Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

72 СӔР

Йесо 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ арвыста

Йесо 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ арвыста

ЛУКАЙЫ 10:1–24

  • ЙЕСО 70 АХУЫРГӔНИНАДЖЫ РАВЗӔРСТА ӔМӔ СӔ ХЪУСЫН КӔНЫНМӔ АРВЫСТА

Уыди н. э. 32 азы кӕрон. Йесо донаргъуыд куы райста, уымӕй рацыд ӕртӕ азы бӕрц. Ӕрӕджы йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уыди Иерусалимы Цатырты бӕрӕгбоны. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, нырма дӕр уым хӕстӕг кӕмдӕр уыд (Лукайы 10:38; Иоанны 11:1). Йесойӕн ма зӕххыл лӕггад кӕнынӕн баззад ӕхсӕз мӕйы. Ӕмӕ уыцы рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай арвыста Иудейӕйы ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарс, Перейы бӕстӕйы. Уыцы рӕтты дӕр хъуыди хъусын кӕнын.

Н. э. 30 азы Куадзӕны фӕстӕ Йесо цалдӕр мӕйы дӕргъы хъусын кодта Иудейӕйы, стӕй Самарийыл дӕр ӕрзылд. Фӕстӕдӕр та йӕ Иерусалимы дзуттӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты. Уый уыди н. э. 31 азы Куадзӕны рӕстӕг. Ӕмӕ уый фӕстӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг Йесо адӕмы фылдӕр ахуыр кодта цӕгатырдыгӕй, ома Галилейӕйы. Уыцы рӕстӕг бирӕтӕ систы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ. Галилейӕйы Йесо йӕ апостолтӕн бацамыдта, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый ӕмӕ сӕ ахӕм фӕдзӕхстимӕ арвыста: «Адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ» (Матфейы 10:5–7). Ӕмӕ ныр та йӕ хъарутӕ сарӕзта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Иудейӕйы дӕр фехъуыстаиккой.

Фыццаг уал йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй 70 адӕймаджы равзӕрста ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста. Уал хъусынгӕнӕджы хъусын кодтой Иудейӕйы – уым «кӕрдинаг, бӕгуыдӕр, бирӕ уыди, кусджытӕ та – гыццыл» (Лукайы 10:2). Уыдон хъуамӕ Йесойы разӕй ацыдаиккой, йӕхӕдӕг кӕдӕм уыди цӕуинаг, уыцы рӕттӕм. 70 ахуыргӕнинаджы рынчынты дзӕбӕх кодтой ӕмӕ хъусын кодтой, Йесо цы хабар хъусын кодта, уый.

Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмы ӕмбырдгӕнӕнты нӕ ахуыр кодтой. Йесо сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цыдаиккой. Загъта сын: «Цы хӕдзармӕ-иу бацӕуат, уым-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“ Ӕмӕ кӕд уыцы хӕдзары... фарнуарзаг адӕймаг уа, уӕд... уӕ фарнӕй фӕхайджын уыдзӕн». Ӕмӕ сын хъусын та цӕй тыххӕй хъуамӕ кодтаиккой? Йесо сын загъта: «Се ’ппӕтӕн дӕр дзурут: „Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг“» (Лукайы 10:5–9).

Йесо иу азы размӕ йӕ 12 апостолӕн цы амындтӕ радта, уыцы 70 ахуыргӕнинагӕн дӕр ахӕм амындтӕ радта. Рагацау сын загъта, алчи сӕм кӕй нӕ хъусдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд. Кӕмыты хъусын кодтой, уырдӕм гыццыл фӕстӕдӕр ӕрцыд Хицау Йесо, ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм йе ’рцыдмӕ цӕттӕ уыдысты. Бирӕты дзы бафӕндыд йемӕ фембӕлын ӕмӕ фылдӕр базонын.

Цасдӕры фӕстӕ 70 хъусынгӕнӕджы Йесомӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ дзырдтой: «Хицау, дӕ ном куы сдзурӕм, уӕд хӕйрӕджытӕ дӕр нӕ коммӕ бакӕсынц». Уыцы ныхӕстӕ фехъусын Йесойӕн куыд ӕхсызгон уыди, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Ӕз федтон, арвӕрттывд куыд вӕййы, афтӕ Сайтан арвӕй куыд ӕрхауд. Ӕз уын радтон уыцы хъомыс, цӕмӕй кӕлмытӕ ӕмӕ скорпионты уӕ къӕхты бын ссӕндат» (Лукайы 10:17–19).

Афтӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕлмытау ӕмӕ скорпионтау зиан цыдӕриддӕр хӕссы, уыдӕттыл сӕ бар кӕй цӕудзӕн. Стӕй ма сӕ бон уыд фидарӕй ӕууӕндын, фидӕны Сайтан Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл дӕр. Йесо ма йӕ 70 ахуыргӕнинагӕн ноджыдӕр бамбарын кодта, ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уый. Загъта сын: «Дӕлимонтӕ уӕ коммӕ кӕй кӕсынц, ууыл ма цин кӕнут – цин кӕнут, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл» (Лукайы 10:20).

Йесойӕн йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг, ӕмӕ йӕ Фыды кадджын кӕнын райдыдта, йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджыты къухӕй ахӕм хъомысджын хъуыддӕгтӕ кӕй аразы, уый тыххӕй. Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Амондджын сты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ чи уыны. Зӕгъын уын: пехуымпартӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй бирӕтӕ бӕллыдысты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ фенынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ федтой, ӕмӕ сымах цытӕ хъусут, уыдӕттӕ фехъусынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой» (Лукайы 10:23, 24).