Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

67 СӔР

«Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуы ничи дзырдта»

«Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуы ничи дзырдта»

ИОАННЫ 7:32–52

  • ХЪАХЪХЪӔНДЖЫТЫ АРВЫСТОЙ ЙЕСОЙЫ ӔРЦАХСЫНМӔ

  • НИКОДИМ ЙЕСОЙЫ СӔРЫЛ СДЗЫРДТА

Йесо нырма Иерусалимы Цатырты (кӕнӕ Халагъудты) бӕрӕгбоны уыди. Адӕмӕй йыл «бирӕтӕ баууӕндыдысты», ӕмӕ йын уый тынг ӕхсызгон уыд. Фӕлӕ уыцы хабар дины разамонджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Ӕмӕ кувӕндон хъахъхъӕнджыты арвыстой, цӕмӕй Йесойы ӕрцахстаиккой (Иоанны 7:31, 32). Фӕлӕ уӕддӕр Йесо йӕхи не ’мбӕхста.

Уый бӕсты дарддӕр Иерусалимы адӕмы ӕргом ахуыр кодта. Йесо загъта: «Иу гыццыл ма дӕн уемӕ, стӕй уӕд ацӕудзынӕн, чи мӕ рарвыста, уымӕ. Агурдзыстут ма мӕ, фӕлӕ мӕ не ссардзыстут, ӕмӕ ӕз кӕм уыдзынӕн, уырдӕм сымахӕн уӕ бон ацӕуын нӕу» (Иоанны 7:33, 34). Дзуттӕгты разамонджытӕ йын йӕ ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Цымӕ ацы адӕймаг кӕдӕм цӕуинаг у, ӕмӕ йӕ мах ма ссарӕм? Мыййаг, грекъӕгты ’хсӕн чи ныппырх, уыцы дзуттӕгтӕм цӕуинаг у ӕмӕ уым цӕрынмӕ хъавы, цӕмӕй грекъӕгты ахуыр кӕна? Афтӕ куы загъта, агурдзыстут ма мӕ, фӕлӕ мӕ не ссардзыстут, ӕмӕ ӕз кӕм уыдзынӕн, уырдӕм уӕ бон ӕрцӕуын нӕу, зӕгъгӕ, уӕд уымӕй цы зӕгъинаг уыд?» (Иоанны 7:35, 36). Фӕлӕ Йесо, кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ стӕй уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзӕн, уый кой кодта. Ӕмӕ уырдӕм та йе знӕгтӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ бон нӕ уыд йӕ фӕдыл ацӕуын.

Уӕдмӕ бӕрӕгбоны ӕвдӕм бон дӕр ӕрхӕццӕ. Бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу алы райсом дӕр сауджын Силоамы найӕнӕй дон систа ӕмӕ-иу ӕй стыр аджы ныккодта, ӕмӕ-иу дон уырдыгӕй кувӕндоны нывондхӕссӕны бынмӕ калди. Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы уыцы хабар фӕндыд адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый мӕм ӕрцӕуӕд ӕмӕ нуазӕд дон. Мӕныл чи ’ууӕнды, уымӕн, Фыстад куыд зӕгъы, афтӕ, „йӕ зӕрдӕйы арфӕй рагуылф кӕндзысты царддӕттӕг доны гуылфӕнтӕ“» (Иоанны 7:37, 38).

Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕмӕ уӕларвон цардмӕ хуынд куы ’рцӕуой, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уый. Уыцы хабар ӕрцыд Йесойы мӕлӕты фӕстӕ, бӕлвырдӕй та – иннӕ аз Фӕндзайӕм боны. Уыцы бон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ӕрцыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн дзурын райдыдтой рӕстдзинады тыххӕй, ӕмӕ уӕд царддӕттӕг доны гуылфӕнтӕ кӕлын райдыдтой.

Йесомӕ чи хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ дзырдтой: «Ай ӕцӕгдӕр, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы пехуымпар у», ӕвӕццӕгӕн, Моисейӕ стырдӕр пехуымпар чи хъуамӕ уыдаид, уый кой кодтой. Иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый Чырысти у». Фӕлӕ дзы уыди, семӕ разы чи нӕ уыд, ахӕмтӕ дӕр. Уыдон дзырдтой: «Исты Галилейӕйӕ ’рцӕудзӕн Чырысти? Фыстад афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ Чырысти Давиды байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм цард, уыцы хъӕуӕй, Вифлеемӕй, ӕрцӕудзӕн?» (Иоанны 7:40–42).

Уыйадыл адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ систы. Ӕмӕ кӕд кӕйдӕрты Йесойы ӕрцахсын фӕндыд, уӕддӕр ӕм ничи бавнӕлдта. Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ Йесойы фарисейтӕм ӕмӕ сауджынты хистӕртӕм куы не ’рбакодтой, уӕд сӕ бафарстой: «Цӕуылнӕ йӕ ӕрбакодтат?» Хъахъхъӕнджытӕ сын дзуапп радтой: «Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуы ничи дзырдта». Фарисейтӕ та сын загътой: «Ау, сымах дӕр асайдта? Разамонджытӕй кӕнӕ йыл фарисейтӕй исчи баууӕндыд? Фӕлӕ ацы адӕм Закъон нӕ зонынц, ӕлгъыст адӕм сты» (Иоанны 7:45–49).

Ӕмӕ уӕд Никодим Йесойы сӕрыл сдзырдта. Никодим дӕр уыди фарисей, стӕй Сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕй иу. Дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ Никодим Йесомӕ ӕхсӕвыгон ӕрбацыд ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндыд, уый равдыста. Гъемӕ ныр Никодим иннӕ дины разамонджытӕн загъта: «Нӕ закъонмӕ гӕсгӕ, адӕймагӕн цалынмӕ йӕхимӕ нӕ байхъусай ӕмӕ, цы гӕнӕг у, уый нӕ базонай, уӕдмӕ йын тӕрхон кӕнӕн ис?» Ӕмӕ йын цы дзуапп радтой? «Ды дӕр Галилейӕйӕ дӕ, ӕви? Ӕркӕс Фыстадмӕ ӕмӕ йӕ фендзынӕ, иу пехуымпар дӕр Галилейӕйӕ кӕй нӕ рацӕудзӕн» (Иоанны 7:51, 52).

Фыстады комкоммӕ никуы ис фыст, пехуымпар Галилейӕйӕ кӕй хъуамӕ рацыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы Ныхасӕй базонӕн ис, Чырысти уырдыгӕй кӕй хъуамӕ уыдаид. Уым бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд, «ӕндӕрбӕстаг адӕмты Галилейӕ» кӕй фендзӕн «ӕмбисонды рухс» (Исай 9:1, 2; Матфейы 4:13–17). Уымӕй уӕлдай, фыст куыддӕриддӕр уыд, афтӕ Йесо райгуырд Вифлеемы ӕмӕ уыди Давиды байзӕддаг. Ӕмӕ кӕд фарисейтӕ уый зыдтой, уӕддӕр адӕмы ’хсӕн Йесойы тыххӕй бирӕ мӕнг ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдоны дзыхӕй апарахат.