Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

57 СӔР

Йесо сдзӕбӕх кодта иу чызджы ӕмӕ къуырма лӕджы

Йесо сдзӕбӕх кодта иу чызджы ӕмӕ къуырма лӕджы

МАТФЕЙЫ 15:21–31 МАРЧЫ 7:24–37

  • ЙЕСО СДЗӔБӔХ КОДТА ФИНИКИАГ СЫЛГОЙМАДЖЫ ЧЫЗДЖЫ

  • СДЗӔБӔХ КОДТА, КЪУЫРМА ӔМӔ ӔГОМЫГ ЧИ УЫД, АХӔМ ЛӔДЖЫ

Йесо фарисейтӕн куы бауайдзӕф кодта, сӕхи пайдайӕн цы ӕгъдӕуттӕ ӕрымысыдысты, уыдоны тыххӕй, уӕд уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уырдыгӕй ацыд. Йӕ фӕндаг акодта цӕгат-ныгуылӕнырдӕм Финикийы бӕстӕмӕ, Тир ӕмӕ Сидоны ’рдӕм. Уырдӕм ӕй цӕуын хъуыди бирӕ километртӕ.

Уыцы ран Йесо ссардта, кӕм ӕрлӕууыдаид, ахӕм хӕдзар. Кӕм ӕрлӕууыд, уый адӕм базыдтаиккой, уый та йӕ нӕ фӕндыд. Фӕлӕ ахӕм дард ран дӕр адӕмӕй бамбӕхсын йӕ бон не сси. Уым чи райгуырд, иу ахӕм грекъаг сылгоймаг ӕй ссардта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын райдыдта: «Хицау, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн! Мӕ чызджы мын хӕйрӕджытӕ удхарӕй марынц» (Матфейы 15:22; Марчы 7:26).

Фӕлӕ йӕм Йесо ницы дзырдта. Иуцасдӕры фӕстӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ ацӕуа, кӕннод нӕ фӕдыл хъӕргӕнгӕ цӕуы». Ӕмӕ сын уӕд Йесо бамбарын кодта, уыцы сылгоймагӕн дзуапп цӕуылнӕ дӕтты, уый: «Ӕз ӕрвыст дӕн ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонмӕ». Фӕлӕ йӕ сылгоймаг уӕддӕр нӕ ныууагъта. Бацыд ӕм, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Хицау, баххуыс мын кӕн!» (Матфейы 15:23–25).

Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы фӕндыди уыцы сылгоймаджы уырнындзинад бафӕлварын, ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, дзуттӕгтӕ иннӕ адӕмтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый. Загъта йын: «Сывӕллӕттӕн сӕ къӕбӕр сӕ дзыхӕй ратонай ӕмӕ йӕ къӕбылатӕн аппарай, уый раст нӕу» (Матфейы 15:26). Йесо, куыйтӕн, зӕгъгӕ, нӕ загъта, фӕлӕ «къӕбылатӕн», ӕмӕ уымӕй равдыста, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонмӕ дӕр ӕвзӕр цӕстӕй кӕй нӕ каст. Стӕй йӕ хорз зӕрдӕйы ахаст, ӕвӕццӕгӕн, бӕрӕг уыди йӕ цӕсгомӕй ӕмӕ йӕ фӕлмӕн хъӕлӕсӕй дӕр.

Сылгоймаг уыцы ныхӕстӕ йӕхицӕн ӕфхӕрдыл нӕ банымадта, фӕлӕ, дзуттӕгтӕ иннӕ адӕмтӕм ӕцӕгдӕр ахӕм цӕстӕй кӕй кастысты, ууыл сразы ӕмӕ сӕрныллӕгӕй загъта: «Уый афтӕ у, Хицау. Фӕлӕ къӕбылатӕ дӕр фӕхӕрынц, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон». Йесо федта, уыцы сылгоймаг цы диссаджы зӕрдӕйы хицау уыд, уый ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, фидар уырнындзинад дын ис! Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Матфейы 15:27, 28). Ӕмӕ кӕд чызг йӕ разы нӕ уыд, уӕддӕр уыцы сахат сдзӕбӕх! Сылгоймаг хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ хъӕбул хуыссӕныл хуыссы дзӕбӕхӕй, ӕнӕнизӕй – «хӕйрӕг ӕй ныууагъта»! (Марчы 7:30).

Финикийы бӕстӕйӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ араст сты, Иорданы цӕугӕдон кӕм райдайы, уыцырдӕм. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Галилейӕйы денджызӕй уӕлдӕр Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызтысты ӕмӕ Дӕссахары бӕстӕмӕ бацыдысты. Уым хохмӕ ссыдысты, фӕлӕ сӕ адӕм уым дӕр ссардтой. Гъемӕ Йесомӕ сӕ къуылыхты, цӕнкуылты, куырмыты ӕмӕ ӕгомыгты кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ-иу ын рынчынты йӕ къӕхты раз куы ’рӕвӕрдтой, уӕд-иу сӕ сдзӕбӕх кодта. Уыдӕттӕ уынгӕйӕ адӕм дисӕй мардысты ӕмӕ Израилы Хуыцауы кадджын кодтой.

Уым Йесойӕн йӕ цӕст ӕрхӕцыд, ӕппындӕр чи нӕ хъуыста ӕмӕ дзургӕ дӕр дзӕбӕх чи нӕ кодта, ахӕм адӕймагыл. Уыйбӕрц адӕмы ’хсӕн куыд тынг тыхстаид, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Цы уавӕры уыди, уый Йесо, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдта ӕмӕ йӕ иуварс акодта. Уым ын хибарӕй бамбарын кодта, цы саразинаг уыд, уый. Йе ’нгуылдзтӕ йын йӕ хъусты бавӕрдта, стӕй ӕрту кодта ӕмӕ йын йе ’взагыл андзӕвыд. Уый фӕстӕ арвмӕ скаст ӕмӕ загъта: «Еффафа», ома «байгом у». Ӕмӕ лӕгӕн уайтагъд йӕ хъустӕ байгом сты, ӕмӕ дзурын дӕр дзӕбӕх райдыдта. Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы хабар айхъуыстаид. Уый фӕндыд, цӕмӕй йыл адӕм, сӕхӕдӕг цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уымӕ гӕсгӕ ӕууӕндыдаиккой (Марчы 7:32–36).

Йесойӕн ахӕм рынчынты дзӕбӕх кӕнын йӕ бон кӕй уыд, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдоны «дисӕн кӕрон нал уыди». Ӕмӕ дзырдтой: «Цыдӕриддӕр аразы, уымӕ аипп ӕрхӕссӕн нӕй. Суанг ма къуырматы дӕр хъусынхъом кӕны, ӕгомыгты та – дзурынхъом» (Марчы 7:37).