Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

65 СӔР

Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ адӕмы ахуыр кӕны

Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ адӕмы ахуыр кӕны

МАТФЕЙЫ 8:19–22 ЛУКАЙЫ 9:51–62 ИОАННЫ 7:2–10

  • ЙЕСОЙЫ ТЫХХӔЙ ЙЕ ’ФСЫМӔРТӔ ЦЫ ХЪУЫДЫ КОДТОЙ?

  • АДӔЙМАГӔН ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД КӔЦЫ БЫНАТЫ ХЪУАМӔ УА?

Йесо цасдӕр рӕстӕг фылдӕр лӕггад кодта Галилейӕйы, уымӕн ӕмӕ йӕм уым адӕм хуыздӕр хъуыстой. Стӕй фӕстаг хатт Иерусалимы куы уыди ӕмӕ сабатбон иу адӕймаджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд «дзуттӕгты разамонджытӕ ноджы тынгдӕр райдыдтой йӕ амарыныл архайын» (Иоанны 5:18; 7:1).

Уӕдмӕ н. э. 32 азы фӕззӕг дӕр ралӕууыд ӕмӕ Цатырты (кӕнӕ Халагъудты) бӕрӕгбонмӕ бирӕ нал хъуыди. Уыцы бӕрӕгбон-иу ахаста авд боны, ӕстӕм бон та-иу уыди сӕрмагонд ӕмбырд. Кодтой йӕ, зӕххы куыстытӕ-иу кӕй фесты, уый номыл. Бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу адӕм тынг цин кодтой ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинӕдты тыххӕй арфӕ кодтой.

Гъемӕ Йесойӕн йе ’фсымӕртӕ – Иаков, Симон, Иосиф ӕмӕ Иудӕ – загътой, «ардыгӕй Иудейӕмӕ ацу», зӕгъгӕ. Динимӕ баст хабӕрттӕ-иу иууылдӕр Иерусалимы кодтой. Ӕмӕ-иу ӕртӕ ӕрвылазон бӕрӕгбоны рӕстӕг уырдӕм дуне адӕм ӕрӕмбырд. Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йе ’фсымӕртӕ загътой: «Кӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм зоной, уый сусӕгӕй ницы фӕаразы. Кӕд ахӕм хъуыддӕгтӕ аразыс, уӕд дӕхи дунемӕ ӕргом равдис» (Иоанны 7:3, 4).

Ӕцӕгӕй та йыл «йе ’фсымӕртӕ не ’ууӕндыдысты» – Мессийӕйыл ӕй нӕ нымадтой. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй Йесо, бӕрӕгбонмӕ цы адӕм ӕрӕмбырд уыдаид, уыдоны раз дӕр исты хъомысджын хъуыддӕгтӕ сарӕзтаид. Йесо ӕмбӕрста, Иерусалимы йӕ цардӕн тӕссаг кӕй у, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Дуне сымахӕй йе сӕфт цӕй тыххӕй уына, уый нӕй, мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕвдисӕн лӕууын, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Сымах ацӕут бӕрӕгбонмӕ. Ӕз уыцы бӕрӕгбонмӕ нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕстӕг нӕма ’рцыди» (Иоанны 7:5–8).

Йесойы ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ ма Иерусалиммӕ бӕрӕгбонмӕ ноджыдӕр цӕуинаг чи уыд, уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕр, куы ацыдысты, уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уырдӕм ацыд. Афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй сӕ бирӕ адӕм ма федтаиккой. Бирӕтӕ-иу Иерусалиммӕ, Иорданы цӕугӕдоны былтыл цы фӕндаг цыд, ууыл цыдысты. Фӕлӕ Йесо та ацыд цыбырдӕр фӕндагыл – комкоммӕ Самарийы уылты. Йесо йӕ зыдта, Самарийы сӕ искуы бахсӕвиуат кӕнын кӕй хъӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ йӕ разӕй минӕвӕрттӕ арвыста, цӕмӕй йе ’рцыдмӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтаиккой. Фӕлӕ иу хъӕуы адӕм уый куы базыдтой, ӕмӕ Йесо Иерусалиммӕ дзуттӕгты бӕрӕгбонмӕ цӕуы, уӕд ӕй сӕ хъӕумӕ нӕ бауагътой, кӕд ӕнӕуи уазӕгуарзон уыдысты, уӕддӕр. Уӕд Иаков ӕмӕ Иоанн рамӕсты сты, ӕмӕ Йесойӕн загътой: «Хицау, фӕнды дӕ, уӕд зӕгъӕм, ӕмӕ арвӕй арт ӕрцӕуа ӕмӕ сӕ аныхъуыра?» (Лукайы 9:54). Фӕлӕ сын Йесо бауайдзӕф кодта, ууыл хъуыды дӕр кӕй акодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой.

Фӕндагыл чиныджыдӕснытӕй иу Йесойӕн загъта: «Ахуыргӕнӕг, кӕдӕмфӕнды ма цӕуай,– ӕз дӕр ацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй» (Матфейы 8:19, 20). Афтӕмӕй йын Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуӕг куы суа, уӕд зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзардзӕн. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы чиныджыдӕсны ахӕм царды фӕндаг йӕ сӕрмӕ не ’рхаста. Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Йесойы фӕдыл ӕнӕзивӕгӕй цӕуын?»

Иу адӕймагӕн та Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл рацу». Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: «Хицау, ауадз мӕ, ӕмӕ уал мӕ фыды баныгӕнон». Йесо йын йӕ царды уавӕртӕ зыдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та ацу ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй алкӕмдӕр хъусын кӕн» (Лукайы 9:59, 60). Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы лӕгӕн йӕ фыд нырма ӕгас уыди, ӕндӕр ӕй Йесоимӕ ныхас кӕнынмӕ кӕцӕй ӕвдӕлдаид. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрынмӕ цӕттӕ кӕй нӕ уыд.

Иерусалиммӕ куыд хӕстӕгдӕр кодтой, афтӕ та иу чидӕр Йесойӕн загъта: «Хицау, ӕз дӕ фӕдыл ацӕудзынӕн, фӕлӕ мӕ ауадз, ӕмӕ уал мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъон». Йесо йын загъта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс чи кӕны, уый Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕу» (Лукайы 9:61, 62).

Йесойы фӕдыл цӕуын ӕцӕгдӕр кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ сӕ цӕст саразой иу цӕмӕдӕр – Хуыцауы Паддзахады хъуыддагмӕ. Хуымгӕнӕг гутоныл хӕцгӕйӕ ӕдзухдӕр размӕ куы нӕ кӕса, уӕд йӕ гутонвӕд зылын-мылын рауайдзӕн. Йӕ гутон куы ныууадза ӕмӕ фӕстӕмӕ куы акӕса, цӕмӕй дзы цы ис, уый фена, уӕд та йӕ хуым ӕнӕ кондӕй баззайдзӕн. Уӕдӕ, ӕнусон царды фӕндагыл цӕугӕйӕ дӕр, ацы зӕронд дунемӕ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс чи кӕны, уый дард нӕ ацӕудзӕн.