Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

61 СӔР

Йесо сдзӕбӕх кодта хӕйрӕджджын лӕппуйы

Йесо сдзӕбӕх кодта хӕйрӕджджын лӕппуйы

МАТФЕЙЫ 17:14–20 МАРЧЫ 9:14–29 ЛУКАЙЫ 9:37–43

  • ХӔЙРӔДЖДЖЫН ЛӔППУЙЫ СДЗӔБӔХ КӔНЫНӔН ХЪУЫДИ ФИДАР УЫРНЫНДЗИНАД

Йесо, Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн хохӕй куы ’рцыдысты, уӕд сӕ размӕ дуне адӕм фӕци. Цыдӕр хабар ӕрцыд. Чиныджыдӕснытӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ семӕ цӕуылдӕр быцӕу кодтой. Адӕм Йесойы куы ауыдтой, уӕд тынг бадис кодтой ӕмӕ йӕм базгъордтой, ӕгас нӕм цу, зӕгъгӕ. Йесо та сӕ бафарста: «Цӕуыл быцӕу кӕнут семӕ?» (Марчы 9:16).

Уӕд адӕмы ’хсӕнӕй иу лӕг Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый бамбарын кодта: «Ахуыргӕнӕг, ӕз дӕм ӕрбакодтон мӕ фырты – дӕлимон ӕй уӕгъд нӕ уадзы, багомыг ӕй кодта. Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк акӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыррыст ссӕуы ӕмӕ бауадзыг вӕййы. Гъемӕ дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй дзы дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци» (Марчы 9:17, 18).

Ӕвӕццӕгӕн, чиныджыдӕснытӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты уайдзӕфты бын фӕкодтой, уыцы лӕппуйы сдзӕбӕх кӕнын сӕ бон кӕй нӕ баци, уый тыххӕй. Стӕй сыл, ӕвӕццӕгӕн, худгӕ дӕр кодтой. Йесо лӕппуйы зӕрдӕрыст фыдӕн исты зӕгъыны бӕсты адӕмӕн загъта: «О ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Цас ма уын быхсдзынӕн?» Ацы карз ныхӕстӕ ӕнӕмӕнг здӕхт уыдысты чиныджыдӕснытӕм, цалынмӕ уым нӕ уыд, уӕдмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгты чи бакъуымы кодта, уыдонмӕ. Уый фӕстӕ Йесо йе ’ргом аздӕхта лӕппуйы фыдмӕ ӕмӕ загъта: «Ӕрбакӕнут-ма мӕм ӕй» (Матфейы 17:17).

Лӕппу Йесомӕ куы ’рбацӕйцыд, уӕд ӕй, йӕ мидӕг цы дӕлимон уыди, уый ныууыгъта ӕмӕ йӕ зӕххыл ныццавта. Ӕмӕ лӕппу, йӕ комы фынк калгӕйӕ, зӕххыл ратул-батул кодта. Йесо йын йӕ фыды бафарста: «Рагӕй у афтӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Йӕ гыццылӕй нырмӕ. Дӕлимон ӕй цал ӕмӕ цал хатты хъавыд бабын кӕнынмӕ: куы йӕ арты баппары, куы та – доны». Ӕмӕ стӕй Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Кӕд дӕ бон у исты саразын, уӕд нын фӕтӕригъӕд кӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕн» (Марчы 9:21, 22).

Лӕппуйы фыд тынг уынгӕджы уавӕры уыди, уымӕн ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр сӕ бон нӕ баци йӕ фыртӕн баххуыс кӕнын. Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ дзы ныфс бауагъта: «Кӕд дӕ бон у, зӕгъыс? Кӕй уырны, уымӕн алцыдӕр у йӕ бон». Ӕмӕ уӕд фыд уыциу хъӕр фӕкодта: «Уырны мӕ! Уырнындзинад мын кӕм нӕ фаг кӕны, уым та мын ыл бафтау» (Марчы 9:23, 24).

Уӕдмӕ Йесо бафиппайдта, адӕм ӕм кӕй ӕрбазгъорынц. Се ’ппӕт дӕр уыдонмӕ кӕсыныл куы фесты, уӕд Йесо дӕлимонӕн загъта: «Уӕртӕ дӕлимон, адӕймаджы ӕгомыг ӕмӕ къуырма чи кӕны! Зӕгъын дын: ныууадз ӕй ӕмӕ дзы макуыуал бацу». Дӕлимон лӕппуйы ныхъхъӕр кӕнын кодта ӕмӕ йӕ тынг ныууыгъта, ӕмӕ дзы уӕд рацыд. Лӕппу та мардау фӕци ӕмӕ зӕххыл ӕнӕзмӕлгӕйӕ хуыссыд. Уый фенгӕйӕ бирӕтӕ загътой: «Амарди!» (Марчы 9:25, 26). Фӕлӕ йын Йесо йӕ къух райста, схӕцыд ыл, ӕмӕ «лӕппу уыцы сахат сдзӕбӕх» (Матфейы 17:18). Уӕдӕ, Йесо цы арӕзта, уыдӕттыл адӕм куыннӕ хъуамӕ дис кодтаиккой.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд райдианты сӕ бон уыди адӕмӕй хӕйрӕджыты сурын. Уымӕ гӕсгӕ хӕдзары Йесойы хибарӕй бафарстой: «Махӕн ӕй нӕ бон цӕуылнӕ баци расурын?» Йесо сын бамбарын кодта, йӕ аххосаг уый кӕй уыди, ӕмӕ сын уырнындзинад нӕ фаг кодта. Загъта сын: «Ацы мыггаг фӕсурынӕн кувын йеддӕмӕ ницы баххуыс кӕндзӕн» (Марчы 9:28, 29). Уыцы хъомысджын дӕлимоны фӕсурынӕн хъуыди фидар уырнындзинад, стӕй сӕ хъуыди Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй сын уыцы хъару радтаид.

Дарддӕр сын Йесо загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн куы зӕгъат, ардыгӕй сыст ӕмӕ уӕртӕ уым ӕрлӕуу, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн. Ӕмӕ ницы уыдзӕн ахӕмӕй, уӕ бон цы нӕ уа саразын» (Матфейы 17:20). Цы стыр тых ис, ӕвӕдза, уырнындзинадӕн!

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ разы цы цӕлхдуртӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдон хатгай махмӕ дӕр, чи зоны, хохы йас фӕкӕсынц ӕмӕ фӕхъуыды кӕнӕм, сӕ сӕрты ахизынӕн кӕнӕ сӕ аиуварс кӕнынӕн ницы амал ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм, уӕд-иу ахӕм цӕлхдуртӕ ӕмӕ зындзинӕдты сӕрты дӕр ахиздзыстӕм.