Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 СӔР

Йесойы уӕлӕдарӕсыл андзӕвыд, ӕмӕ сдзӕбӕх

Йесойы уӕлӕдарӕсыл андзӕвыд, ӕмӕ сдзӕбӕх

МАТФЕЙЫ 9:18–22 МАРЧЫ 5:21–34 ЛУКАЙЫ 8:40–48

  • СЫЛГОЙМАГ ЙЕСОЙЫ УӔЛӔДАРӔСЫЛ АНДЗӔВЫД, ӔМӔ СДЗӔБӔХ

Йесо Дӕссахарӕй фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхт, уый, Галилейӕйы денджызы цӕгат-ныгуылӕн фарс цы дзуттӕгтӕ цард, уыдоныл уайтагъд айхъуыст. Ӕвӕццӕгӕн сӕ бирӕтӕ фехъуыстой, ӕрӕджы Йесо денджызы тыхдымгӕ ӕмӕ дон куыд ныссабыр кодта, уый тыххӕй. Стӕй дзы, чи зоны, чидӕртӕ, хӕйрӕджджын лӕгты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый дӕр зыдтой. Ӕмӕ йӕм денджызы былгӕрон, ӕвӕццӕгӕн, Капернаумы ’рдыгӕй кӕмдӕр, «дуне адӕм» ӕрӕмбырд (Марчы 5:21). Се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты, былмӕ кӕд рахиздзӕн, уымӕ.

Йесойы тынг зӕрдиагӕй агуырдта ӕмбырдгӕнӕны хистӕр Иаир. Ӕвӕццӕгӕн, Иаир Капернаумы ӕмбырдгӕнӕны хистӕр уыд. Гъемӕ Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ гыццыл чызг тынг ӕвзӕр у. Курын дӕ, рацу мемӕ, дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ уӕд адзӕбӕх уыдзӕн ӕмӕ мын цӕрдзӕн» (Марчы 5:23). Иаирӕн цотӕй уыцы чызг йеддӕмӕ ницы уыд, цӕугӕ та йыл 12 азы йеддӕмӕ нӕ кодта. Цымӕ йын Йесо йӕ лӕгъстӕтӕ фехъусдзӕн ӕмӕ йын йӕ иунӕг хъӕбулӕн баххуыс кӕндзӕн? (Лукайы 8:42).

Йесо Иаиры хӕдзармӕ араст. Ӕмӕ, фӕндагыл цы хабар ӕрцыд, уый та ноджы тынгдӕр агайы адӕймаджы зӕрдӕ. Йесойы фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты, кӕд та исты диссаг саразид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ адӕмы ’хсӕн иу сылгоймаджы уыдӕтты мӕт ӕппындӕр нӕ уыд. Йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты йӕ низыл.

Уыцы дзуттаг сылгоймаг 12 азы дӕргъы тугцыдӕй удхар кодта. Ӕххуыс ӕнхъӕлӕй бирӕ дохтыртӕм фӕцыд. Ӕмӕ йе ’хцайы муртӕ иууылдӕр схардз кодта, цы хостӕ йын фӕамыдтой, уыдоныл. Фӕлӕ йӕ уавӕр «фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕци» (Марчы 5:26).

Уыцы удхайраг низ сылгоймагӕн ӕрмӕст йӕ хъарутӕ нӕ байста, фӕлӕ ма йӕ ӕгады уавӕрмӕ дӕр ӕрӕппӕрста. Адӕймаг ахӕм низы тыххӕй ӕргом нӕ фӕдзуры. Стӕй туг цы сылгоймагӕй цыди, уый Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕгыл нымад нӕ уыд. Ӕмӕ-иу ын йӕхиуыл кӕнӕ йӕ тугӕйдзаг уӕлӕдарӕсыл чи андзӕвыдаид, уый-иу хъуамӕ йӕхи ныхсадтаид, ӕмӕ-иу изӕрмӕ уыди чъизи (Левит 15:25–27).

Сылгоймаг «Йесойы тыххӕй куы фехъуыста», уӕд ӕй агурын райдыдта. Сыгъдӕг кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕм адӕмы ’хсӕнты, куыд ничи йӕ бафиппайдтаид, афтӕ бацыд, «йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын куыддӕр йӕ уӕлӕдарӕсы хаутыл андзӕвыд, афтӕ йӕ туг йӕ цӕуынӕй банцад! Сылгоймаг банкъардта, «йӕ удхайраг низӕй кӕй фервӕзт» (Марчы 5:27–29).

Уӕд Йесо загъта: «Чи мыл андзӕвыд?» Цымӕ сылгоймаг уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд куыд фӕуыдаид? Петр ма Йесойӕн уайдзӕф дӕр бакодта: «Ахуыргӕнӕг, ай мӕнӕ дӕ алыварс адӕмӕй фезмӕлӕн куы нӕй». Ӕмӕ уӕд Йесо цӕмӕн бафарста, чи мыл андзӕвыд, зӕгъгӕ? Йӕхӕдӕг ӕй бамбарын кодта: «Нӕ, чидӕр мыл андзӕвыд – тых мӕ кӕй рацыд, уый бамбӕрстон» (Лукайы 8:45, 46). Уӕдӕ уыцы сылгоймаг сдзӕбӕх, Йесойӕ тых кӕй рацыд, уый фӕрцы.

Сылгоймаг уый куы бамбӕрста, ӕмӕ йӕ хабар нӕ басусӕг, уӕд тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд. Ӕмӕ ӕппӕт уыцы адӕмы раз радзырдта, цы низӕй удхар кодта ӕмӕ куыд сдзӕбӕх, уый тыххӕй. Йесо йын йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ удхайраг низӕй макуыуал схъӕрз» (Марчы 5:34).

Куыд федтам, афтӕмӕй, Хуыцау зӕххӕн хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый у тынг тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды хицау. Ӕмӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын ӕрмӕст фӕндгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ йӕ бон дӕр у!