Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

75 СӔР

Ӕмбарын кӕны, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Ӕмбарын кӕны, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

ЛУКАЙЫ 11:14–36

  • АДӔМӔЙ ХӔЙРӔДЖЫТЫ СЫРДТА «ХУЫЦАУЫ ӔНГУЫЛДЗӔЙ»

  • ӔЦӔГ АМОНД ЦӔМӔЙ КӔНГӔ У?

Гыццыл раздӕр Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн ногӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кувын куыд хъӕуы, уый. Фӕлӕ зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ ӕрмӕст кувыны тыххӕй нӕ дзырдта цалдӕр хатты. Галилейӕйы диссӕгтӕ куы арӕзта, уӕд дзы дзырдтой, уыцы диссӕгтӕ, дам, хӕйрӕджыты ӕлдары хъаруйӕ аразы. Ӕмӕ та дзы ныр афтӕ дзырдтой Иудейӕйы дӕр.

Йесо иу лӕгӕй, адӕймаджы ӕгомыг чи кӕны, ахӕм дӕлимоны куы расырдта, уӕд адӕм дисы бафтыдысты. Фӕлӕ, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон ӕй фӕаххосджын кодтой: «Ай хӕйрӕджыты суры хӕйрӕджытӕн се ’лдар Велзевулы хъаруйӕ» (Лукайы 11:15). Иннӕты та хъуыди бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо чи у, уымӕн, ӕмӕ дзы куырдтой, уӕларвӕй нын диссаг равдис, зӕгъгӕ.

Йесо ӕмбӕрста, къахгӕ йӕ кӕй кӕнынц. Ӕмӕ, Галилейӕйы йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн цы дзуапп радта, ахӕм дзуапп радта адонӕн дӕр. Загъта, зӕгъгӕ, кӕцыфӕнды паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа, уӕд фесӕфдзӕн. Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Ӕмӕ кӕд Сайтан дӕр йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ сси, уӕд йӕ паддзахад куыд фӕлӕудзӕн?» Уый фӕстӕ сын комкоммӕ загъта: «Фӕлӕ кӕд ӕз хӕйрӕджыты Хуыцауы тыхӕй [«Хуыцауы ӕнгуылдзӕй», фиппаинаг] сурын, уӕд уӕ Хуыцауы паддзахад ӕцӕгдӕр ӕрӕййӕфта» (Лукайы 11:18–20).

Йесо «Хуыцауы ӕнгуылдзы» кой куы скодта, уӕд йӕ ныхасмӕхъусджытӕн хъуамӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаиккой, Израилы адӕмыл кӕддӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Зӕгъӕм, фараоны фӕсдзӕуинтӕ, Моисей цы диссаг сарӕзта, уый куы федтой, уӕд загътой: «Уый Хуыцауы ӕнгуылдз у!». Стӕй Дӕс фӕдзӕхсты дӕр дыууӕ къӕйдурыл «Хуыцауы ӕнгуылдзӕй» фыст ӕрцыдысты (Рацыд 8:19, фиппаинаг; 31:18, фиппаинаг). Ӕмӕ Йесо дӕр хӕйрӕджыты сырдта ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кодта «Хуыцауы ӕнгуылдзӕй», ома Хуыцауы сыгъдӕг тыхы, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхы, фӕрцы. Уӕдӕ, Йесойы ныхмӕ чи цыд, уыдоны Хуыцауы Паддзахад ӕцӕгдӕр ӕрӕййӕфта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый, ома Йесо, сӕ разы уыд ӕмӕ уыцы диссӕгтӕ сӕ цӕстыты раз арӕзта.

Йӕ галуан ӕд хӕцӕнгарз чи хъахъхъӕдта, уыцы тыхджын лӕгмӕ йӕхицӕй тыхджындӕр куыд бабырста ӕмӕ йыл куыд фӕуӕлахиз, афтӕ Йесо дӕр уыди Хӕйрӕгӕй тыхджындӕр, ӕмӕ уый бӕрӕг уыд, адӕмӕй дӕлимонты кӕй сырдта, уымӕй. Йесо ма ногӕй радзырдта, уымӕй размӕ, дӕлимон кӕмӕй рацыд, уыцы адӕймаджы тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уый дӕр. Дӕлимоны фӕстӕ цы афтид бынат баззад, уый уыцы адӕймаг хорз хъуыддӕгтӕй куы нӕ байдзаг кӕна, уӕд дӕлимон йемӕ ракӕндзӕн ноджыдӕр авд дӕлимоны ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ уавӕр, цы уыди, уымӕй ноджы фӕфыддӕр уыдзӕн (Матфейы 12:22, 25–29, 43–45). Ӕмӕ Израилы адӕмӕн сӕ хабар раст афтӕ рауад.

Йесойы ныхӕстӕ иу сылгоймаджы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ загъта: «Цы амондджын у, дӕу йӕ гуыбыны чи хаста ӕмӕ дын дзидзи чи дардта, уыцы мад!» Алы дзуттаг сылгоймаг дӕр бӕллыд, пехуымпары мад уыдаид, уымӕ, ӕмӕ уӕлдайдӕр та – Мессийӕйы мад. Уӕдӕ уыцы сылгоймаг, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, ӕмӕ Марийӕйӕ амондджындӕр сылгоймаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ фырт ахӕм диссаджы ахуыргӕнӕг уыди. Фӕлӕ Йесо уыцы сылгоймагӕн бамбарын кодта, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый раст кӕй не ’мбӕрста. Загъта йын: «Нӕ, амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лукайы 11:27, 28). Йесо йӕ мад Марийӕйы тыххӕй афтӕ никуы загъта, ӕмӕ йын уӕлдай кад хъуамӕ кӕной. Адӕймагӕн йӕ хион, йӕ къабаз чи у кӕнӕ йын цы бантыст, амонд уымӕй кӕнгӕ нӕу. Алы адӕймаг дӕр – фӕнды нӕлгоймаг уа, фӕнды сылгоймаг – ӕцӕг амондджын уӕд уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕна.

Йесо Галилейӕйы цӕрджытӕн куыд бауайдзӕф кодта, афтӕ бауайдзӕф кодта ам дӕр, уӕларвӕй дзы диссаг чи куырдта, уыдонӕн. Загъта сын, «Ионӕйы диссагӕй уӕлдай» иу диссаг дӕр кӕй нӕ фендзысты. Ионӕ хабар уыди диссаг, ӕртӕ боны кӕсаджы хуылфы кӕй фӕци, уымӕй дӕр ӕмӕ, ниневиӕгтӕн ныфсджынӕй кӕй хъусын кодта, уымӕй дӕр. Уый фӕрцы ниневиӕгтӕ сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой. Дарддӕр Йесо загъта: «Ӕмӕ ам та ис, Ионӕйӕ дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (Лукайы 11:29–32). Йесо уыди, хуссайраг ус-паддзах кӕй зондмӕ байхъусынмӕ ӕрцыд, уыцы Соломонӕй дӕр уӕлдӕр.

Йесо ма йӕ ныхасмӕ ноджыдӕр бафтыдта: «Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ кӕмдӕр нӕ бамбӕхсы кӕнӕ йӕ барӕн къусӕй нӕ ӕрӕмбӕрзы, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл» (Лукайы 11:33). Ацы ныхӕстӕй йӕ, чи зоны, уый зӕгъын фӕндыди, ӕмӕ уыцы адӕмӕн истытӕ амонын ӕмӕ сӕ разы диссӕгтӕ аразын цырагъы рухс ӕмбӕхсынӕй уӕлдай кӕй нӕ уыди. Сӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ не ’мбӕрстой, уыцы диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта, уый.

Йесо сӕ тӕккӕ раз, ӕгомыг чи уыд, иу ахӕм лӕгӕй дӕлимоны расырдта, ӕмӕ лӕг дзыхӕй сдзырдта. Уыцы адӕмӕн сӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уыдаид, уӕд Йегъовӕ Хуыцауы куыннӕ хъуамӕ скадджын кодтаиккой ӕмӕ, цы сарӕзта, уый иннӕтӕн дӕр куыннӕ хъуамӕ дзырдтаиккой. Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕ хъуыдыйаг уыдысты, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн. Загъта сын: «Гъемӕ уӕдӕ дӕхимӕ кӕс. Кӕд, мыййаг, дӕ мидӕг цы рухс ис, уый талынг у. Уӕдӕ кӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр рухс у ӕмӕ дзы талынгӕй ӕппындӕр ницы ис, уӕд ӕнӕхъӕнӕй дӕр афтӕ рухс уыдзӕн, раст дӕм цыма цырагъы рухс кӕлы» (Лукайы 11:35, 36).