Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 СӔР

Йӕ апостолты бацӕттӕ кодта, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕ

Йӕ апостолты бацӕттӕ кодта, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕ

МАТФЕЙЫ 10:16–11:1 МАРЧЫ 6:12, 13 ЛУКАЙЫ 9:6

  • ЙЕСО ЙӔ АПОСТОЛТӔН АМЫНДТӔ РАДТА ӔМӔ СӔ АРВЫСТА

Йесо йӕ апостолтӕн диссаджы амындтӕ радта, дыгӕйттӕй куы ацӕуой, уӕд куыд хъуамӕ хъусын кӕной, уый фӕдыл. Фӕлӕ ууыл не ’рлӕууыд. Йесо сыл тыхсти, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ бафӕдзӕхста, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй. «Хъусут, ӕз сымах ӕрвитын, фысты бирӕгъты ’хсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. [...] Уӕхи адӕмӕй хъахъхъӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕ дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ се ’мбырдгӕнӕнты ехсӕй нӕмдзысты. Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм» (Матфейы 10:16–18).

Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджыты йын карзӕй кӕй ӕфхӕрдзысты, фӕлӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта: «Тӕрхонмӕ [уӕ] куы раттой, уӕд-иу, цы зӕгъат ӕмӕ куыд зӕгъат, ууыл ма тыхсут – уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ Фыды сыгъдӕг тых дзурдзӕн уӕ дзыхӕй». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕфсымӕр ӕфсымӕры ратдзӕн мӕлӕтмӕ, фыд та – йӕ хъӕбулы, ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр суыдзысты сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ ратдзысты мӕлӕтмӕ. Ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕм дӕр се сӕфт уындзысты. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 10:19–22).

Хъусын кӕнын ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг у, ӕмӕ цӕмӕй Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ уыцы куыст сӕрибарӕй кӕной, уый тыххӕй сӕ хъӕуы ӕмбаргӕйӕ архайын. Йесо загъта: «Иу горӕты уӕ фӕдыл куы зилой, уӕд лидзут иннӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уын ӕцӕг зӕгъын: Израилы ӕппӕт горӕттыл нӕма ӕрзилдзыстут, афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 10:23).

Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо йӕ 12 апостолӕн диссаджы амындтӕ радта, бафӕдзӕхста сӕ, тӕссаг сын цӕмӕй уыд, уыдӕттӕй ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Фӕлӕ ма апостолтӕй дарддӕр уыцы ныхӕстӕ стыр ӕххуыс хъуамӕ уыдаиккой, уыцы хъуыддаджы Йесойӕн йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасы фӕстӕ чи архайдтаид, уыдонӕн дӕр. Уый цӕмӕй бӕрӕг у? Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй се сӕфт уындзысты «ӕппӕт адӕм дӕр» – хъусын кӕнынмӕ йӕ апостолты кӕмӕ арвыста, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ. Стӕй Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ апостолты, Галилейӕйы куы хъусын кодтой, уыцы цыбыр рӕстӕг хицӕутты ӕмӕ паддзӕхты раз ӕрлӕууын кодтой кӕнӕ дзы сӕ хиуӕтты ардыдӕй искӕй амардтой.

Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо йӕ апостолтӕн уыцы хабӕрттӕ куы дзырдта, уӕд фидӕны кой кӕй кодта. Зӕгъӕм, Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ нӕма ахӕццӕ кӕндзысты, «афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт». Цымӕ йӕ ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд? Паддзах Йесо Чырысти Хуыцауы номӕй тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъуыстгонд нӕма фӕуыдзысты.

Хъусын кӕнгӕйӕ апостолтӕм хъуамӕ диссаг ма кастаид, сӕ ныхмӕ кӕй цыдаиккой, уый. Йесо сын йӕхӕдӕг загъта: «Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы, цагъар та – йӕ хицауӕй». Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды бӕлвырд у. Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй дзы бирӕтӕ се сӕфт уыдтой ӕмӕ йӕ фӕдыл зылдысты. Ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр Йесо бафидар кодта: «Ма тӕрсут, уӕ амарын кӕй бон у, фӕлӕ уын уӕ фидӕны цард байсын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, адӕймаджы гееннӕйы фесафын кӕй бон у, уымӕй» (Матфейы 10:24, 28).

Уыцы хъуыддаджы Йесо йӕхӕдӕг фӕзминаг у. Ӕппӕт дӕр кӕй бон у, уыцы Хуыцау Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивыны бӕсты мӕлӕты раз ныфсджынӕй ӕрлӕууыд. Ӕрмӕстдӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн у йӕ бон адӕймагӕн йӕ «фидӕны цард» байсын кӕнӕ йӕ райгас кӕнын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕра. Уыцы ныхӕстӕ апостолтӕн ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой!

Йесо, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауӕн куыд зынаргъ сты, уый бамбарын кӕнынӕн ахӕм цӕвиттон ӕрхаста: «Дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн. [...] Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29, 31).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы хабар хъусын кӕндзысты, уый бинонты кӕрӕдзийы ныхмӕ скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕй иутӕ сӕ зӕрдӕмӕ исдзысты, иннӕтӕ та – нӕ. Йесо бамбарын кодта: «Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз зӕхмӕ фарн ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн». Цӕмӕй бинонтӕй исчи рӕстдзинады фарс слӕууа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад. Йесо дарддӕр загъта: «Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый мӕн аккаг нӕу, стӕй йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы дӕр мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр мӕн аккаг нӕу» (Матфейы 10:34, 37).

Фӕлӕ уӕддӕр уыдзӕн ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хорз цӕстӕй кӕсдзысты. Йесо загъта: «Ацы гыццылтӕй иуӕн дӕр, мӕ ахуыргӕнинаг кӕй у, уый тыххӕй уазал доны къус дӕр чи бадара, уый дӕр, ӕцӕг уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕн» (Матфейы 10:42).

Уӕдӕ Йесо йӕ апостолтӕн хорз уынаффӕтӕ радта, стӕй сӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уыдӕттӕй сӕ бафӕдзӕхста ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Ӕмӕ уый фӕрцы гӕрзифтонг хӕстонтау алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уыдысты. Гъемӕ «хъӕутыл зилын байдыдтой, ӕмӕ алы ран дӕр хъусын кодтой хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодтой рынчынты» (Лукайы 9:6).