Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

76 СӔР

Фарисеймӕ уазӕгуаты

Фарисеймӕ уазӕгуаты

ЛУКАЙЫ 11:37–54

  • ЙЕСО ЦӔСТМӔХЪУС ФАРИСЕЙТӔН БАУАЙДЗӔФ КОДТА

Йесо ма Иудейӕйы уыди, ӕмӕ йӕ уым иу фарисей сӕхимӕ фӕхуыдта. Ӕвӕццӕгӕн ӕй сихормӕ фӕхуыдта, ӕхсӕвӕрмӕ нӕ, фӕлӕ (Лукайы 11:37, 38; абар Лукайы 14:12). Хӕрды размӕ фарисейтӕ, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, сӕ къухтӕ рӕмбыныкъӕдзты онг ныхсадтой. Фӕлӕ сӕ Йесо нӕ ныхсадта (Матфейы 15:1, 2). Адӕймаг йӕ къухтӕ уый онг куы ныхсадтаид, уӕд уымӕй Хуыцауы Закъон нӕ фехӕлдтаид. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн дӕр нӕ уыди, ӕмӕ Хуыцау йӕ адӕмӕй уый домдта.

Йесо уыцы ӕгъдауы сӕрты кӕй ахызт, уый фарисеймӕ диссаг фӕкаст. Йесо уый бафиппайдта ӕмӕ загъта: «Сымах, фарисейтӕ, къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ ныссыгъдӕг кӕнут, уӕ зӕрдӕты мидӕг та, кӕй бастигъат ӕмӕ цы ӕвзӕрдзинад ракӕнат, ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыдытӕ ис. Куыд ӕнӕмбаргӕ стут! Ӕддейӕ цы ис, уый чи сфӕлдыста, мидӕгӕй цы ис, уый дӕр уый не сфӕлдыста?» (Лукайы 11:39, 40).

Хӕрды размӕ къухтӕ ӕхсын кӕй хъӕуы, дзырд ууыл нӕ цыди, фӕлӕ йӕ бӕллӕх уый уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цӕстмӕ митӕ кодтой. Фарисейтӕ ӕмӕ иннӕтӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ ӕхсын нӕ рох кодтой, фӕлӕ сӕ сӕ зӕрдӕтӕ ӕвзӕрдзинадӕй ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъуыд, уый та сӕм нымады дӕр нӕ уыди. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо хорз уынаффӕ радта: «Уӕ зӕрдӕты мидӕг цы ис, уымӕй мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнут, ӕмӕ уӕм уӕд алцыдӕр уыдзӕн сыгъдӕг» (Лукайы 11:41). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ нӕу? Адӕймаг иннӕтӕн хорздзинад хъуамӕ уый тыххӕй ма араза, цӕмӕй йӕхи равдиса, ӕз рӕстгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цы дӕтты, уый хъуамӕ дӕтта сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.

Афтӕ зӕгъӕн нӕ уыди, ӕмӕ, уым чи уыд, уыдон ӕппындӕр ницы лӕвӕрдтой. Йесо сын загъта: «Битъына, рутӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон кӕрдӕджытӕй дӕсӕм хай дӕттут, рӕстдзинад ӕмӕ Хуыцауы уарзын та уӕм нымады дӕр нӕу. Дӕсӕм хай дӕттын уӕ хӕс уыд, фӕлӕ уӕ адӕттӕ дӕр рох кӕнын нӕ хъуыд» (Лукайы 11:42). Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ, израилӕгтӕ хъуамӕ дӕсӕм хай лӕвӕрдтаиккой, сӕ зӕххыл-иу цы ӕрзадаид, уымӕй (Дыккаг закъон 14:22). Дӕсӕм хай сӕ дӕттын хъуыди, зӕгъӕм, битъына ӕмӕ рутӕйӕ дӕр, хӕринагыл кӕй кодтой, ахӕм кӕрдӕджытӕй. Гъемӕ фарисейтӕ уыцы кӕрдӕджытӕй алкӕцыйӕ дӕр, куыд ӕмбӕлди, афтӕ дӕсӕм хай лӕвӕрдтой. Фӕлӕ цы зӕгъӕн уыд Закъоны ахсджиагдӕр фӕдзӕхстытӕй та, зӕгъӕм, рӕстӕй кӕй хъуамӕ архайдтаиккой ӕмӕ Хуыцауы раз бонзонгӕ кӕй хъуамӕ уыдаиккой, уымӕй? (Михей 6:8).

Йесо дарддӕр загъта: «Додой уӕ къона, фарисейтӕ! Сымах уарзут ӕмбырдгӕнӕнты разӕй бадын, стӕй уын цӕмӕй базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой. Додой уӕ къона! Сымах стут, чи нал зыны, ахӕм ингӕнты хуызӕн – адӕм сыл рацу-бацу кӕнынц, зонгӕ та йӕ нӕ кӕнынц» (Лукайы 11:43, 44). Ӕцӕгдӕр, афтӕ-иу уыди, ӕмӕ-иу адӕм ахӕм ингӕнтыл сӕ къах скъуырдтой, ӕмӕ-иу ӕгъдаумӕ гӕсгӕ фӕчъизи сты. Уыцы цӕвиттоны фӕрцы Йесо ирдӕй равдыста, фарисейтӕн сӕ зӕрдӕты чъизитӕ ӕддӕмӕ кӕй нӕ зындысты (Матфейы 23:27).

Уӕд, Хуыцауы Закъон хорз чи зыдта, уыдонӕй сӕ иу бахъуыр-хъуыр кодта: «Ахуыргӕнӕг, афтӕ кӕй зӕгъыс, уымӕй мах дӕр ӕфхӕрыс». Фӕлӕ Йесо мӕнгӕй ницы загъта – уыцы дины разамонджытӕ адӕмӕн не ’ххуыс кодтой, ӕмӕ сӕ ууыл хъуыди басӕттын. Йесо сын загъта: «Додой уӕ къона сымахӕн дӕр, Закъон хорз чи зоны! Адӕмыл ӕвӕрут уӕззау уӕргътӕ, уӕхӕдӕг та сӕм уе ’нгуылдзӕй дӕр не ’вналут. Додой уӕ къона! Сымах, уӕ фыдӕлтӕ кӕй амардтой, уыцы пехуымпартӕн зӕппӕдзтӕ аразут» (Лукайы 11:45–47).

Цымӕ Йесо цавӕр уӕргъты кой кодта? Уыцы уӕргътӕ уыдысты адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ, фарисейтӕ Закъон куыд ӕмбарын кодтой, уый. Адӕмӕн цӕрын куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодтой. Уый бӕсты алкӕмӕй дӕр домдтой, уӕззау уаргъы хуызӕн чи сси, уыцы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын. Авелы замантӕй фӕстӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ мардтой Хуыцауы ӕрвыст пехуымпарты. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ фыдӕлтӕй фӕстӕ нӕ лӕууыдысты, кӕд пехуымпартӕн зӕппӕдзтӕ арӕзтой ӕмӕ сӕхи афтӕ ӕвдыстой, цыма сын кад кӕнынц, уӕддӕр. Хуыцауы стырдӕр Пехуымпары дӕр ма марынмӕ хъавыдысты. Уӕдӕ уыцы фӕлтӕрӕй Хуыцау дзуапп куыннӕ хъуамӕ ӕрдомдтаид! Ӕмӕ сӕ домгӕ дӕр ӕркодта. Уый уыди иу-38 азы фӕстӕдӕр, н. э. 70 азы.

Дарддӕр Йесо загъта: «Додой уӕ къона, Закъон хорз чи зоны! Сымах зонындзинӕдты дӕгъӕл уӕхи бакодтат. Уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут, ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыд, уыдоны дӕр нӕ бауагътат» (Лукайы 11:52). Дины разамонджытӕ хъуамӕ адӕмӕн Хуыцауы Ныхас ӕмбарын кодтаиккой, фӕлӕ сӕ уыдон уыцы фадатӕй ӕнӕхай фӕкодтой.

Фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ Йесойы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты? Тынг смӕсты сты, ӕмӕ Йесо фарисейы хӕдзарӕй куы рацыд, уӕд ыл амбырд сты ӕмӕ йӕ фарстаты бын фӕкодтой. Уый тыххӕй йӕ нӕ фарстой, ӕмӕ сӕ фылдӕр базонын фӕндыд. Гӕппӕввонгӕй йӕм лӕууыдысты, зӕгъгӕ, кӕд ахӕм исты зӕгъид, ӕмӕ йӕ уый ӕфсонӕй ӕрцахсиккам.