Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

102 СӔР

Паддзах Иерусалиммӕ къӕлӕуыл бацыд

Паддзах Иерусалиммӕ къӕлӕуыл бацыд

МАТФЕЙЫ 21:1–11, 14–17 МАРЧЫ 11:1–11 ЛУКАЙЫ 19:29–44 ИОАННЫ 12:12–19

  • ЙЕСО ИЕРУСАЛИММӔ КАДДЖЫН ЦЫД БАКОДТА

  • ЗАГЪТА, ИЕРУСАЛИМ КӔЙ НЫППЫРХ КӔНДЗЫСТЫ

Иннӕ бон, 9 нисаны хуыцаубоны, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Вифанийӕ Иерусалиммӕ араст. Оливӕбӕлӕсты хохыл Вифагийы хъӕумӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕн загъта:

«Дӕлӕ разӕй цы хъӕу уынут, уырдӕм ацӕут. Уым ссардзыстут хӕрӕг йӕ къӕлӕуимӕ бастӕй. Суӕгъд-иу сӕ кӕнут ӕмӕ-иу сӕ ардӕм ӕрбакӕнут. Исчи уӕм исты куы дзура, уӕд-иу ын зӕгъут, Хицауы хъӕуынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ уайтагъд рауадздзӕн» (Матфейы 21:2, 3).

Ахуыргӕнинӕгтӕ уӕд нӕ бамбӕрстой, Йесо сын цы бафӕдзӕхста, уый Библийы фыст пехуымпарадимӕ баст кӕй уыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстой, афтӕмӕй кӕй сӕххӕст Захарийы пехуымпарад. Захари бирӕ раздӕр загъта, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах кӕй уыдзӕн «сӕрныллӕг» ӕмӕ Иерусалиммӕ кӕй бацӕудзӕн «хӕрӕгыл, сыл хӕрӕджы къӕлӕуыл» (Захари 9:9).

Ахуыргӕнинӕгтӕ Вифагимӕ куы ’рцыдысты ӕмӕ нӕл къӕлӕуы йӕ мадимӕ куы рацӕйкодтой, уӕд сӕ, уым чи лӕууыд, уыдон бафарстой: «Цы ми кӕнут? Къӕлӕуы цӕмӕн уӕгъд кӕнут?» (Марчы 11:5). Фӕлӕ, Хицауы кӕй хъӕуынц, уый куы фехъуыстой, уӕд уӕлдай ницыуал загътой. Ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ддаг дарӕс сӕвӕрдтой хӕрӕгыл дӕр ӕмӕ къӕлӕуыл дӕр, фӕлӕ Йесо сбадт къӕлӕуыл.

Йесо къӕлӕуыл бадгӕйӕ Иерусалиммӕ куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ адӕм дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Бирӕтӕ фӕндагыл тыдтой сӕ уӕлӕдарӕс, иннӕтӕ та – бӕлӕсты къалиутӕ кӕнӕ, «быдырты кӕй ралыг кодтой», уыцы цъӕх къалиутӕ. Ӕмӕ хъӕр кодтой: «О Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын ӕй кӕн! Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый! Ӕрцӕуы нӕ фыд Давиды паддзахад!» (Марчы 11:8–10). Адӕмы ’хсӕн уыди фарисейтӕ дӕр ӕмӕ сын уыцы ныхӕстӕ хъыг уыдысты. Уыдон Йесойӕн загътой: «Ахуыргӕнӕг, дӕ ахуыргӕнинӕгты басабыр кӕн». Уый та сын загъта: «Зӕгъын уын: уыдон куы нӕ дзурой, уӕд дуртӕ ныхъхъӕр кӕндзысты» (Лукайы 19:39, 40).

Йесо Иерусалиммӕ куы акаст, уӕд ныккуыдта ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ ацы бон, фарн цы хӕссы, уый куы бамбӕрстаис... Фӕлӕ ныр уый дӕуӕй ӕмбӕхст у». Иерусалим афтӕ ӕгоммӕгӕс кӕй уыд, уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп радтаид. Йесо загъта, горӕтмӕ цы ’нхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй: «Де знӕгтӕ [дын] дӕ алыварс цыргъ хъӕдтӕй къул сараздзысты, ӕртыхсдзысты дыл ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрӕлхъивдзысты. Дӕхи дӕр дын ныппырх кӕндзысты ӕмӕ дын дӕ хъӕбулты дӕр дӕ мидӕг ныццӕгъддзысты, ӕмӕ дӕ дур дурыл нал баззайдзӕн» (Лукайы 19:42–44). Ӕмӕ куыддӕриддӕр загъта, хабар афтӕ рауад – н. э. 70 азы Иерусалимӕй дур дурыл нал баззад.

Йесо Иерусалиммӕ куы бацыд, уӕд «горӕт ӕгасӕй дӕр ӕмызмӕлд сси, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзи фарстой: „Чи у ацы адӕймаг?“» Ӕмӕ иууылдӕр дзырдтой: «Уый у пехуымпар Йесо галилейаг горӕт Назаретӕй!» (Матфейы 21:10, 11). Лазӕры куыд райгас кодта, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон уыцы хабар иннӕтӕн дӕр дзырдтой. Фарисейтӕ та катай кодтой, сӕ хъуыддагӕй кӕй ницы уади, уый тыххӕй, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Акӕсут-ма, ӕгас дуне дӕр йӕ фӕдыл цӕуы!» (Иоанны 12:18, 19).

Йесо-иу Иерусалиммӕ куы ’рцыд, уӕд-иу алы хатт дӕр кувӕндонмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ бацыд, ӕмӕ та ныр дӕр афтӕ бакодта. Уым куырмыты ӕмӕ къуылыхты дзӕбӕх кодта. Цы аразы, уый сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ саддукейтӕ куы федтой, стӕй куы фехъуыстой, гыццыл сывӕллӕттӕ куыд хъӕр кӕнынц, «о Хуыцау, фервӕзын кӕн Давиды Фырты», зӕгъгӕ, уӕд тынг смӕсты сты. Дины разамонджытӕ Йесойы бафарстой: «Цы дзурынц, уый нӕ хъусыс?» Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут ахӕм ныхӕстӕ: „Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ дӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ кадджын кӕнынц“?» (Матфейы 21:15, 16).

Йесо кувӕндоны къуымтыл йӕ цӕст ахаста. Ӕнафон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ апостолтимӕ уырдыгӕй рацыд. Цалынмӕ 10 нисан нӕ райдыдта, уӕдмӕ фӕстӕмӕ Вифанимӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ хуыцаубоны уым бахсӕвиуат кодта.