Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

89 СӔР

Иудейӕмӕ цӕугӕйӕ Перейы адӕмы ахуыр кӕны

Иудейӕмӕ цӕугӕйӕ Перейы адӕмы ахуыр кӕны

ЛУКАЙЫ 17:1–10 ИОАННЫ 11:1–16

  • ДОДОЙ ЙӔ КЪОНА, ИННӔТЫ ЧИ РӔДИЙЫН КӔНЫ, УЫМӔН

  • ХАТЫР КӔН ӔМӔ ДӔМ УЫРНЫНДЗИНАД УӔД

Йесо иуцасдӕр фӕци «Иорданы иннӕ фарс» – Перейы бӕстӕйы (Иоанны 10:40). Ӕмӕ ныр йӕ фӕндаг уыд хуссарырдӕм, Иерусалиммӕ.

Йесо фӕндагыл иунӕгӕй нӕ уыди. Йемӕ уыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, стӕй ма йемӕ цыд «бирӕ адӕм» ӕмӕ се ’хсӕн уыди хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр (Лукайы 14:25; 15:1). Уым ма уыди фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕй дӕр чидӕртӕ. Уыдон Йесойӕн йӕ алы ныхасмӕ ӕмӕ йӕ алы фезмӕлдмӕ дӕр гӕппӕввонгӕй лӕууыдысты, цӕмӕй йӕм исты фау ӕрхастаиккой. Гыццыл раздӕр Йесо радзырдта фӕсномыг ныхӕстӕ сӕфт фысы тыххӕй, сӕфт фырты тыххӕй ӕмӕ хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры тыххӕй. Ӕмӕ сын ныр, цӕуыл хъуыды кодтаиккой, уый куыннӕ уыди! (Лукайы 15:2; 16:14).

Ӕвӕццӕгӕн, фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ Йесомӕ фаутӕ кӕй хастой ӕмӕ йыл кӕй худтысты, уымӕ гӕсгӕ ныр йӕ ныхас аздӕхта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уымӕй размӕ Галилейӕйы цы ахсджиаг хъуыдытӕ дзырдта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ.

Зӕгъӕм, загъта: «Адӕмы цы рӕдийын кӕна, уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг уыдзӕн. Фӕлӕ додой йӕ къона, кӕй аххосӕй фӕзыной, уымӕн! [...] Уӕдӕ уӕхимӕ кӕсут. Де ’фсымӕр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ын бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныххатыр кӕн. Бон дӕ авд хатты дӕр куы фӕхъыг кӕна ӕмӕ дӕм авд хатты куы бацӕуа ӕмӕ дын куы зӕгъа, хатыр, фӕрӕдыдтӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕр ын хъуамӕ ныххатыр кӕнай» (Лукайы 17:1–4). Фӕстаг ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Петрӕн, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, Йесойы куыд фарста, уый, ме ’фсымӕрӕн авд хатты хъуамӕ ныббарон, зӕгъгӕ (Матфейы 18:21).

Цымӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон бауыдзӕн, куыд сын загъта, афтӕ кӕнын? Уыдон сӕ Ахуыргӕнӕгмӕ куы бахатыдысты, «бафтау нын нӕ уырнындзинадыл», зӕгъгӕ, уӕд сын загъта ахӕм ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уаид, уӕд мӕнӕ ацы сау тута бӕласӕн зӕгъиккат, дӕхи ӕд уидаг стон ӕмӕ денджызы ныссӕдз, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕ коммӕ бакӕсид» (Лукайы 17:5, 6). Ӕцӕгдӕр, адӕймагмӕ иу гыццыл уырнындзинад куы уа, уӕд дӕр ын стыр хъуыддӕгтӕ бантысдзӕн.

Уый фӕстӕ Йесо йӕ апостолтӕн сӕ хъус ӕрдардта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ сӕхимӕ раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсой, уымӕ. Загъта сын: «Искӕмӕн уӕ йӕ цагъар хуым куы кӕна кӕнӕ фос куы хиза ӕмӕ быдырӕй куы ӕрбаздӕха, уӕд ын цымӕ афтӕ зӕгъдзӕн: „Рӕвдздӕр рауай ӕмӕ фынгыл ӕрбад“? Нӕ, уый йын зӕгъдзӕн: „Ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, дӕ уӕлӕ раздарӕн ӕрбакӕн ӕмӕ, цалынмӕ ӕз фынгыл бадон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн, уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕрбаддзынӕ“. Цы йын бафӕдзӕхста, уый кӕй бакодта, уый тыххӕй дзы, мыййаг, бузныг фӕуыдзӕн? Афтӕ сымах дӕр, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхсынц, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах стӕм ницӕйаг цагъартӕ. Нӕ хӕс цы уыд, уый бакодтам“» (Лукайы 17:7–10).

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр хъуамӕ ӕмбара, царды фыццаг бынаты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ кӕй хъӕуы ӕвӕрын. Стӕй дзы хъуамӕ рох ма уа, Хуыцауӕн лӕггад кӕнай ӕмӕ йӕ бинонтӕй уай, уый стыр кад кӕй у.

Ӕвӕццӕгӕн, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йесомӕ ӕрбахӕццӕ Марийӕ ӕмӕ Марфӕйы ӕрвыст лӕг. Уыдон уыдысты Лазӕры хотӕ ӕмӕ цардысты Иудейӕйы, Вифанийы хъӕуы. Ӕрвыст лӕг рахабар кодта: «Хицау, ды кӕй уарзыс, уый рынчын у» (Иоанны 11:1–3).

Йесо, йе ’мбал Лазӕры тыхст рынчыны хабар куы фехъуыста, уӕд фырмӕтӕй не стыхст, фӕлӕ загъта: «Ацы низ мӕлӕтмӕ нӕу, фӕлӕ у Хуыцауы кадӕн, цӕмӕй уый фӕрцы скадджын уа Хуыцауы Фырт». Ӕмӕ, кӕм уыди, уым ма ноджыдӕр дыууӕ боны фӕци. Уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цомут ногӕй Иудейӕмӕ». Фӕлӕ уыдон нӕ разы кодтой: «Ахуыргӕнӕг, ӕрӕджы дӕр ма дӕ Иудейӕйы адӕм дуртӕй куы мардтой, уӕд та ногӕй уырдӕм цӕуыс?» (Иоанны 11:4, 7, 8).

Йесо сын дзуапп радта: «Боны мидӕг дыууадӕс сахаты рухс нӕ вӕййы? Боныгон чи цӕуы, уый йӕхи ницӕуыл скъуыры, уымӕн ӕмӕ уыны дунейы рухс. Ӕхсӕвыгон чи цӕуы, уый та йӕхи скъуыры, уымӕн ӕмӕ ис талынджы» (Иоанны 11:9, 10). Ацы ныхӕстӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йын Хуыцау зӕххыл лӕггад кӕнынӕн цы рӕстӕг радта, уый нӕма фӕци. Цыбыр рӕстӕг ма йын баззад, ӕмӕ йӕ иу минут дӕр дзӕгъӕлы сафын нӕ фӕндыд.

Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Не ’мбал Лазӕр бафынӕй, фӕлӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын йӕ ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ Лазӕр ӕнӕуи улӕфы ӕмӕ йӕхимӕ ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ загътой: «Хицау, кӕд бафынӕй, уӕд адзӕбӕх уыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард... Фӕлӕ цомут, ацӕуӕм ӕм» (Иоанны 11:11–15).

Ахуыргӕнинаг Фома ӕмбӕрста, Йесойӕн Иудейӕмӕ цӕуын тӕссаг кӕй у, уымӕн ӕмӕ йӕ уым марынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй йӕ фарсмӕ уыдаид, ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цомут мах дӕр, ӕмӕ йемӕ амӕлӕм» (Иоанны 11:16).