Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

80 СӔР

Хорз Фыййау ӕмӕ фысты кӕртытӕ

Хорз Фыййау ӕмӕ фысты кӕртытӕ

ИОАННЫ 10:1–21

  • ЙЕСО ДЗУРЫ ХОРЗ ФЫЙЙАУ ӔМӔ ФЫСТЫ КӔРТЫТЫ ТЫХХӔЙ

Йесо адӕмы дарддӕр ахуыр кодта Иудейӕйы ӕмӕ сын сӕ хъус ӕрдардта, хорз цы зыдтой, уымӕ – фыстӕм ӕмӕ фысдӕттӕм, кӕнӕ фысты кӕртытӕм. Фӕлӕ Йесо ӕнӕуи фысты кой нӕ кодта. Йесомӕ хъусгӕйӕ дзуттӕгтӕн, чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Давиды ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн. Кӕрдӕгджын хизӕнты мӕ ӕрхуыссын кӕны» (Псалом 23:1, 2). Ӕндӕр псаломзарӕггӕнӕг та йӕ адӕмы разӕнгард кодта: «Нӕ зонгуытыл ӕрлӕууӕм Йегъовӕйы раз, не Скӕнӕджы раз. Уый у нӕ Хуыцау, мах та стӕм йӕ адӕм, кӕй хизы ӕмӕ кӕуыл тыхсы, уыцы фыстӕ» (Псалом 95:6, 7). Уӕдӕ израилӕгтӕ сӕхи Закъоны дӕлбар куы бакодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ барст цыдысты фысты дзугимӕ.

Уыцы «фыстӕ» уыдысты «фысдоны». Дзуттӕгтӕ Моисейы закъонимӕ баст бадзырды дӕлбар кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы «фысдоны» райгуырдысты. Моисейы закъон сӕ къулау хъахъхъӕдта, уымӕн ӕмӕ сӕ хызта, Закъоны дӕлбар чи нӕ уыд, уыцы адӕмты хӕлд ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕй. Фӕлӕ Израилы адӕмӕй чидӕртӕ Хуыцауы дзуг тухӕнӕй мардтой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: фысдонмӕ дуарыл чи нӕ бацӕуы, фӕлӕ ӕндӕр кӕуылдӕрты чи бабыры, уый у давӕг ӕмӕ абырӕг. Дуарыл чи бацӕуы, уый та у фыстӕн сӕ фыййау» (Иоанны 10:1, 2).

Дзуттӕгтӕ Хуыцауы фыстыл нымад кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ адӕм, чи зоны, ахъуыды кодтой, йӕхи Мессийӕ, ома Чырысти, чи хуыдта, уыцы адӕймӕгтыл. Уыдон давджытӕ ӕмӕ абырджытӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Ӕмӕ адӕм хъуамӕ ахӕм цӕстфӕлдахджыты фӕдыл ма цыдаиккой – хъуамӕ цыдаиккой «фыстӕн сӕ фыййауы» фӕдыл. Уыцы фыййауы тыххӕй Йесо загъта:

«Фыййауӕн дуаргӕс дуар бакӕны, ӕмӕ фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕсмӕ. Уый йӕ фыстӕм сӕ номӕй фӕдзуры ӕмӕ сӕ ӕддӕмӕ ракӕны. Йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд сӕ разӕй ацӕуы, уыдон та фӕцӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц. Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та ницы хуызы ацӕудзысты, фӕлӕ дзы алидздзысты, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ хъӕлӕс нӕ зонынц» (Иоанны 10:3–5).

Уымӕй размӕ Аргъауӕг Иоанн, цыма дуаргӕс уыди, уыйау Йесомӕ бацамыдта, зӕгъгӕ, Закъоны дӕлбар чи уыд, уыцы фыстӕ уый фӕдыл хъуамӕ цӕуой. Ӕмӕ Галилейӕйы, стӕй ам дӕр, Иудейӕйы, фыстӕй чидӕртӕ Йесойы хъӕлӕс ӕцӕгдӕр базыдтой. Фӕлӕ сӕ Йесо «ӕддӕмӕ» кӕдӕм хъуамӕ ракодтаид? Ӕмӕ йӕ фӕдыл куы цыдаиккой, уӕд сын уый цы радтаид? Уыцы цӕвиттон чи фехъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ дисы бафтыдысты, уымӕн ӕмӕ йын «йӕ ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой» (Иоанны 10:6).

Йесо сын бамбарын кодта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕз дӕн фыстӕн дуар. Мӕн ӕфсон чи ’рцыд, уыдон иууылдӕр сты давджытӕ ӕмӕ абырджытӕ, фӕлӕ фыстӕ уыдонмӕ нӕ хъуыстой. Ӕз дӕн дуар. Мидӕмӕ мӕн уылты чи бахиза, уый фервӕздзӕн. Уый мидӕмӕ дӕр бацӕудзӕн, ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр рацӕудзӕн, ӕмӕ ссардзӕн хизӕнуат» (Иоанны 10:7–9).

Бӕрӕг у, Йесо ам ног хъуыды кӕй загъта. Моисейы закъоны бадзырд бирӕ ӕнусты размӕ арӕзт ӕрцыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхасмӕхъусджытӕ зыдтой, Йесо уыцы бадзырдмӕ кӕнӕг «дуар» кӕй нӕу. Уӕдӕ Йесо фысты ӕддӕмӕ уый тыххӕй «ракӕны», цӕмӕй сӕ ӕндӕр кӕртмӕ бакӕна. Цымӕ сын уый цы пайда у?

Йесо бӕстондӕр бамбарын кодта, цы саразинаг уыд, уый: «Ӕз... уый тыххӕй ӕрцыдтӕн, цӕмӕй фыстӕ цардӕй хайджын уой ӕмӕ цардӕй бафсӕдой. Ӕз дӕн хорз фыййау. Ӕмӕ хорз фыййау йӕ уд дӕтты фысты сӕрвӕлтау» (Иоанны 10:10, 11). Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгты уымӕй размӕ дӕр ныфс бауагъта: «Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лукайы 12:32). Уӕдӕ Йесо ног кӕртмӕ бакӕндзӕн, «гыццыл дзугмӕ» чи хауы, уыдоны, цӕмӕй «цардӕй хайджын уой ӕмӕ цардӕй бафсӕдой». Уыцы дзугӕй уай, уый стыр арфӕдзинад куыннӕ у!

Фӕлӕ Йесо йӕ ныхас ууыл нӕ фӕци. Дарддӕр ма загъта: «Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр – уыдон ацы кӕртӕй не сты. Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау» (Иоанны 10:16). Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕндӕр фыстӕ «ацы кӕртӕй не сты». Уӕдӕ, уӕларвон Паддзахад бынӕн чи райсдзӕн, уыцы «гыццыл дзуг» кӕм уыдзӕн, уыцы кӕртӕй уӕлдай ма хъуамӕ уа ӕндӕр кӕрт дӕр. Дыууӕ кӕрты, кӕнӕ фысдоны, чи ис, уыдонӕн сӕ фидӕн дӕр алыхуызон у. Фӕлӕ, Йесо цы сарӕзта, уый стыр пайда хӕссы дыууӕ кӕрты фыстӕн дӕр. Йесо афтӕ загъта: «Мӕ Фыд мӕ уый тыххӕй уарзы, ӕмӕ мӕ цард нывондӕн дӕттын» (Иоанны 10:17).

Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ бирӕтӕ загътой: «Ай хӕйрӕджджын цыдӕр у, йӕ сӕрызонд фӕцыд». Фӕлӕ иннӕтӕ та ӕргом равдыстой, Хорз Фыййаумӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусынц ӕмӕ сӕ йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды. Загътой: «Уыдон хӕйрӕджджыны ныхӕстӕ не сты. Хӕйрӕджытӕн кӕцӕй у сӕ бон куырмыты цӕстӕй ракӕсын кӕнын!» (Иоанны 10:20, 21). Уымӕй размӕ Йесо сдзӕбӕх кодта, куырмӕй чи райгуырд, ахӕм адӕймаджы, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый кой кодтой.