Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 СӔР

Фӕсномыг ныхӕстӕ уӕларвон Паддзахады тыххӕй

Фӕсномыг ныхӕстӕ уӕларвон Паддзахады тыххӕй

МАТФЕЙЫ 13:1–53 МАРЧЫ 4:1–34 ЛУКАЙЫ 8:4–18

  • ЙЕСО ДЗУРЫ ФӔСНОМЫГ НЫХӔСТӔ УӔЛАРВОН ПАДДЗАХАДЫ ТЫХХӔЙ

Йесо фарисейтӕн куы бауайдзӕф кодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыди Капернаумы. Уыцы бон фӕстӕдӕр хӕдзарӕй Галилейӕйы денджызы ’рдӕм ацыд, ӕмӕ йӕм уырдӕм бирӕ адӕм ӕрӕмбырд. Йесо бӕлӕгъыл сбадт, былӕй гыццыл фалдӕр аленк кодта ӕмӕ уырдыгӕй адӕмӕн уӕларвон Паддзахады тыххӕй дзурын райдыдта. Ӕмӕ сын фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ бамбарын кодта. Цӕй кой кодта, уыдӕттӕ йӕ ныхасмӕхъусджытӕ хорз зыдтой, ӕмӕ сын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыди Хуыцауы Паддзахады тыххӕй алыхуызон хабӕрттӕ бамбарын.

Фыццаг уал сын радзырдта тауӕджы тыххӕй. Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон ӕмӕ сӕ мӕргътӕ рауыгътой. Иннӕтӕ та ӕрхаудысты, зӕхх бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран. Ӕмӕ уайтагъд сгӕпп кодтой, фӕлӕ сӕ уидӕгтӕ арф нӕ уыдысты, ӕмӕ хур ӕмӕ дымгӕйӕ ахус сты. Иннӕ нӕмгуытӕ та ӕрхаудысты сындзыты ’хсӕн ӕмӕ куы сзадысты, уӕд сӕ сындзытӕ рӕзын не суагътой. Нӕмгуытӕй иуӕй-иутӕ та ӕрхаудысты хорз зӕххыл. Ӕмӕ уыцы нӕмгуытӕ тыллӕг радтой – «иутӕ сӕдӕ хатты фылдӕр, иннӕтӕ ӕхсай хатты фылдӕр, аннӕтӕ та ӕртын хатты фылдӕр» (Матфейы 13:8).

Иннӕ фӕсномыг ныхасы та Йесо уӕларвон Паддзахад абарста, адӕймаг мыггаг зӕххы куыд ныппара, уыимӕ. Мыггаг рӕзы, зӕххы йӕ чи ныппӕрста, уый фӕнды фынӕй кӕна, фӕнды хъал уа, уӕддӕр. Куыд рӕзы, уый та уыцы «адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны» (Марчы 4:27). Мыггаг йӕхӕдӕг сабыргай сзайы, тыллӕг ратты, ӕмӕ йӕ стӕй, чи йӕ байтыдта, уый ӕркӕрды.

Мыггаг тауыны тыххӕй ма Йесо ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас радзырдта. Лӕг йӕ хуымы хорз тыллӕг байтыдта, фӕлӕ, «адӕм фынӕй куы кодтой», уӕд знаг бацыд ӕмӕ мӕнӕуы ’хсӕн хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодта. Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг куы сзадысты, уӕд цагъартӕ сӕ хицауы бафарстой, ацӕуӕм ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг стонӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: «Нӕ, уадзут ӕй, кӕннод хӕмпӕлгӕрдӕгимӕ мӕнӕу дӕр стондзыстут. Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой. Хуымгӕрдӕн афон та хуымгӕрдджытӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕрӕмбырд уал кӕнут хӕмпӕлгӕрдӕг, куыристӕ дзы скӕнут ӕмӕ сӕ басудзут. Уый фӕстӕ та мӕнӕу бафснайут мӕ хордоны“» (Матфейы 13:24–30).

Йесомӕ чи хъуыста, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ зӕххы куыст кодтой. Уымӕ гӕсгӕ ма сын ракодта, хорз цы зыдтой, уый кой – хъыцъыйы нӕмыджы кой. Хъыцъыйы нӕмыг тынг гыццыл у, фӕлӕ куы сырӕзы, уӕд дзы ӕнӕхъӕн бӕлас рауайы, ӕмӕ йӕ къалиутыл мӕргътӕ сӕхицӕн бынат скӕнынц. Йесо уыцы гыццыл нӕмыджы тыххӕй загъта: «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, лӕг йӕ хуымы кӕй ныссагъта, ахӕм хъыцъыйы нӕмыгимӕ» (Матфейы 13:31). Фӕлӕ ам Йесо зайӕгойты хабӕрттӕ не ’мбарын кодта. Ацы цӕвиттонӕй равдыста, гыццыл цӕмӕйдӕр стыр цыдӕр кӕй рауайы ӕмӕ алырдӕмты кӕй фӕцӕуы.

Уый фӕстӕ Йесо адӕмӕн сӕ хъус ӕрдардта, бирӕтӕ сӕ алы бон дӕр кӕй уыдтой, иу ахӕм хабармӕ. Уӕларвон Паддзахад абарста, «сылгоймаг кӕй райста ӕмӕ ӕртӕ стыр барӕн къусы дзаг ссадыл кӕй сызмӕста», ахӕм ӕнхъизӕнимӕ (Матфейы 13:33). Кӕд ӕнхъизӕн хыссӕйы зынгӕ нӕ фӕкӕны, уӕддӕр дзы алкӕмдӕр ахъары ӕмӕ йӕ сӕнхъизын кӕны. Хыссӕ хӕрдмӕ куыд фӕцӕуы ӕмӕ йӕ хъӕд куыд фӕивы, уый ӕнцон бафиппайӕн нӕ вӕййы.

Йесо уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ куы радзырдта, уӕд адӕмы ауагъта ӕмӕ, кӕм ӕрлӕууыд, уыцы хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Уым ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, уыцы фӕсномыг ныхӕстӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд, уый.

ЙЕСОЙЫ ФӔСНОМЫГ НЫХӔСТӔ НЫН ЦЫ ПАЙДА СТЫ?

Йесо уый размӕ дӕр дзырдта фӕсномыг ныхӕстӕ. Фӕлӕ дзы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иу хаттӕн уыйбӕрц фӕсномыг ныхӕстӕ никуыма фехъуыстой. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бафарстой: «Семӕ фӕсномыг ныхӕстӕй цӕмӕн дзурыс?» (Матфейы 13:10).

Афтӕмӕй Йесо сӕххӕст кодта Библийы фыст пехуымпарӕдтӕй иу. Матфейы Евангелийы фыст ис: «Йесо... ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй ницы дзырдта. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар цы загъта, уый: „Ӕз дзурдзынӕн фӕсномыг ныхӕстӕй. Фехъусын кӕндзынӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ сусӕг цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдон“» (Матфейы 13:34, 35; Псалом 78:2).

Фӕлӕ Йесо фӕсномыг ныхӕстӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ дзырдта. Афтӕмӕй-иу рабӕрӕг, адӕм цавӕр зондыл хӕст уыдысты, уый. Бирӕтӕ йӕм ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй цыдысты, ӕмӕ сӕ фӕндыд, куыд рӕсугъд дзуры, уымӕ байхъусын ӕмӕ, цы диссӕгтӕ аразы, уыдон фенын. Фӕлӕ йӕ сӕ Хицауыл нымайой ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕной, уый та сӕ нӕ фӕндыд. Йӕ фӕдыл цӕуын сӕм зын касти, уымӕн ӕмӕ дзы сӕхицӕн ницы пайда уыдтой (Лукайы 6:46, 47). Йесо цы хабар хъусын кодта, уый сӕ зӕрдӕты арф ахъардтаид ӕмӕ сын сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цардыуаг аивтаид, уый сӕ нӕ фӕндыд.

Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фарстайӕн дзуапп радта: «Уӕдӕ сын фӕсномыг ныхӕстӕй уымӕн дзурын, ӕмӕ кӕсгӕ кӕнынц, фӕлӕ ницы уынынц, хъусгӕ кӕнынц, фӕлӕ сӕм ницы хъуысы, ӕмӕ ӕмбаргӕ дӕр ницы кӕнынц. Уыдоныл ӕххӕст кӕнынц пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: „...ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты“» (Матфейы 13:13–15; Исай 6:9, 10).

Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ йӕ ныхасмӕхъусджытӕн се ’ппӕтмӕ нӕ хаудысты. Йесо бамбарын кодта: «Сымах амондджын стут, уымӕн ӕмӕ цӕстӕй дӕр уынут ӕмӕ хъусӕй дӕр хъусут. Ӕцӕг уын зӕгъын: пехуымпартӕй ӕмӕ рӕстгӕнджытӕй бирӕтӕ бӕллыдысты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ фенынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ федтой, ӕмӕ сымах цытӕ хъусут, уыдӕттӕ фехъусынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой» (Матфейы 13:16, 17).

Йесойы 12 апостолы ӕмӕ йӕ иннӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф истой. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у уӕларвон паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ ӕмбарыны хъомыс, ацы адӕмӕн та нӕу» (Матфейы 13:11). Йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдиагӕй фӕндыд рӕстдзинад бамбарын, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ бӕстон бамбарын кодта, тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый.

Йесо куыд загъта, афтӕмӕй «нӕмыг у Хуыцауы дзырд» (Лукайы 8:11). Зӕхх та у зӕрдӕ. Уӕдӕ адӕймаг уый куы зона, уӕд ын уыцы фӕсномыг ныхасы хъуыды зын бамбарӕн нӕ уыдзӕн.

Фӕндаггӕрон над зӕххыл чи ӕрхауд, уыцы нӕмгуытӕ кӕмӕ амонынц, уый Йесо афтӕ бамбарын кодта: «Хӕйрӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕтӕй ахӕссы, цӕмӕй ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой» (Лукайы 8:12). Дурджын ран чи ӕрхауд, уыцы нӕмгуыты кой кӕнгӕйӕ та Йесо дзырдта, дзырд йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, фӕлӕ дзы арф уидаг кӕмӕн нӕ ауадзы, уыдоны тыххӕй. Ахӕм адӕм «Паддзахады дзырды тыххӕй» фыдӕвзарӕнты куы бахауынц ӕмӕ сӕ «ӕфхӕрын куы райдайынц», уӕд фӕцудынц. Ӕцӕгдӕр, «фӕлварӕнты куы бахауынц», ома, зӕгъӕм, сӕ бинонтӕ кӕнӕ иннӕ адӕм сӕ ныхмӕ цӕуын куы райдайынц, уӕд рӕстдзинады фӕндагӕй ахауынц (Матфейы 13:21; Лукайы 8:13).

Цы зӕгъӕн ис, сындзыты ’хсӕн цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдонӕй та? Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, уыдон дӕр, дзырд чи фехъусы, уыцы адӕмы кӕй ӕвдисынц. Фӕлӕ ахӕм адӕм «царды сагъӕстыл свӕййынц» ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад «йӕ фӕдыл асайы» (Матфейы 13:22). Ӕмӕ кӕд дзырд сӕ зӕрдӕйы вӕййы, уӕддӕр нӕ сырӕзы ӕмӕ тыллӕг нӕ ратты.

Фӕстагмӕ та Йесо бамбарын кодта, хорз зӕхх кӕй ӕвдисы, уый. Уый ӕвдисы, дзырд чи фехъусы ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф чи айсы, ома йын йӕ хъуыды ӕцӕгдӕр чи бамбары, уыдоны. Ӕмӕ дарддӕр цы ’рцӕуы? Ахӕм адӕм «раттынц тыллӕг». Фӕлӕ сӕ уавӕртӕ, сӕ кар ӕмӕ се ’нӕниздзинад иухуызон кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ тыллӕг дӕр иухуызон нӕ раттынц. Иу дзы тыллӕг ратты 100 хатты фылдӕр, иннӕ – 60 хатты фылдӕр, аннӕ та – 30 хатты фылдӕр. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕныны кад ӕрхауы, «хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕм». Уыдон дзырд куы фехъусынц, уӕд ӕй «сӕ зӕрдӕты арф нывӕрынц ӕмӕ, фӕразон кӕй вӕййынц, уый фӕрцы раттынц тыллӕг» (Лукайы 8:15).

Йесойы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дисы куыннӕ бафтыдтаиккой! Ныр хуыздӕр бамбӕрстой, уыцы фӕсномыг ныхӕсты цы арф хъуыды ӕвӕрд уыди, уый. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмбӕрстаиккой ӕмӕ сӕ сӕ бон иннӕтӕн ӕмбарын кӕнын уыдаид. Ӕмӕ сӕ бафарста: «Цырагъ исты уый тыххӕй рахӕссынц, цӕмӕй йӕ барӕн къусы бын кӕнӕ сынтӕджы бын бавӕрой? Уый тыххӕй йӕ нӕ рахӕссынц, цӕмӕй йӕ цырагъдарӕныл сӕвӕрой?» Уымӕ гӕсгӕ сын радта ахӕм уынаффӕ: «Хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд» (Марчы 4:21–23).

НОДЖЫ ФЫЛДӔР СЫН БАМБАРЫН КОДТА

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы бамбарын кодта, уӕд сӕ фӕндыд ноджы фылдӕр базонын. Ӕмӕ йын загътой: «Хуымы тыд хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдтай, уый-ма нын бамбарын кӕн» (Матфейы 13:36).

Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ куыд тынг хицӕн кодтой, денджызы был цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕй. Уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ иннӕ адӕм дӕр фехъуыстой, фӕлӕ, цы нысан кӕнынц ӕмӕ сӕ цардимӕ куыд баст сты, уый базонын сӕ нӕ фӕндыд. Йесо фӕсномыг ныхӕсты цы хабӕрттӕ радзырдта, уыдон дӕр сын фаг уыдысты. Уыцы адӕмӕй уӕлдай ахуыргӕнинӕгты фӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта:

«Цы хъусут, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут. Уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр, ӕмӕ ма уын ратдзысты уымӕй дӕр фылдӕр» (Марчы 4:24). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ лӕмбынӕг хъуыды кодтой, цы сын дзырдта, ууыл. Уыдон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесойӕн дзаг барӕнӕй барстой, ома сыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсти, уымӕн аргъ кодтой. Ӕмӕ уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыдысты – Йесо сын ноджы фылдӕр бамбарын кодта. Зӕгъӕм, мӕнӕу ӕмӕ йӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта:

«Хорз мыггаг чи байтыдта, уый у Адӕймаджы Фырт, хуым та – дуне. Хорз мыггаг сты паддзахады фырттӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг та – Фыдбылызы фырттӕ. Чи сӕ байтыдта, уыцы знаг та у Хӕйрӕг. Хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы цардӕвӕрды кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та – зӕдтӕ» (Матфейы 13:37–39).

Фӕсномыг ныхасы алцыдӕр цы ӕвдисы, уый Йесо куы бамбарын кодта, уӕд сын сӕ хъус ӕрдардта, мӕнӕумӕ дӕр ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгмӕ дӕр цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ. Загъта, зӕгъгӕ, ацы цардӕвӕрды кӕрон хуымгӕрдджытӕ, ома зӕдтӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг, ома мӕнг чырыстӕтты, фӕхицӕн кӕндзысты «паддзахады [ӕцӕг] фырттӕй». Уӕд «рӕстгӕнджыты» ӕрӕмбырд кӕндзысты, ӕмӕ «сӕ Фыды паддзахады» хурау тӕмӕнтӕ калдзысты. «Фыдбылызы фырттӕ» та цы фӕуыдзысты? Уыдонӕн та се сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уый зонгӕйӕ «сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын» цӕудзӕн (Матфейы 13:41–43).

Уый фӕстӕ ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр ӕртӕ фӕсномыг ныхасы радзырдта. Фыццаг уал сын загъта: «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис зӕххы ныгӕд хӕзнаимӕ. Иу лӕг ссардта уыцы хӕзна ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ бамбӕхста. Йӕхӕдӕг цингӕнгӕ ацыд, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы зӕхх балхӕдта» (Матфейы 13:44).

Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Уӕларвон паддзахад ма ноджыдӕр абарӕн ис зынаргъ налхъуыттӕ агурӕг сӕудӕджеримӕ. Уый иу зынаргъ налхъуыт куы ссардта, уӕд ацыд, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый уыцы сахат ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта» (Матфейы 13:45, 46).

Дыууӕ фӕсномыг ныхасӕй дӕр Йесо бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: адӕймагӕн ӕцӕгдӕр зынаргъ цы вӕййы, уый тыххӕй йӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы. Сӕудӕджер уыцы сахат ацыд ӕмӕ «йӕм цыдӕриддӕр уыди», уый ауӕй кодта. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы цӕвиттон зын бамбарӕн нӕ уыд. Зӕххы ныгӕд хӕзна чи ссардта, уый дӕр ауӕй кодта, «цыдӕриддӕр ӕм уыди», уый. Дыууӕ фӕсномыг ныхасы дӕр кӕй кой цӕуы, уыдон ссардтой зынаргъ цыдӕр, уыцы цыдӕр сӕ хъуыди сӕхи бакӕнын ӕмӕ йын хӕзнайау аргъ кӕнын. Уый абарӕн ис, адӕймаджы Хуыцауы базонын куы фӕфӕнды, уӕд цӕмӕ вӕййы цӕттӕ, уыимӕ (Матфейы 5:3). Уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ уӕдмӕ дӕр равдыстой, сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыдысты, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой ӕмӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой (Матфейы 4:19, 20; 19:27).

Фӕстагмӕ Йесо уӕларвон Паддзахад абарста, алыхуызон кӕсӕгтӕ кӕмӕй ӕрцахстой, ахӕм хызимӕ (Матфейы 13:47). Кӕсӕгтӕ куы равзӕрстой, уӕд хорз кӕсаг мигӕнӕнты сӕмбырд кодтой, чи нӕ бӕззыд, уый та акалдтой. Дарддӕр Йесо загъта, афтӕ кӕй уыдзӕн ацы цардӕвӕрды кӕрон дӕр – зӕдтӕ фыдгӕнджыты рӕстгӕнджытӕй фӕхицӕн кӕндзысты.

Йесо йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгты куы ’рхуыдта ӕмӕ сын куы загъта, «ӕз уӕ скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ», зӕгъгӕ, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ахӕм куыст кодта (Марчы 1:17). Фӕлӕ куыд загъта, афтӕмӕй хызы тыххӕй фӕсномыг ныхас хауд фидӕнмӕ – «ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ» (Матфейы 13:49). Уӕдӕ апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ куы хъуыстой, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрстой, фидӕны нырма бирӕ диссаджы хабӕрттӕ кӕй ӕрцӕудзӕн.

Йесо бӕлӕгъы бадгӕйӕ уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ кӕмӕн дзырдта, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ каст ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн «алцыдӕр хибарӕй бамбарын кодта» (Марчы 4:34). Йесо уыди, «йӕ къӕбицы ногӕй дӕр ӕмӕ зӕрондӕй дӕр цыдӕриддӕр ис, уый чи рахӕссы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн» (Матфейы 13:52). Уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ сын уый тыххӕй нӕ радзырдта, цӕмӕй, куыд хорз ахуыргӕнӕг у, уымӕй сӕ дисы бафтыдтаид. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй уыцы зынаргъ хӕзнатӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хайджын уыдаиккой, ома рӕстдзинад арф ӕмбӕрстаиккой. Ӕцӕгдӕр, уый хуызӕн «зондамонӕг» никуы дӕр уыди, ӕмӕ нӕдӕр уыдзӕн!