Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

62 СӔР

Сӕрныллӕгдзинад – ахсджиаг миниуӕг

Сӕрныллӕгдзинад – ахсджиаг миниуӕг

МАТФЕЙЫ 17:22–18:5 МАРЧЫ 9:30–37 ЛУКАЙЫ 9:43–48

  • ЙЕСО ТА НОГӔЙ ДЗУРЫ, КӔЙ ЙӔ АМАРДЗЫСТЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ

  • ХЪАЛОН БАФЫСТА, КӔСАДЖЫ ДЗЫХЫ ЦЫ ӔХЦА УЫДИ, УЫМӔЙ

  • УӔЛАРВОН ПАДДЗАХАДЫ УӔЛДӔР ЧИ УЫДЗӔН?

Йесо Филиппы Кесарийы йӕ хуыз куы аивта ӕмӕ хӕйрӕджджын лӕппуйы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд араст Капернауммӕ. Фӕндагыл йемӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты йеддӕмӕ ничи уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй, «уым кӕй ис, уый исчи базыдтаид» (Марчы 9:30). Уый фӕрцы йын ногӕй фадат фӕци, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты йӕ мӕлӕтмӕ ӕмӕ, йӕ фӕстӕ цы куыст хъуамӕ кодтаиккой, уымӕ бацӕттӕ кодтаид. Йесо сын бамбарын кодта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм, ӕмӕ йӕ уыдон амардзысты, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн» (Матфейы 17:22, 23).

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый фыццаг хатт нӕ фехъуыстой. Кӕй йӕ амардзысты, уый тыххӕй ма сын уымӕй размӕ дӕр дзырдта. Фӕлӕ, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕд Петры нӕ бауырныдта (Матфейы 16:21, 22). Уый фӕстӕ йӕ апостолтӕ ӕртӕйӕ федтой, йӕ хуыз куыд аивта, стӕй фехъуыстой, Моисей ӕмӕ Илийа Йесоимӕ «йӕ ацыдыл» куыд ныхас кодтой, уый дӕр (Лукайы 9:31). Ӕмӕ йын кӕд ныр дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ ныхӕстӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, уӕддӕр «тынг ӕрӕнкъард сты» (Матфейы 17:23). Фылдӕр истӕмӕйты йӕ бафарстаиккой, уый та уӕндгӕ нӕ кодтой.

Уӕдмӕ Капернауммӕ ӕрбахӕццӕ сты. Йесо-иу уым арӕх ӕрлӕууыд, стӕй йӕ апостолтӕй дӕр цалдӕр уыцы горӕтӕй уыдысты. Уым Петрмӕ бацыдысты, кувӕндонӕн хъалон чи ӕмбырд кодта, уыцы лӕгтӕ. Ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Йесо хъалонтӕ нӕ фиды, ӕмӕ йӕ сӕ зӕрды уыди уыцы хъуыддаджы фӕаххосджын кӕнын. Гъемӕ Петры бафарстой: «Уӕ ахуыргӕнӕг кувӕндонӕн хъалон нӕ фиды?» (Матфейы 17:24).

Петр сын дзуапп радта, «куыннӕ», зӕгъгӕ. Хӕдзармӕ куы бахызт, уӕдмӕ дӕр Йесо хабар зыдта. Ӕмӕ йын ӕй Петр кӕд радзурдзӕн, уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, фӕлӕ йӕхӕдӕг фӕраздӕр ӕмӕ йӕ бафарста: «Симон, куыд хъуыды кӕныс, зӕххон паддзӕхтӕ фиддон кӕнӕ хъалон кӕмӕй исынц? Сӕ фырттӕй ӕви ӕцӕгӕлӕттӕй?» Петр ын дзуапп радта, ӕцӕгӕлӕттӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд Йесо загъта: «Уӕдӕ фыртты хъалон фидын нӕ хъӕуы» (Матфейы 17:25, 26).

Йесойы Фыд у Дун-дунейы Паддзах ӕмӕ, кувӕндоны кӕмӕн куывтой, уыцы Хуыцау. Уӕдӕ закъонмӕ гӕсгӕ Хуыцауы Фырты кувӕндонӕн хъалон фидын нӕ хъуыди. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Йесо Петрӕн загъта: «Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар, ӕмӕ фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уымӕн йӕ дзых бакӕн, ӕмӕ дзы уыдзӕн ӕвзист ӕхца [статир, кӕнӕ тетрадрахмӕ]. Ӕмӕ сын уый ратт мӕн тыххӕй дӕр ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр» (Матфейы 17:27).

Уӕдмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сӕ фӕндыд Йесойы бафӕрсын, уӕларвон Паддзахады уӕлдӕр чи уыдзӕн, уымӕй. Хӕрзӕрӕджы дӕр ма Йесойы йӕ мӕлӕты тыххӕй бафӕрсын нӕ бауӕндыдысты. Фӕлӕ йӕ ныр сӕхи фидӕнӕй бафарстаиккой, уый уӕндыдысты. Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта. Фӕстӕмӕ Капернауммӕ куы здӕхтысты, уӕд йӕ фӕдыл цӕугӕйӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуылдӕр быцӕу кодтой. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ бафарста: «Фӕндагыл та цӕуыл дзырдтат?» (Марчы 9:33). Фӕлӕ се ’ппӕт дӕр ныхъхъус сты, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл быцӕу кодтой. Ӕмӕ ныр сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудти. Фӕстагмӕ апостолтӕ Йесойы уӕддӕр бафарстой, цӕуыл быцӕу кодтой, уый тыххӕй: «Уӕларвон паддзахады уӕлдӕрыл нымад чи у?» (Матфейы 18:1).

Ныр ӕртӕ азы дӕргъы Йесоимӕ уыдысты ӕмӕ, цыдӕриддӕр дзырдта, уый сӕхи хъустӕй хъуыстой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕймаг дис дӕр куыннӕ хъуамӕ бакӕна, уый фӕстӕ ма уыдӕттыл куыд быцӕу кодтой, зӕгъгӕ. Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, уыдон дӕр ӕнӕххӕст кӕй уыдысты. Стӕй, цы диныл хӕст уыдысты, ууыл дӕр-ма ахъуыды кӕнӕм. Дзуттаг дины хабар афтӕ уыд, ӕмӕ адӕймаг цавӕр бынат ахсы ӕмӕ йӕм цы бартӕ ис, уымӕ тынг кастысты. Уымӕй уӕлдай, ӕрӕджы Йесо Петрӕн зӕрдӕ бавӕрдта, дӕуӕн ратдзынӕн уӕларвон Паддзахады «дӕгъӕлтӕ», зӕгъгӕ. Мыййаг, кӕд Петр уый тыххӕй хъуыды кодта афтӕ, ӕмӕ иннӕтӕй уӕлдӕр у. Чи зоны, афтӕ хъуыды кодтой Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр, уымӕн ӕмӕ, Йесо йӕ хуыз куыд аивта, уый сӕхи цӕстӕй федтой.

Куыдфӕнды ма уыдаид,– Йесойы фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зондахаст сраст кӕнын. Гъемӕ гыццыл сывӕллонмӕ фӕдзырдта, сӕ астӕу сын ӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ сын загъта: «Куы нӕ фӕиват ӕмӕ гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ суат, уӕд уӕларвон паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут. Уӕдӕ йӕхи ацы гыццыл сабийау чи ӕрныллӕг кӕна, уӕларвон паддзахады уӕлдӕрыл нымад уый уыдзӕн. Ӕмӕ иу ахӕм гыццыл сабийы мӕ номы тыххӕй чи суазӕг кӕна, уый суазӕг кӕндзӕн мӕн дӕр» (Матфейы 18:3–5).

Йесо диссаджы Ахуыргӕнӕг куыннӕ уыди! Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм не смӕсты ӕмӕ сӕ зыд кӕнӕ кадмондаг не схуыдта. Уый бӕсты сын сӕ разы ӕрлӕууын кодта гыццыл сывӕллоны. Гыццыл сывӕллӕттӕ та кадмӕ ӕмӕ, иннӕтӕй уӕлдӕр уой, уымӕ никуы фӕтырнынц. Афтӕмӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн равдыста, уыдон дӕр сӕхимӕ ахӕм цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсой. Фӕстагмӕ та загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ се ’ппӕт дӕр ӕдзух сӕ зӕрдыл кӕй хъуамӕ дарой, ахӕм ахсджиаг ныхӕстӕ: «Сымахӕй йӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл чи нымайы, уӕлдӕр гъе уый у» (Лукайы 9:48).