Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

99 СӔР

Дыууӕ куырм лӕджы сдзӕбӕх кодта ӕмӕ Закхейӕн баххуыс кодта

Дыууӕ куырм лӕджы сдзӕбӕх кодта ӕмӕ Закхейӕн баххуыс кодта

МАТФЕЙЫ 20:29–34 МАРЧЫ 10:46–52 ЛУКАЙЫ 18:35–19:10

  • ЙЕСО ИЕРИХОНЫ ДЫУУӔ КУЫРМ ЛӔДЖЫ СДЗӔБӔХ КОДТА

  • ХЪАЛОНИСӔГ ЗАКХЕЙ ӔРФӔСМОН КОДТА

Йесо ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ бахӕццӕ сты Иерихонмӕ, Иерусалимӕй иу боны цыд кӕдӕм уыдаид, уыцы горӕтмӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иерихон конд уыди дыууӕ хайӕ. Йӕ иу хай уыди зӕронд горӕт, ӕмӕ уырдыгӕй, ромӕгты заман кӕй сарӕзтой, уыцы ног горӕтмӕ уыди иу километр ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц. Йесо ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон горӕты иу хайӕ куы рацыдысты ӕмӕ иннӕмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд сын дыууӕ куырм мӕгуыргуры сӕ хъӕлӕба фехъуыстой. Сӕ иу хуынди Вартимей.

Вартимей ӕмӕ йе ’мбал уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Йесо сӕ рӕзты фӕцӕуы, уӕд хъӕр кӕнын райдыдтой: «Хицау, Давиды Фырт, батӕригъӕд нын кӕн!» (Матфейы 20:30). Адӕмӕй сыл чидӕртӕ схъӕртӕ кодтой, басабыр ут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр райдыдтой хъӕр кӕнын. Уый фехъусгӕйӕ Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдонӕн загъта, цӕмӕй, чи хъӕр кодта, уымӕ фӕдзырдтаиккой. Уыдон дӕр мӕгуыргуртӕм ацыдысты ӕмӕ дзы иуӕн загътой: «Сыст, цом, дзуры дӕм» (Марчы 10:49). Уый дӕр фырдиссагӕй йе ’ддаг дарӕс феппӕрста, фӕгӕпп кодта ӕмӕ Йесомӕ бацыд.

Йесо йӕ бафарста: «Цӕмӕй уын баххуыс кӕнон?» Дыууӕ куырмы дӕр ын ныллӕгъстӕ кодтой: «Хицау, цӕстӕй нӕ ракӕсын кӕн» (Матфейы 20:32, 33). Йесо сын фӕтӕригъӕд кодта, сӕ цӕстытӕм сын бавнӕлдта ӕмӕ, йе ’ргом сӕ иумӕ аздахгӕйӕ, загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта» (Марчы 10:52). Дыууӕ куырм мӕгуыргуры дӕр цӕстӕй ракастысты ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой. Адӕм уыцы диссаг куы федтой, уӕд уыдон дӕр Хуыцауы скадджын кодтой. Ӕмӕ, куырм чи уыд, уыцы лӕгтӕ сӕ дыууӕ дӕр Йесойы фӕдыл цӕуын райдыдтой.

Йесо Иерихоны уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд йӕ алыварс уыди дуне адӕм. Алкӕй дӕр фӕндыд, уыцы дыууӕ куырм лӕджы чи сдзӕбӕх кодта, уый фенын. Фӕлӕ бирӕтӕн уый фадат дӕр нӕ уыд, цӕмӕй йӕ иу цӕстӕй уӕддӕр федтаиккой, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм алырдыгӕй цъист кодтой. Раст афтӕ уыд йӕ хабар Закхейӕн дӕр. Уый уыди, Иерихоны ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты цы хъалонисджытӕ уыди, уыдонӕн сӕ хицау. Ӕмӕ асӕй ныллӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм адӕмӕй ницы зынди. Гъемӕ размӕ алыгъд ӕмӕ, Йесойӕн йӕ фӕндаг кӕуылты уыд, уым хъӕддаг легъуибӕласмӕ сбырыд. Уырдыгӕй йӕм алцыдӕр хорз зынд. Йесо уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ йӕ бӕласыл бадгӕ куы федта, уӕд ӕм уӕлӕмӕ сдзырдта: «Закхей, рӕвдздӕр дӕлӕмӕ ӕрхиз, абон дӕ хӕдзары ӕрлӕудзынӕн» (Лукайы 19:5). Уый дӕр уайтагъд бӕласӕй ӕрхызт ӕмӕ хӕдзармӕ атагъд кодта, цӕмӕй уыцы номдзыд уазӕгӕн, куыд хуыздӕр у, афтӕ балӕггад кодтаид.

Адӕм уый куы федтой, уӕд рамӕсты сты. Йесо уыцы адӕймагмӕ бафысым кӕнинаг кӕй уыди, уый сӕм раст нӕ фӕкаст. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Закхей тӕригъӕдджын адӕймаг уыд, уымӕн ӕмӕ, хъалонисӕг кӕй уыд ӕмӕ адӕмы кӕй стыгъта, уымӕй схъӕздыг.

Йесо Закхейы хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд адӕм хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, «уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ куыд ӕрлӕууыд», зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Йесо йӕ зӕрдӕ уыдта ӕмӕ йӕ зыдта, кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн. Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Закхей сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис ратдзынӕн мӕгуыртӕн, ӕмӕ хӕрамӕй кӕмӕй цы байстон, уымӕн ӕй цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн» (Лукайы 19:7, 8).

Закхей зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый ма уымӕй хуыздӕр куыд хъуамӕ равдыстаид! Ӕвӕццӕгӕн, хъалонты чингуыты банымадта, дзуттӕгтӕй кӕмӕй цас райста, уый ӕмӕ ныр дзырд радта, алкӕмӕн дӕр ӕй цыппар ахӕмӕй кӕй бафиддзӕн. Ӕмӕ уый та, Хуыцауы Закъон цы домдта, уымӕй дӕр фылдӕр уыди! (Рацыд 22:1; Левит 6:2–5). Уымӕй уӕлдай ма Закхей загъта, йӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн кӕй ратдзӕн.

Закхей кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый Йесойӕн тынг ӕхсызгон уыди ӕмӕ йын загъта: «Абон ацы хӕдзармӕ ӕрцыд ирвӕзындзинад, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы фырт у. Адӕймаджы Фырт та уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй, чи фесӕфт, уыдоны бацагура ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕна» (Лукайы 19:9, 10).

Уымӕй размӕ Йесо адӕмӕн радзырдта фӕсномыг ныхас сӕфт фырты тыххӕй ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, «сӕфт» адӕймаг цы уавӕры вӕййы, уый (Лукайы 15:11–24). Ныр та сын хабар бамбарын кодта удӕгас адӕймаджы цӕвиттонӕй – Закхей сӕфтӕй уӕлдай нӕ уыд, фӕлӕ «фӕзынд», ома раст фӕндагмӕ раздӕхт. Дины разамонджытӕ ӕмӕ сӕ фӕдылдзӕуджытӕ Йесойыл хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ йӕм фаутӕ хастой, Закхейы хуызӕттӕм хорз цӕстӕй кӕй каст, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Йесо Авраамы сӕфт фыртты агуырдта ӕмӕ сын раст фӕндагмӕ раздӕхынӕн ӕххуыс кодта.