззау уаргъ хӕссын. Йесо та сын амыдта, Хуыцау ӕцӕгӕй цавӕр у, уый, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй уыцы ӕгъдӕутты уаргъӕй сӕрибар кодта ӕмӕ сын удӕнцой хаста. Хицӕуттӕ хӕрдмӕ скӕсын кӕй нӕ уагътой ӕмӕ тӕригъӕды уаргъ кӕуыл уӕз кодта, уыдонӕн дӕр амыдта, цы аразын сӕ хъӕуы, цӕмӕй удӕнцой ссарой. О, ӕмбарын сын кодта, сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕй фӕрцы ӕрцӕудзысты ӕмӕ Хуыцауимӕ цӕй фӕрцы бафидаудзысты.

Адӕймаг Йесойы ӕнцонхӕссӕн ӕфсондз йӕхиуыл куы сӕвӕры, уӕд ын фадат фӕзыны, цӕмӕй йӕ цард нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг уӕларвон Фыдӕн снывонд кӕна ӕмӕ йын лӕггад кӕна. Ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын та уӕззау уаргъ нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ зынӕххӕстгӕнӕн не сты (1 Иоанны 5:3).