Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

84 СӔР

Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны?

Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны?

ЛУКАЙЫ 14:25–35

  • ЧЫРЫСТИЙЫ АХУЫРГӔНИНАГ УАЙ, УЫЙ ӔНЦОН НӔУ

Йесо фарисейты хистӕртӕй сӕ иуы хӕдзары фынджы уӕлхъус бадгӕйӕ адӕмӕн бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта. Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ фӕндаг Иерусалиммӕ куы адарддӕр кодта, уӕд йемӕ цыди дуне адӕм. Цымӕ цӕмӕн? Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой, уый сӕ ӕцӕгдӕр фӕндыди? Уый тыххӕй сӕхи цӕмӕйфӕнды фӕцух кӕнынмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты?

Фӕндагыл сын Йесо цы загъта, уый фехъусгӕйӕ дзы чидӕртӕ, чи зоны, арвы цӕфау фесты. Загъта сын: «Мӕнмӕ чи ӕрцӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты ӕмӕ суанг йӕ уд дӕр мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы» (Лукайы 14:26). Фӕлӕ Йесойы бӕлвырдӕй цы зӕгъын фӕндыд?

Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ, йӕ фӕдылдзӕуӕг чи суа, уыдон хъуамӕ сӕ хиуӕтты мауал уарзой. Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ Йесойы сӕ хиуӕттӕй фылдӕр уарзой. Кӕннод уыдон дӕр уыдзысты, фӕсномыг ныхасы куывдмӕ кӕй фӕхуыдтой, фӕлӕ ус ӕрӕджы чи ракуырдта ӕмӕ уый тыххӕй чи не ’рбацыд, уыцы адӕймаджы хуызӕн (Лукайы 14:20).

Стӕй уый кой дӕр нӕ кодта, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ сӕ цардмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсой. Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕ йе ’цӕг фӕдылдзӕуӕг хъуамӕ йӕхи удӕй дӕр фылдӕр уарза ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уа. Уӕдӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый хуымӕтӕг хъуыддаг нӕу. Ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй – хъӕуы йыл лӕмбынӕг ӕмӕ бӕстон ахъуыды кӕнын.

Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи суа, уый ӕмбӕлдзӕн зындзинӕдтыл ӕмӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд дӕр ӕййафдзӕн. Йесо афтӕ дӕр уый тыххӕй загъта: «Йӕ хъизӕмӕртты хъӕд чи нӕ хӕссы ӕмӕ мӕ фӕдыл чи нӕ цӕуы, уый мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы» (Лукайы 14:27). Ӕцӕгдӕр, Чырыстийы ахуыргӕнинаг хъуамӕ йӕ Ахуыргӕнӕгау цӕттӕ уа фидисты ӕмӕ худинаджы уаргъ хӕссынмӕ. Йесо ма сын уый дӕр загъта, йе знӕгты къухӕй кӕй амӕлдзӕн.

Уымӕ гӕсгӕ, йемӕ Иерусалиммӕ чи цыди, уыцы адӕмы бӕстон хъуыди ахъуыды кӕнын, Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны, ууыл. Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбӕрстаиккой, уый тыххӕй сын Йесо ӕрхаста цӕвиттон: «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ? Кӕннод бындур куы ӕрӕвӕра, фӕлӕ йӕ йӕ бон кӕронмӕ саразын куы нӕ бауа, уӕд ӕй чи фена, уыдон ыл иууылдӕр худдзысты» (Лукайы 14:28, 29). Уӕдӕ уыцы адӕм, цалынмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ не суыдаиккой, уӕдмӕ хъуамӕ фидарӕй аскъуыддзаг кодтаиккой, уыцы зын хӕс сӕхимӕ райсынмӕ цӕттӕ уыдысты ӕви нӕ. Цӕмӕй ууыл ноджы лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кодтаиккой, уый тыххӕй ма сын Йесо ӕрхаста ноджыдӕр иу цӕвиттон:

«Иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ цӕуынвӕнд куы кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ иннӕтимӕ нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн, йӕ ныхмӕ дыууын мин ӕфсӕддонимӕ чи рацӕуы, уымӕн йӕ дӕс мин ӕфсӕддонимӕ йӕ бон исты бауыдзӕн бакӕнын ӕви нӕ? Кӕд йӕ бон нӕ уа, уӕд, цалынмӕ ма дард у, уӕдмӕ йӕм йӕ минӕвӕртты арвитдзӕн, бафидауӕм, зӕгъгӕ». Ӕмӕ стӕй йӕ хъуыды фӕтыхджындӕр кӕныны тыххӕй загъта: «Уӕдӕ уын зӕгъын: сымахӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый чи нӕ ныууадза, уый мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы» (Лукайы 14:31–33).

Йесо ацы ныхӕстӕ, йӕ фӕстӕ цы адӕм цыд, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ загъта. Чырыстийы чи базыдта, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ цӕттӕ уа афтӕ бакӕнынмӕ. Ома йӕ кӕд ӕцӕгдӕр фӕнды, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинаг уа, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уа, цыдӕриддӕр ӕм ис, ууыл йӕ къух сисынмӕ – йӕ исбоныл дӕр ӕмӕ суанг йӕ цардыл дӕр. Уӕдӕ уыцы хъуыддагыл хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, стӕй уый тыххӕй хъӕуы Хуыцаумӕ кувын.

Уый фӕстӕ Йесо дзурын райдыдта, йӕ зындгонд раныхасы цӕй кой скодта, уый тыххӕй, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сты «зӕххы цӕхх» (Матфейы 5:13). Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ цӕххы фӕрцы хойраг бирӕ куыд фӕлӕууы ӕмӕ куыд нӕ фесӕфы, афтӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ се ’гъдау ма фесӕфа. Йесойӕн зӕххыл лӕггад кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг нал баззад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Цӕхх, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз у. Фӕлӕ йӕ тых куы фесафа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ?» (Лукайы 14:34). Чи йӕм хъуыста, уыдон зыдтой, цӕхх-иу ӕндӕр минералтимӕ куы схӕццӕ, уӕд-иу дзы тых кӕй нал уыд ӕмӕ-иу кӕй ницӕмӕнуал бӕззыд.

Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдыл рагӕй чи цыд, уыдоны дӕр кӕй хъуыди сӕхиуыл кусын, цӕмӕй сӕ зӕрдӕты зынг ма ӕрмынӕг уыдаид. Кӕннод уыдон дӕр, йӕ тых кӕмӕн фесӕфт, ахӕм цӕххау ницӕмӕнуал бӕззыдаиккой ӕмӕ дунейы адӕмӕн хынджылӕггаг суыдаиккой. Ноджы хъуыдыйагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты аккаг нал уыдаиккой. Уый нӕ, фӕлӕ ма йын йӕ ном дӕр худинаг кодтаиккой. Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй сыл ахӕм хабар ӕрцыдаид, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Уӕдӕ, хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд» (Лукайы 14:35).