Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

58 СӔР

Дзултӕ сбирӕ кодта ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй бафӕдзӕхста

Дзултӕ сбирӕ кодта ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй бафӕдзӕхста

МАТФЕЙЫ 15:32–16:12 МАРЧЫ 8:1–21

  • ЙЕСО БАФСӔСТА 4 000 ЛӔДЖЫ

  • ЙӔ АХУЫРГӔНИНӔГТЫ БАФӔДЗӔХСТА, УӔХИ ХИЗУТ ФАРИСЕЙТЫ ӔНХЪИЗӔНӔЙ, ЗӔГЪГӔ

Галилейӕйы денджызы хурыскӕсӕн фарс, Дӕссахар кӕм уыди, уым, Йесомӕ дуне адӕм ӕрӕмбырд. Уырдӕм уый тыххӕй ӕрбацыдысты, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ сӕ низтӕй сдзӕбӕх уыдаиккой. Семӕ стыр чыргъӕдты ӕрбахастой хӕринаг.

Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Тӕригъӕд сты ацы адӕм. Ныр ӕртӕ боны ам мемӕ сты, ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Сӕ хӕдзӕрттӕм сӕ ӕххормагӕй куы ауадзон, уӕд фӕндагыл исты кӕндзысты. Бирӕтӕ сӕ дардӕй ӕрцыдысты». Ахуыргӕнинӕгтӕ та йын загътой: «Ам цӕрӕг дӕр куы нӕй, уӕд уыйбӕрц адӕмы фаг дзул кӕм ссарӕм?» (Марчы 8:2–4).

Уӕд сӕ Йесо бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Авд дзулы, стӕй ма цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр» (Матфейы 15:34). Йесо адӕмы зӕххыл ӕрбадын кодта. Стӕй дзултӕ ӕмӕ кӕсӕгтӕ райста, Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуӕрстаиккой. Ӕмӕ диссаг – се ’ппӕт дӕр бафсӕстысты! Цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдонӕй та байдзаг кодтой авд стыр чыргъӕды. Афтӕмӕй та, чи хордта, уыдон – сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ банымадтой, афтӕмӕй – уыдысты цыппар мин лӕджы!

Йесо адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕм куы арвыста, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъыл ахызт Галилейӕйы денджызы ныгуылӕн фарсмӕ, Магаданы бӕстӕмӕ. Уым Йесомӕ фарисейтӕй ӕмӕ саддукейты къордӕй чидӕртӕ ӕрбацыд, цӕмӕй йӕ ракъахтаиккой. Ӕмӕ йӕм бахатыдысты, уӕларвӕй нын исты диссаг равдис, зӕгъгӕ.

Фӕлӕ сын Йесо сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмбӕрста, ӕмӕ сын загъта: «Изӕрӕй фӕзӕгъут: „Райсом хорз бон уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ арв сырх-сырхид у“. Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Абон дымгӕ кӕндзӕн ӕмӕ уардзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕд арв сырх-сырхид у, уӕддӕр тар у“. Арвмӕ кӕсгӕйӕ уӕ бон у боныхъӕд раиртасын, цы рӕстӕджы цӕрут, уый та уӕ бон раиртасын нӕу» (Матфейы 16:2, 3). Уый фӕстӕ Йесо фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕн загъта, Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ӕндӕр диссаг кӕй нӕ фендзысты.

Уыйадыл Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ араст сты денджызы цӕгат-скӕсӕн фарсмӕ, Вифсаидӕйы ’рдӕм. Фӕлӕ фӕндагыл ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, семӕ фаг дзул кӕй нӕ рахастой – иу дзул йеддӕмӕ сӕм нӕ уыд. Йесо гыццыл раздӕр ныхас кодта фарисейтимӕ ӕмӕ, Ироды фарс чи уыд, уыцы саддукейтимӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныр йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Кӕсут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй». Ахуыргӕнинӕгтӕ ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ нӕ дзул рахӕссын кӕй ферох, уый тыххӕй нын кӕны ӕнхъизӕны кой. Йесо уый куы бафиппайдта, ӕмӕ йӕ раст нӕ бамбӕрстой, уӕд сын загъта: «Дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй кӕрӕдзийӕн уайдзӕф кӕнынмӕ цӕмӕн фестут?» (Марчы 8:15–17).

Йесо цалдӕр мин адӕймаджы диссаджы хуызы куы бафсӕста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд. Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, сӕ Ахуыргӕнӕджы ӕнӕуи дзулы мӕт кӕй нӕ уыди. Йесо сын загъта: «Ау, рох уӕ фӕци: фондз дзулы фондз мин лӕгыл куы адих кодтон, уӕд ма дзы цы къӕбӕртӕ баззад, уыдонӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» «Дыууадӕс»,– загътой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. «Ӕмӕ авд дзулы цыппар мин лӕгыл куы адих кодтон, уӕд дзы цы къӕбӕртӕ баззад, уыдонӕй та цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» – адарддӕр кодта йӕ ныхас Йесо. Уыдон ын загътой: «Авд» (Марчы 8:18–20).

Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Куыннӕ йӕ ӕмбарут, дзулты кой уын кӕй нӕ кӕнын?» Ӕмӕ стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй» (Матфейы 16:11).

Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, цӕй кой сын кодта, уый. Хыссӕйыл ӕнхъизӕн уый тыххӕй ныккӕнынц, цӕмӕй сӕнхъиза ӕмӕ ссӕуа. Йесо ам ӕнхъизӕны кой ахӕсгӕ хуызы кодта, ома, цӕуыл вӕййы, уый фесӕфы ӕмӕ нал фӕбӕззы. Уый зӕгъын ӕй фӕндыд, ӕмӕ фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ахуырӕдтӕ дӕр афтӕ тӕссаг кӕй уыдысты адӕмыл ӕвзӕрырдӕм бандавынӕй. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхсгӕ дӕр уымӕн бакодта, зӕгъгӕ, уӕхи хизут, «фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ цы амонынц, уымӕй» (Матфейы 16:12).