Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

42 СӔР

Йесо фарисейтӕн бауайдзӕф кодта

Йесо фарисейтӕн бауайдзӕф кодта

МАТФЕЙЫ 12:33–50 МАРЧЫ 3:31–35 ЛУКАЙЫ 8:19–21

  • ЙЕСО ДЗУРЫ «ИОНӔЙЫ ДИССАДЖЫ» ТЫХХӔЙ

  • ЙӔ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЙЫН СТЫ ЙӔ БИНОНТӔЙ АДДЖЫНДӔР

Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ афтӕ кӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, Йесо хӕйрӕджыты Хуыцауы тыхы фӕрцы нӕ суры, уымӕй фаудтой сыгъдӕг тых. Уӕдӕ кӕй фарс уыдысты: Хуыцауы ӕви Хӕйрӕджы? Йесо загъта: «Кӕд уӕ бӕлас хорз у, уӕд йӕ дыргъ дӕр хорз у, кӕд уӕ бӕлас ӕвзӕр у, уӕд йӕ дыргъ дӕр ӕвзӕр у, уымӕн ӕмӕ бӕлас йӕ дыргътӕй бӕрӕг вӕййы» (Матфейы 12:33).

Йесо адӕмӕй хӕйрӕджыты кӕй сырдта, уый уыди «хорз дыргъ». Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн куыд ис, ӕмӕ уыцы хорз дыргъ, Хӕйрӕгӕн кӕй лӕггад кодта, уый фӕрцы хаста? Йесо йӕ зындгонд раныхасы бамбарын кодта, дыргъ хорз куы вӕййы, уӕд бӕлас дӕр хорз кӕй вӕййы – ӕвзӕр нӕ, фӕлӕ. Цавӕр дыргъ хастой фарисейтӕ та? Йесойӕ цытӕ дзырдтой, уый цӕуыл дзурӕг уыд? Кӕй нӕ бӕззыдысты, мидӕгӕй ӕмбыд кӕй уыдысты, ууыл. Йесо сын загъта: «Калмы мыггаг, фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ уӕ бон куыд у хорз ныхӕстӕ кӕнын? Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матфейы 7:16, 17; 12:34).

Ӕцӕгдӕр, нӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис, уый базонӕн вӕййы нӕ ныхӕстӕй, ӕмӕ нын Хуыцау тӕрхон дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕны. Йесо афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Зӕгъын уын: адӕм сӕ алы дзӕгъӕл ныхасы тыххӕй дӕр Тӕрхоны бон дзуапп ратдзысты. Дӕ ныхӕсты тыххӕй нымад ӕрцӕудзынӕ кӕнӕ раст адӕймагыл, кӕнӕ – аххосджыныл» (Матфейы 12:36, 37).

Кӕд Йесо бирӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзта, уӕддӕр чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн уый фаг нӕ уыд. Уыдон дзырдтой: «Ахуыргӕнӕг, диссаг-ма нын равдис». Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон сӕхи цӕстӕй федтой ӕви нӕ, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ сӕ бирӕтӕ кӕй федтой, уый бӕлвырд у. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо уыцы дины разамонджытӕн загъта: «Ацы тӕригъӕдджын ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр агурынц диссаг, фӕлӕ пехуымпар Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ницы диссаг фендзысты» (Матфейы 12:38, 39).

Ӕмӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд, уый дӕр сын бамбарын кодта: «Ионӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы стыр кӕсаджы хуылфы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы уыдзӕн зӕххы хуылфы». Ионӕйы стыр кӕсаг аныхъуырдта, фӕлӕ йӕ цалдӕр боны фӕстӕ фӕстӕмӕ раппӕрста. Ӕмӕ уый афтӕ уыди, цыма Ионӕ мӕрдтӕй райгас. Афтӕмӕй Йесо рагацау загъта, кӕй амӕлдзӕн, фӕлӕ ӕртыккаг бон кӕй райгас уыдзӕн. Фӕстӕдӕр уыцы хабар ӕцӕгдӕр куы ’рцыд, уӕд дзуттаг дины разамонджытӕ «Ионӕйы диссагыл» нӕ баууӕндыдысты. Нӕ сӕ бафӕндыд ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ сӕ зондахаст аивын (Матфейы 27:63–66; 28:12–15). Уыдонӕй уӕлдай, «Ниневийы адӕм» ӕрфӕсмон кодтой, Ионӕ сын Хуыцауы тӕрхон куы фехъусын кодта, уӕд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдон тӕрхон кӕндзысты уыцы фӕлтӕрӕн. Йесо ма сын цӕвиттонӕн ӕрхаста хуссайраг ус-паддзахы дӕр. Уый дӕр йӕ хъуыддӕгты фӕрцы тӕрхон кӕндзӕн уыцы фӕлтӕрӕн. Хуссайраг ус-паддзахы фӕндыд Соломоны зондмӕ байхъусын, ӕмӕ, Соломон цы стыр зонды хицау уыд, ууыл дис кодта. Ӕмӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыцы фӕлтӕры ’хсӕн та уыд, «Соломонӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (Матфейы 12:40–42).

Йесо уыцы хӕлд фӕлтӕры уавӕр абарста, дӕлимон кӕмӕй рацыд, ахӕм адӕймагыл цы ’рцыд, уыимӕ (Матфейы 12:45). Уыцы адӕймагӕй дӕлимон куы рацыд, уӕд ын йӕ бынат хорз цӕмӕйдӕрты нӕ байдзаг кодта. Уымӕ гӕсгӕ дӕлимон йемӕ ракодта, йӕхицӕй фыддӕр чи уыд, авд ахӕм дӕлимоны, ӕмӕ уыцы лӕджы бацыдысты. Афтӕ Израилы адӕмы дӕр Хуыцау ссыгъдӕг кодта ӕмӕ сӕ иннӕ адӕмтӕй рахицӕн кодта. Фӕлӕ-иу уыдон Хуыцауы ӕрвыст пехуымпарты ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. Ӕмӕ фӕстагмӕ рацыдысты Йесойы ныхмӕ дӕр, кӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй уыд, уый бӕлвырд уыд, уӕддӕр. Уымӕй бӕрӕг у, уыцы адӕмӕн сӕ уавӕр, райдианы куыд уыди, уымӕй ноджы фыддӕр кӕй фӕци.

Йесо адӕмимӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ ӕрбацыдысты, фӕлӕ йӕм адӕмӕй хӕстӕг бацӕуын сӕ бон нӕ уыди. Уымӕ гӕсгӕ йын, хӕстӕг ӕм чи бадт, уыдонӕй чидӕртӕ загътой: «Уӕртӕ дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ ӕддейӕ лӕууынц, дӕ фенын сӕ фӕнды». Ӕмӕ уӕд Йесо равдыста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын куыд адджын сты, уый. Йӕ къухӕй сӕм ацамыдта ӕмӕ загъта: «Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты мӕ мад ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ» (Лукайы 8:20, 21). Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, кӕд ын йӕ хиуӕттӕ тынг адджын уыдысты, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та ноджы адджындӕр кӕй уыдысты. Мах дӕр нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ афтӕ ӕнгом кӕй стӕм, уый нын хӕссы стыр удӕнцой. Ӕмӕ ууыл уӕлдай тынгдӕр фӕцин кӕнӕм, иннӕтӕ ныл куы нӕ феууӕндынц, куы нӕ фефхӕрынц ӕмӕ нын суанг нӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй дӕр уайдзӕфтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд.