Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 СӔР

Галилейӕйы хъусын кӕны ӕмӕ апостолты ахуыр кӕны

Галилейӕйы хъусын кӕны ӕмӕ апостолты ахуыр кӕны

МАТФЕЙЫ 9:35–10:15 МАРЧЫ 6:6–11 ЛУКАЙЫ 9:1–5

  • ЙЕСО НОГӔЙ ӔРЗЫЛД ГАЛИЛЕЙӔЙЫЛ

  • ЙӔ АПОСТОЛТЫ ХЪУСЫН КӔНЫНМӔ АРВЫСТА

Йесо дыууӕ азы бӕрц ӕнӕрынцойӕ хъусын кодта. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ дарддӕр хъусын кӕнын нал хъуыди. Уый нӕ, фӕлӕ Йесо уыцы хъуыддагмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдта – «зылди [Галилейӕйы] ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта, хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыди, уыдоны» (Матфейы 9:35). Йесо цы уыдта, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зыдта, хорз хабар ноджы фылдӕр адӕмӕн кӕй хъуыди фехъусын кӕнын. Фӕлӕ уый йӕ къухы куыд хъуамӕ бафтыдаид?

Хъӕутӕ ӕмӕ горӕттыл зилгӕйӕ Йесо уыдта, адӕмӕн кӕй хъуыди ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын рӕстдзинад амонын, цӕмӕй удӕнцой ссардтаиккой. Адӕм уыдысты ӕнӕфыййау фыстау дзӕгъӕл ӕмӕ ӕфхӕрд. Йесо сын тӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матфейы 9:37, 38).

Йесо зыдта, цы бакӕнын хъӕуы, уый. Гъемӕ йӕ 12 апостолмӕ фӕдзырдта, дыгӕйттӕ сӕ фӕхицӕн кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ма ацӕут ӕндӕр адӕмты бӕстӕм, стӕй самариаг горӕттӕй дӕр макӕцымӕ бацӕут, фӕлӕ ацӕут Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонмӕ. Цӕут ӕмӕ адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ» (Матфейы 10:5–7).

Цы Паддзахады тыххӕй хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уыцы Паддзахады кой кодта Йесо, кувын сӕ куы ахуыр кодта, уӕд. Фӕлӕ афтӕ та цӕмӕн хъуамӕ дзырдтаиккой, «паддзахад ӕрхӕстӕг», зӕгъгӕ? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыцы Паддзахады Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый, ома Йесо Чырысти, уыди се ’хсӕн. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕцӕгдӕр уыцы Паддзахады, кӕнӕ хицауады, номӕй кӕй дзурынц, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдаид? Йесо сын уыцы хъару радта, ӕмӕ сӕ бон уыди рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ ма суанг мӕрдты дӕр ӕгас кӕнын. Ӕмӕ уыдӕттӕ кодтой лӕвар. Фӕлӕ апостолтӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ дардтаиккой, алы бон сӕ хӕрын уӕддӕр нӕ хъуыди?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, хъусын кӕнынмӕ цӕугӕйӕ сӕ семӕ хӕссын ӕппындӕр кӕй ницы хъӕуы. Нӕ сӕ хъуыди хӕссын нӕдӕр сызгъӕрин, нӕдӕр ӕвзист кӕнӕ ӕрхуы исты ӕлхӕнынӕн. Стӕй сӕ нӕ хъуыди нӕдӕр хызын хӕринаг хӕссынӕн, нӕдӕр ивӕн дзаумӕттӕ кӕнӕ дзабыртӕ. Цӕуылнӕ? Йесо сын загъта: «Фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын къӕбӕр бахӕрын кӕной» (Матфейы 10:10). Хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айстаид, уыдон сӕ цух нӕ ныууагътаиккой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уыдӕттӕй. Йесо загъта: «Кӕмфӕнды ма уат, цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым-иу ӕрлӕуут, цалынмӕ уыцы ранӕй нӕ рацӕуат, уӕдмӕ» (Марчы 6:10).

Йесо ма сын бацамыдта, хӕдзары хицауимӕ-иу Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас кӕнын куыд хъуамӕ райдыдтаиккой, уый дӕр: «Хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ та-иу хӕдзаронтӕн арфӕ ракӕнут, фарн ацы хӕдзары, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕд хӕдзар аккаг уа, уӕд ын уӕ зӕрдӕ цы фарн зӕгъы, уый йыл ӕрцӕуӕд. Кӕд нӕ уа аккаг, уӕд та уӕ фарн уӕхимӕ раздӕхӕд. Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уын уӕ ныхӕстӕм кӕм нӕ байхъусой, уыцы хӕдзарӕй кӕнӕ горӕтӕй рацӕугӕйӕ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут» (Матфейы 10:12–14).

Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ уый гӕнӕн дӕр уыди, ӕмӕ сӕм ӕнӕхъӕн горӕт кӕнӕ хъӕу дӕр ма байхъуыстаиккой. Цымӕ ахӕм горӕт кӕнӕ хъӕуӕн йӕ хабар куыд уыдаид? Йесо бамбарын кодта, карз тӕрхон сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Тӕрхоны бон Содом ӕмӕ Гоморрӕйы бӕстӕйӕн уыцы горӕтӕй ӕнцондӕр уыдзӕни» (Матфейы 10:15).