Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

90 СӔР

«Райгасдзинад ӕмӕ цард»

«Райгасдзинад ӕмӕ цард»

ИОАННЫ 11:17–37

  • ЛАЗӔРЫ МӔЛӔТЫ ФӔСТӔ ЙЕСО ВИФАНИМӔ ӔРЦЫД

  • «РАЙГАСДЗИНАД ӔМӔ ЦАРД»

Йесо Перейӕ рацыд ӕмӕ Вифанийы хъӕугӕронмӕ бахӕццӕ. Уыцы хъӕуӕй Иерусалимы хурыскӕсӕн фарсмӕ иу-ӕртӕ километры йеддӕмӕ нал уыди. Лазӕры хотӕ Марийӕ ӕмӕ Марфӕ се ’фсымӕры мӕлӕты фӕстӕ нырма тынг маст кодтой. Ӕмӕ сӕм адӕм цыдысты, цӕмӕй сын ныфсытӕ авӕрдтаиккой.

Уӕдмӕ Марфӕйӕн чидӕр фӕхабар кодта, Йесо ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ уайтагъд йӕ размӕ разгъордта. Марфӕ Йесойӕн загъта, ӕвӕццӕгӕн, ныр цыппар боны дӕргъы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хо дӕр цӕуыл хъуыды кодта, уый: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр ницыуал ныфс уыди. Марфӕ загъта: «Зонын: ды Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурай,– сӕххӕст ӕй кӕндзӕн» (Иоанны 11:21, 22). Ӕмбӕрста йӕ, Йесойӕн ныр дӕр йӕ бон кӕй уыди йе ’фсымӕрӕн баххуыс кӕнын.

Йесо йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн». Марфӕ афтӕ фенхъӕлдта ӕмӕ, мӕрдтӕ фидӕны зӕххыл цӕрынмӕ кӕй райгас уыдзысты, Йесо уый кой кодта. Уыцы ныфс уыди Авраамӕн ӕмӕ Хуыцауы иннӕ рагон лӕггадгӕнджытӕн дӕр. Ӕмӕ Марфӕ дӕр уыцы хабарыл ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд» (Иоанны 11:23, 24).

Фӕлӕ цымӕ Йесойӕн тӕккӕ уыцы сахат дӕр йӕ бон уыди исты саразын? Йесо Марфӕйӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау ын ахӕм хъару кӕй радта, ӕмӕ мӕлӕтыл дӕр йӕ бар цӕуа: «Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн. Удӕгас чи у ӕмӕ мӕныл чи ’ууӕнды, уый та никуы амӕлдзӕн» (Иоанны 11:25, 26).

Йесо уый зӕгъинаг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ никуы амӕлдзысты. Йӕ апостолтӕн куыд загъта, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ амардаид (Матфейы 16:21; 17:22, 23). Уӕдӕмӕ йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, уыдоны ӕнусон цардмӕ ӕркӕндзӕн. Бирӕтӕ сӕ ӕнусон цард фендзысты, кӕй сӕ райгас кӕндзӕн, уый фӕрцы. Фӕлӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕй ацы дунейы кӕрон чи ӕрӕййафа, уыдон та ӕппындӕр никуы амӕлдзысты. Куыдфӕнды ма уа,– Йесойыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй иу дӕр дыккаг мӕлӕт нӕ бавзардзӕн.

Йесо гыццыл раздӕр загъта, «ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард», зӕгъгӕ. Фӕлӕ цымӕ Лазӕрӕн, ныр цалдӕр боны мард чи уыди, уымӕн, йӕ бон истӕмӕй баххуыс кӕнын уыд? Йесо Марфӕйы бафарста: «Уырны дӕ уый?» Марфӕ йын дзуапп радта: «Уырны мӕ, Хицау. Мӕн уырны, ды кӕй дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт, дунемӕ чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уый». Марфӕйы уырныдта, Йесомӕ ахӕм хъару кӕй ис, цӕмӕй уыцы бон дӕр исты сарӕзтаид. Гъемӕ хӕдзармӕ азгъордта ӕмӕ йӕ хойӕн сусӕгӕй загъта: «Ахуыргӕнӕг ам ис ӕмӕ дӕм дзуры» (Иоанны 11:25–28). Ӕмӕ Марийӕ дӕр Йесомӕ атагъд кодта. Уӕдмӕ иннӕтӕ дӕр йӕ фӕдыл рацыдысты, кӕд Лазӕры зӕппадзмӕ ацыд, зӕгъгӕ.

Марийӕ та Йесомӕ бацыд, йӕ разы кӕугӕйӕ йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын уый дӕр, гыццыл раздӕр ын йӕ хо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Йесо Марийӕйы ӕмӕ иннӕты дӕр кӕугӕ куы федта, уӕд йӕхицӕн дӕр йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ ма йӕ цӕссыгтӕ дӕр ӕркалдысты. Уый адӕмы дисы бафтыдта. Фӕлӕ сӕ чидӕртӕ загътой: «Куырм лӕджы цӕстӕй куы ракӕсын кодта, уӕд йӕ бон нӕ уыди, ӕмӕ ацы адӕймаджы мӕлын ма бауагътаид?» (Иоанны 11:32, 37).