Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

81 СӔР

Йесо ӕмӕ йӕ Фыд иу цы хуызы сты?

Йесо ӕмӕ йӕ Фыд иу цы хуызы сты?

ИОАННЫ 10:22–42

  • «ӔЗ ӔМӔ МӔ ФЫД ИУ СТӔМ»

  • ЙЕСО ӔМБАРЫН КӔНЫ, ХУЫЦАУ КӔЙ НӔУ

Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ Кувӕндон нывонд кӕныны бӕрӕгбонмӕ (Ханука). Уыцы бӕрӕгбон кодтой, кувӕндон ногӕй арӕзт кӕй ӕрцыд, уый номыл. Иу ӕнусӕй фылдӕры размӕ Сирийы паддзах Антиох IV (Эпифан), Хуыцауы кувӕндоны цы стыр нывондхӕссӕн уыд, уый сӕрыл ӕндӕр нывондхӕссӕн сарӕзта. Фӕстӕдӕр дзуттаг сауджыны фырттӕ Иерусалим фӕстӕмӕ байстой ӕмӕ кувӕндон ногӕй Йегъовӕйӕн снывонд кодтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы хабар алы аз дӕр бӕрӕг кӕнынц кислевы мӕйӕн йӕ 25 бон. Абон кислевы мӕй хауы ноябры кӕронмӕ ӕмӕ декабры райдианмӕ.

Зымӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уазал уыд, ӕмӕ Йесо кувӕндоны Соломоны тыргъы рацу-бацу кодта. Уым дзуттӕгтӕ йӕ алыварс амбырд сты ӕмӕ йӕ бакъуымы кодтой: «Тухӕнӕй ма нӕ бирӕ мардзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй комкоммӕ зӕгъ» (Иоанны 10:22–24). Цымӕ Йесо куыд бакодта? Дзуапп сын радта: «Загътон уын ӕй, фӕлӕ сымах уӕддӕр нӕ уырны». Чырысти кӕй у, уый цъайы раз самариаг сылгоймагӕн куыд загъта, адонӕн ӕй афтӕ комкоммӕ нӕ загъта (Иоанны 4:25, 26). Фӕлӕ сӕ уӕддӕр, чи у, уый бынтон нӕ басусӕг кодта. Загъта сын: «Ӕз уыдтӕн, Авраам куы нӕма райгуырд, уӕд дӕр» (Иоанны 8:58).

Йесойы фӕндыд, цӕмӕй адӕм сӕхӕдӕг бамбӕрстаиккой, Чырысти кӕй у. Уый тыххӕй та, цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон хъуамӕ абарстаиккой, Чырыстийы тыххӕй бирӕ раздӕр цы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыд, уыдонимӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр-иу уый тыххӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй, Мессийӕ кӕй уыд, уый макӕмӕн дзырдтаиккой. Фӕлӕ йӕм знаджы цӕстӕй чи каст, уыцы дзуттӕгтӕн ацы хатт ӕргом загъта: «Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон мын сты ӕвдисӕн. Фӕлӕ мыл сымах не ’ууӕндут» (Иоанны 10:25, 26).

Цымӕ, Йесо Мессийӕ кӕй уыд, ууыл цӕуылнӕ ӕууӕндыдысты? Йесо уый афтӕ бамбарын кодта: «Сымах не ’ууӕндут, уымӕн ӕмӕ мӕ фыстӕй не стут. Мӕ фыстӕ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ сӕ ӕз зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц мӕ фӕдыл. Ӕз сын ратдзынӕн ӕнусон цард, ӕмӕ уыдон никуы фесӕфдзысты, ӕмӕ сӕ мӕ къухӕй ничи аскъӕфдзӕн. Мӕ Фыд мын кӕй радта, уыдон сты ӕппӕтӕй зынаргъдӕр». Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта, йӕ Фыдимӕ куыд ӕнгом уыд, уый тыххӕй: «Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд ӕмвӕндӕй архайӕм». Ацы ныхӕстӕ ӕндӕр тӕлмацы сты афтӕ: «Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм» (Иоанны 10:26–30). Уыцы рӕстӕг Йесо зӕххыл уыди, йӕ Фыд та – уӕлӕрвты, ӕмӕ уӕдӕ уый зӕгъынмӕ нӕ хъавыд, ӕмӕ комкоммӕ иу сты. Йӕ Фыдимӕ иу уыцы хуызы сты, ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр архайынц ӕмвӕндӕй.

Йесойы ныхӕстӕм дзуттӕгтӕ афтӕ смӕсты сты, ӕмӕ та дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй йӕ амардтаиккой. Фӕлӕ сӕ Йесо нӕ фӕтарст. Загъта сын: «Мӕ Фыд мын кӕй бахӕс кодта, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын бирӕ равдыстон. Ӕмӕ мӕ дзы кӕцыйы тыххӕй марут дуртӕй?» Уыдон та йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕ нӕ марӕм, фӕлӕ Хуыцауы кӕй фауыс... дӕхицӕй хуыцау кӕй аразыс, уый тыххӕй» (Иоанны 10:31–33). Йесо йӕхи хуыцау никуы хуыдта. Уӕдӕ йын афтӕ цӕмӕн загътой?

Йесо дзырдта, кӕй йӕм ис, дзуттӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ чи ис, ахӕм хъару. Зӕгъӕм, «фысты» тыххӕй загъта, «ӕз сын ратдзынӕн ӕнусон цард», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый та иунӕг адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу (Иоанны 10:28). Фӕлӕ дзуттӕгтӕ ферох кодтой иу хъуыддаг: Йесо ӕргом дзырдта, уыцы бартӕ ӕмӕ йын уыцы хъару йӕ Фыд кӕй радта.

Йесо, чи йӕ аххосджын кодта, уыдонӕн ӕрхаста Псаломы 82:6 стихы фыст ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Уӕ Закъоны афтӕ фыст нӕй, зӕгъгӕ, „ӕз загътон: „Сымах стут хуыцӕуттӕ“? Кӕд, Хуыцауы ныхас кӕй ныхмӕ дзуры, уыдоны Хуыцау „хуыцӕуттӕ“ схуыдта... уӕд мӕнӕн, Фыд кӕй равзӕрста ӕмӕ дунемӕ кӕй рарвыста, уыцы адӕймагӕн, Хуыцауы Фырт дӕн, зӕгъгӕ, кӕй загътон, уый тыххӕй афтӕ куыд зӕгъут: „Хуыцауы фауыс“?» (Иоанны 10:34–36).

Ӕцӕгдӕр, Фыстад «хуыцӕуттӕ» хоны суанг зӕххон тӕригъӕдджын тӕрхонгӕнджыты дӕр. Ӕмӕ уӕд дзуттӕгтӕ Йесойы цӕмӕн аххосджын кодтой, афтӕ кӕй загъта, «Хуыцауы Фырт дӕн», зӕгъгӕ, уый тыххӕй? Йесо сын дарддӕр цы загъта, уый фӕрцы йыл хъуамӕ ӕнӕмӕнг баууӕндыдаиккой: «Кӕд мӕ Фыды хъуыддӕгтӕ нӕ аразын, уӕд мыл ма ӕууӕндут. Фӕлӕ сӕ кӕд аразын, уӕд уыцы хъуыддӕгтыл ӕууӕндут, кӕд мын мӕхиуыл не ’ууӕндут, уӕддӕр, цӕмӕй йӕ базонат ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ дӕр зонат, мӕ Фыд мемӕ иудзинады кӕй ис, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн» (Иоанны 10:37, 38).

Дзуттӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд та Йесойы ӕрцахсынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ та сӕ къухӕй аирвӕзт. Уыйадыл Йесо Иерусалимӕй ацыд, Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызт ӕмӕ ӕрцыд, иу-цыппар азы размӕ Иоанн адӕмӕн аргъуыд кӕм лӕвӕрдта, уырдӕм. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыди Галилейӕйы денджызы хуссар кӕронмӕ хӕстӕг.

Йесомӕ дуне адӕм ӕрбацыд ӕмӕ дзырдтой: «Иоанн иу диссаг дӕр нӕ сарӕзта, фӕлӕ ацы адӕймаджы тыххӕй цы загъта, уыдон иууылдӕр ӕцӕг сты» (Иоанны 10:41). Афтӕмӕй дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Йесойыл баууӕндыдысты.