Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

101 СӔР

Вифанийы Симонмӕ уазӕгуаты

Вифанийы Симонмӕ уазӕгуаты

МАТФЕЙЫ 26:6–13 МАРЧЫ 14:3–9 ИОАННЫ 11:55–12:11

  • ЙЕСО ӔРЫЗДӔХТ ВИФАНИМӔ, ИЕРУСАЛИММӔ ХӔСТӔГ ХЪӔУМӔ

  • МАРИЙӔ ЙЕСОЙЫЛ ХӔРЗДӔФ СОЙ РАУАГЪТА

Иерихонӕй Йесо ацыд Вифанимӕ. Уырдыгӕй уырдӕм фӕндаг ӕнцон нӕ уыди. Иерихон денджызӕй уыди иу-250 метры дӕлдӕр, Вифани та – иу-610 метры уӕлдӕр. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ 20 километрӕй фылдӕр хъуыди хӕрды цӕуын. Вифани уыди Оливӕбӕлӕсты хохӕн йӕ хурыскӕсӕн фарс. Ӕмӕ уырдыгӕй Иерусалиммӕ 3 километры йеддӕмӕ нал уыд. Уыцы гыццыл хъӕуы цардысты Лазӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ хойы.

Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ раздӕр ӕрцыдысты, «цӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтаиккой». Ӕвӕццӕгӕн, сӕ хабар афтӕ уыди, ӕмӕ мардмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ сыгъдӕг нал уыдысты кӕнӕ ӕндӕр исты тыххӕй фӕчъизи сты (Иоанны 11:55; Нымӕцтӕ 9:6–10). Ӕмӕ рагацау чи ӕрцыд, уыдонӕй чидӕртӕ кувӕндоны иумӕ ӕрӕмбырд сты. Уым кӕрӕдзи фарстой, цымӕ Йесо Куадзӕнмӕ ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ, зӕгъгӕ (Иоанны 11:56).

Йесойы тыххӕй адӕм алыхуызон ныхӕстӕ кодтой. Дины разамонджытӕй кӕйдӕрты та фӕндыд, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой ӕмӕ йӕ амардтаиккой. Ӕмӕ ма ахӕм бардзырд дӕр радтой, зӕгъгӕ, Йесо кӕм ис, уый чи базона, уый нын ӕй фӕхабар кӕнӕд, «цӕмӕй йӕ ’рцахсӕм» (Иоанны 11:57). Уыдон фыццаг хатт не сфӕнд кодтой йӕ амарын. Лазӕры куы райгас кодта, уый фӕстӕ дӕр ӕй хъавыдысты марынмӕ (Иоанны 11:49–53). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ дызӕрдыг кодтой, Йесо адӕммӕ йӕхи кӕй равдисдзӕн, ууыл.

Йесо Вифанимӕ ӕрхӕццӕ майрӕмбоны – «Куадзӕнӕй ӕхсӕз боны раздӕр» (Иоанны 12:1). Хур куы аныгуылд, уӕд райдыдта ног бон, ома 8 нисан, сабат. Уымӕ гӕсгӕ уырдӕм ӕрцыд рагацау, цалынмӕ сабатбон нӕ райдыдта, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты закъонмӕ гӕсгӕ сабатбон, ома майрӕмбоны хурныгуылдӕй сабаты хурныгуылдмӕ, фӕндагыл цӕуӕн нӕ уыд. Ӕмӕ та иннӕ хӕттытау Йесо ныр дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕрлӕууыд Лазӕртӕм.

Вифанийы ма цард, «раздӕр хъотырӕй рынчын чи уыди», уыцы Симон дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр Йесо сдзӕбӕх кодта. Гъемӕ сабаты Симон Йесойы йе ’мбӕлттимӕ, уыдонимӕ Лазӕры дӕр, сӕхимӕ ӕхсӕвӕрмӕ фӕхуыдта. Марфӕ ам дӕр уазджытӕн лӕггад кодта, ӕмӕ йе змӕлдыл цӕст нӕ хӕцыд. Марийӕ та Йесойы йеддӕмӕ йӕ алыварс никӕй уыдта. Ӕмӕ, цы сарӕзта, уый ма быцӕу дӕр расайдта.

Марийӕ гыццыл алебастр дурын байгом кодта. Йӕ мидӕг уыди «ӕрдӕг литры бӕрц сыгъдӕг нард – тынг зынаргъ хӕрздӕф сой» (Иоанны 12:3). Уыцы зынаргъ сойӕн йӕ аргъ уыди 300 динары – кусӕг иу азмӕ цас бакуыстаид, уыйбӕрц! Марийӕ уыцы сой Йесойӕн йӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ къӕхтыл рауагъта ӕмӕ йын стӕй йӕ къӕхтӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн хӕдзар уыцы хӕрздӕф сойы тӕфӕй байдзаг.

Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты ӕмӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой: «Гъеныр цӕмӕн хъуыди уыйбӕрц хӕрздӕф сой хардз кӕнын?» (Марчы 14:4). Иудӕ Искариот та загъта: «Уыцы хӕрздӕф сой ӕртӕсӕдӕ динарыл нӕ уыди ауӕй кӕнӕн ӕмӕ уыцы ӕхца мӕгуыртыл байуарӕн?» (Иоанны 12:5). Ӕцӕгӕй та Иудӕйы мӕгуырты мӕт ӕппындӕр нӕ уыд. Ахуыргӕнинӕгты ӕхцайы къопп уымӕ уыди, ӕмӕ-иу ӕхцатӕй давта.

Фӕлӕ Йесо Марийӕйы сӕрыл рахӕцыд: «Цӕмӕн хъыгдарут ацы сылгоймаджы? Уый мӕнӕн хорздзинад ракодта. Мӕгуыртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты, ӕз та уемӕ ӕдзух нӕ уыдзынӕн. Ацы сылгоймаг мыл хӕрздӕф сой кӕй рауагъта, уымӕй мын мӕ буар ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кодта. Ӕцӕг уын зӕгъын: хорз хабар ӕгас дунейы кӕмфӕнды ма хъусын кӕной, уым-иу ӕрымысдзысты ацы сылгоймаджы ӕмӕ-иу зӕгъдзысты, цы бакодта, уый тыххӕй» (Матфейы 26:10–13).

Уӕдмӕ Йесо Вифанийы иу бонӕй фылдӕр уыди ӕмӕ, уым кӕй ис, уыцы хабар дардыл айхъуыст. Гъемӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Симонтӕм ӕрбацыдысты ӕрмӕст Йесойы фенынмӕ нӕ, фӕлӕ, «мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазӕры» фенынмӕ дӕр (Иоанны 12:9). Ӕмӕ уӕд сауджынты хистӕртӕ бауынаффӕ кодтой, Йесойы дӕр ӕмӕ Лазӕры дӕр амарӕм, зӕгъгӕ. Уыцы дины разамонджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Лазӕр кӕй райгас, Йесойыл афтӕ бирӕ адӕм уый тыххӕй баууӕндыд. Ахъуыды-ма кӕн, цас марг уыди сӕ зӕрдӕты!