Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

94 СӔР

Дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы – кувын ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад

Дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы – кувын ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад

ЛУКАЙЫ 18:1–14

  • ФӔСНОМЫГ НЫХАС ИДӔДЗ УС ӔМӔ ТӔРХОНГӔНӔДЖЫ ТЫХХӔЙ

  • ФАРИСЕЙ ӔМӔ ХЪАЛОНИСӔГ

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый размӕ дӕр радзырдта фӕсномыг ныхас, зӕрдиагӕй кӕй хъӕуы кувын, уый тыххӕй (Лукайы 11:5–13). Ныр, ӕвӕццӕгӕн, уыди Самарийы кӕнӕ Галилейӕйы. Ӕмӕ та сын сӕ хъус ногӕй ӕрдардта, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ хъӕддыхӕй архайын кӕй хъӕуы, уымӕ. Радзырдта сын ахӕм фӕсномыг ныхас:

«Иу горӕты уыд, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй чи не ’фсӕрмы кодта, иу ахӕм тӕрхонгӕнӕг. Уым ма цард иу идӕдз ус дӕр, ӕмӕ йӕм ӕдзух цыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, чи мӕ аххосджын кӕны, уыимӕ нын нӕ хъуыддаг рӕстӕй равзар, зӕгъгӕ. Тӕрхонгӕнӕджы цасдӕр рӕстӕг ницы фӕндыд аразын, фӕлӕ ӕппынфӕстаг уӕддӕр йӕхицӕн загъта: „Ӕз нӕдӕр Хуыцауӕй тӕрсын, нӕдӕр адӕмӕй ӕфсӕрмы кӕнын, фӕлӕ мӕ иугӕр ацы идӕдз ус нал уадзы, уӕд ын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзарон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа ӕмӕ мӕ тухӕнӕй мауал мара“» (Лукайы 18:2–5).

Дарддӕр Йесо бамбарын кодта, уыцы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта, уый: «Хъусут, уыцы ӕнӕхуыцау тӕрхонгӕнӕг цы загъта? Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау йе ’взӕрстыты тыххӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, уыдоны тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн? Равзардзӕн, кӕд сын бирӕ быхсы, уӕддӕр» (Лукайы 18:6, 7). Цымӕ ацы ныхӕстӕй Йесойы йӕ Фыды тыххӕй цы зӕгъын фӕндыди?

Уый зӕгъын ӕй нӕ фӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау цӕмӕйдӕр уыцы ӕнӕхуыцау тӕрхонгӕнӕджы хуызӕн у. Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: кӕд ӕнӕхуыцау зӕххон тӕрхонгӕнӕг дӕр, адӕймаг ӕй куы нал уадза, уӕд ын йӕ курдиат сӕххӕст кӕндзӕн, уӕд Хуыцау та куыннӕ сараздзӕн, цы дзы курӕм, уый! Йегъовӕ у рӕстаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау. Ӕмӕ йӕм йӕ адӕм ӕнӕрынцойӕ куы кувой, уӕд сын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн. Уый бӕрӕг у, Йесо ма дарддӕр цы загъта, уымӕй: «Зӕгъын уын: [Хуыцау] уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй» (Лукайы 18:8).

Хъӕздыг ӕмӕ дзырддзӕугӕ адӕмӕн алы ран дӕр сӕ къух саразынц. Ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр чи у, уыдонӕн та сӕ хъуыддагмӕ арӕх кӕсгӕ дӕр не ’ркӕнынц. Фӕлӕ Хуыцау ахӕм нӕу. Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд фыдгӕнджытӕн, цы ’мбӕлы, уый бакӕндзӕн, йӕ лӕггадгӕнджыты та ӕнусон цардӕй схайджын кӕндзӕн.

Цымӕ уыцы идӕдз усы хуызӕн фидар уырнындзинад кӕмӕ ис? Хуыцау алкӕй хъуыддаг дӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн ӕмӕ уый «ӕвӕстиатӕй» кӕй бакӕндзӕн, уый фидарӕй цас адӕмы уырны? Ӕнӕрынцойӕ кувын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас. Ӕмӕ ныр та йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ хъус ӕрдардта, куывдӕн цы стыр тых ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндын кӕй хъӕуы, уымӕ. Йесо бафарста: «Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн?» (Лукайы 18:8). Ацы фарста ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд ахӕм уырнындзинад, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕм нӕ уыдзӕн.

Йесомӕ чи хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ сӕхицӕй ныфсджын уыдысты, афтӕ сӕм каст, ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар у. Уыдон сӕхи рӕстгӕнджытыл нымадтой, иннӕтӕм та уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты. Ахӕм адӕмӕн Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас:

«Дыууӕ лӕджы бацыдысты кувӕндонмӕ кувынмӕ: сӕ иу уыд фарисей, иннӕ та – хъалонисӕг. Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „О Хуыцау, бузныг, ӕз иннӕты хуызӕн стигъӕг, фыдгӕнӕг, хӕтаг кӕй нӕ дӕн, науӕд мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн. Къуыри дыууӕ хатты ком дарын, цыдӕриддӕр самал кӕнын, уымӕй дӕсӕм хай раттын“» (Лукайы 18:10–12).

Фарисейтӕ-иу иннӕты раз сӕхи афтӕ ӕвдыстой, цыма уыдонӕй рӕстгӕнӕгдӕр нӕй. Зӕгъӕм, алы къуырисӕры ӕмӕ-иу алы цыппӕрӕмы ком дардтой. Уыцы бонты-иу стыр базартӕ уыди, ӕмӕ-иу сӕ бирӕ адӕм федтаиккой. Стӕй сӕ алыхуызон лыстӕг кӕрдӕджытӕй дӕсӕм хай дӕттын дӕр нӕ рох кодта (Лукайы 11:42). Хуымӕтӕг адӕмы та сӕ сӕрмӕ нӕ хастой. Цалдӕр мӕйы размӕ сӕ афтӕ загътой: «Ацы адӕм Закъон [фарисейтӕ йӕ куыд ӕмбарын кодтой, уый] нӕ зонынц, ӕлгъыст адӕм сты» (Иоанны 7:49).

Йесо йӕ фӕсномыг ныхас адарддӕр кодта: «Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „О Хуыцау, ныххатыр мын кӕн, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн“». Ӕцӕгдӕр, хъалонисӕг йӕ рӕдыдтытыл сӕрныллӕгӕй басаст. Ӕмӕ Йесо фӕстагмӕ загъта: «Зӕгъын уын: ацы лӕг сӕхимӕ иннӕмӕй рӕстагдӕрӕй ацыд. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Лукайы 18:13, 14).

Афтӕмӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой. Йӕхи цӕсты рӕстгӕнӕг чи уыд, уыцы фарисейтӕ, чи цы бынат ахсы ӕмӕ йӕм цавӕр бартӕ ис, уымӕ тынг кастысты. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ахӕм адӕмы ’хсӕн кӕй схъомыл сты, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ Ахуыргӕнӕджы уынаффӕ тынг пайда уыди. Стӕй ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр.