Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

100 СӔР

Фӕсномыг ныхас дӕс минӕйы тыххӕй

Фӕсномыг ныхас дӕс минӕйы тыххӕй

ЛУКАЙЫ 19:11–28

  • ЙЕСОЙЫ ФӔСНОМЫГ НЫХАС МИНӔТЫ ТЫХХӔЙ

Йесо цыди Иерусалиммӕ. Фӕлӕ нырма, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Закхейтӕм уыд. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Йесо тагъд рӕстӕджы Паддзах суыдзӕн ӕмӕ «Хуыцауы паддзахад» ӕрфидар кӕндзӕн (Лукайы 19:11). Кӕй хъуамӕ амардаид, уый куыд нӕ бамбӕрстой, афтӕ ацы хабар дӕр раст не ’мбӕрстой. Ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахад нырма тагъд кӕй не ’рцӕудзӕн, уый бамбарын кӕныны тыххӕй сын Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас.

Йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Кадджын мыггагӕй чи уыд, иу ахӕм лӕг цыди дард бӕстӕм, цӕмӕй паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид» (Лукайы 19:12). Ахӕм дард балцӕн рӕстӕг хъуыди. Цы бамбарын ӕй хъӕуы, «кадджын мыггагӕй чи уыд» ӕмӕ «дард бӕстӕм», ома уӕлӕрвтӕм, чи ацыд, уыцы лӕг Йесо кӕй у. Уым ын хъуамӕ йӕ Фыд паддзахы бартӕ радтаид.

Фӕсномыг ныхасы, «кадджын мыггагӕй чи уыд», уыцы лӕг цалынмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, алкӕмӕн дӕр дзы фӕйнӕ ӕвзист минӕйы радта ӕмӕ сын загъта: «Ме ссыдмӕ сӕ спайда кӕнут» (Лукайы 19:13). Ӕвзист минӕ гыццыл ӕхца нӕ уыди. Зӕхкусӕджы-иу ӕртӕ мӕйӕ фылдӕр хъуыди кусын, цӕмӕй-иу иу минӕ бакуыстаид.

Ахуыргӕнинӕгтӕ куыннӕ бамбӕрстаиккой, уыцы дӕс цагъары хуызӕн кӕй сты – Йесо сӕ хуымы кусджытимӕ уымӕй размӕ дӕр абарста (Матфейы 9:35–38). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо сын мӕнӕуы хуымтӕ не ’фснайын кодта. Уыдон хъуамӕ ӕмбырд кодтаиккой иннӕ ахуыргӕнинӕгты, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы Паддзахадмӕ бацыдаиккой. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр сӕ исбон, сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кодтой, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады бындартӕ фылдӕр кодтаиккой.

Йесо ма сын ацы фӕсномыг ныхасы фӕрцы ноджыдӕр цы бамбарын кодта? Куыд загъта, афтӕмӕй, «кадджын мыггагӕй чи уыд», уыцы адӕймагӕй «йе ’мбӕстӕгтӕ уыдтой се сӕфт, ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕртты арвыстой, нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзах уа, зӕгъгӕ» (Лукайы 19:14). Ахуыргӕнинӕгтӕ зыдтой, дзуттӕгтӕ Йесойыл кӕй нӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ма йӕ чидӕртӕ марынмӕ дӕр кӕй хъавыдысты. Ӕмӕ Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ дӕр ын йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдыл зылдысты, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг уыди, цы цӕстӕй йӕм кастысты, уый – нӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ Паддзах уыдаид (Иоанны 19:15, 16; Хъуыддӕгтӕ 4:13–18; 5:40).

«Кадджын мыггагӕй чи уыди», уыцы адӕймаг цалынмӕ «паддзахы бартӕ» йӕ къухмӕ нӕ райста ӕмӕ фӕстӕмӕ не ’рыздӕхт, уӕдмӕ уыцы дӕс цагъары сӕ минӕтӕй куыд спайда кодтой? Йесо радзырдта: «Уыцы лӕг паддзахы бартӕ куы райста ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд фӕдзурын кодта, ӕвзист ӕхцатӕ кӕмӕн радта, уыцы цагъартӕм, цӕмӕй сӕ чи цас бакуыста, уый базыдтаид. Сӕ иу ӕм ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, дӕ минӕйӕ дын дӕс минӕйы бакуыстон“. Уый та йын загъта: „Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй кӕй равдыстай, уый тыххӕй дӕ ӕвӕрын дӕс горӕты сӕргъы“. Уӕд та йӕм бацыд иннӕ цагъар ӕмӕ йын загъта: „Хицау, дӕ минӕйӕ дын фондз минӕйы бакуыстон“. Ӕмӕ уымӕн дӕр загъта: „Дӕу та хицауӕй ӕвӕрын фондз горӕтӕн“» (Лукайы 19:15–19).

Ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ бамбӕрстаиккой, уыцы цагъартау ног ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй куы архайой, уӕд сӕ Йесо райгонд кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сӕ фадӕттӕ иухуызон не сты, стӕй алцӕмӕ иухуызон нӕ арӕхсынц. Фӕлӕ уӕддӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы сӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдынц, уый Паддзах Йесойӕ рох нӕу, ӕмӕ сын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн (Матфейы 28:19, 20).

Ныр та ӕркӕсӕм Йесойы фӕсномыг ныхасӕн йӕ кӕронмӕ: «Ӕрбацыд ма йӕм цагъартӕй ноджыдӕр иу, ӕмӕ йын уый та загъта: „Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, хӕцъилы тыхтӕй йӕ фӕдардтон. Тӕрсгӕ дӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ карз лӕг дӕ ӕмӕ, ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цы нӕ раттыс, уымӕй дӕр дӕхион ратоныс, ӕмӕ, цы нӕ байтауыс, уый дӕр ӕркӕрдыс“. Уӕд ын уый загъта: „О ӕвзӕр цагъар, дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн. Зӕгъыс, ды зыдтай, ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цы нӕ раттын, уымӕй дӕр мӕхион ратонын, ӕмӕ, цы нӕ байтауын, уый дӕр ӕркӕрдын? Ӕмӕ мын уӕд ме ’взист ӕхца ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цӕуылнӕ радтай? Уӕд ӕй, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, проценттимӕ райстаин“. Уый фӕстӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: „Райсут ын йӕ минӕ ӕмӕ йӕ раттут, дӕс минӕйы кӕмӕ ис, уымӕн“» (Лукайы 19:20–24).

Уыцы цагъар йӕ хицауы паддзахады хъӕздыгдзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕныныл кӕй нӕ архайдта, уый тыххӕй йын йӕ минӕ байстой. Апостолтӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты, Йесо Хуыцауы Паддзахады бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн, уымӕ. Уӕдӕ Йесо фӕстаг цагъары тыххӕй цы загъта, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, зӕрдиагӕй куы нӕ архайой, уӕд уыцы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты.

Йесойы ныхӕстӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты хъуамӕ сразӕнгард кодтаид ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнынмӕ. Йесо скодта ахӕм хатдзӕг: «Зӕгъын уын: кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр. Кӕмӕ нӕй, уымӕн та, цы йӕм ис, уый дӕр байсдзысты». Ӕмӕ ма фӕстагмӕ загъта, йе знӕгтӕ – кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын паддзах уыдаид, уыдон – ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты. Уый фӕстӕ Йесо Иерусалиммӕ йӕ фӕндаг адарддӕр кодта (Лукайы 19:26–28).